Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

2 Петр 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Симон Петрӕй, Йесо Чырыстийы цагъар ӕмӕ апостолӕй, — нӕ Хуыцау ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы рӕстады руаджы нӕ зынаргъ уырнындзинадӕй чи схайджын, уыдонмӕ.

2 Хуыцауы ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесойы зоныны руаджы уӕм фылдӕр кӕнӕнт хорзӕх ӕмӕ фарн.


Хуыцауы Паддзахадмӕ куыд бацӕуӕн ис

3 Хуыцауы хъаруйӕ нын ис, Хуыцаумӕ кувӕджы цӕрынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уый, уымӕн ӕмӕ мах базыдтам Йӕ кад ӕмӕ нӕм Йӕ хорзӕхӕй Ӕрхонӕджы.

4 Афтӕмӕй махӕн, аргъ дӕр кӕмӕн нӕй, ахӕм хорзӕхтӕй зӕрдӕ бавӕрдӕуыд, цӕмӕй уый фӕрцы сымах Хуыцауы ӕрдзыхъӕдӕй схайджын уат ӕмӕ ацы дунейы тӕригъӕдджын монцты аххосӕй ма фесӕфат.

5 Уымӕ гӕсгӕ зӕрдиагӕй архайут уӕ уырнындзинадмӕ хорз хъуыддӕгтӕ бафтауыныл, уӕ хорз хъуыддӕгтӕм та — зонынад;

6 зондджынӕй уӕлдай ут хиуылхӕцгӕ, хиуылхӕцонӕй уӕлдай — фӕразон, фӕразонӕй уӕлдай ӕнувыд ут Хуыцауыл.

7 Хуыцауыл ӕнувыдӕй уӕлдай узӕлут ӕфсымӕртыл, ӕфсымӕртыл узӕлынӕй уӕлдай уарзут алкӕй дӕр.

8 Кӕд сымах уыцы миниуджытӕй хайджын стут ӕмӕ уӕм фылдӕр кӕнынц, уӕд уыдоны фӕрцы уыдзыстут ӕнтыстджын ӕмӕ базондзыстут нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы.

9 Уыцы миниуджытӕ кӕмӕ не сты, уый та у куырм ӕмӕ ницы уыны, йӕ раздӕры тӕригъӕдтӕй кӕй ссыгъдӕг, уый дзы ферох.

10 Уымӕ гӕсгӕ, ӕфсымӕртӕ, зӕрдиагдӕрӕй архайут, Хуыцау уӕ кӕй сӕвзӕрста ӕмӕ ӕрхуыдта, ууыл фидарӕй хӕцыныл. Афтӕмӕй никуы фӕкӕлдзыстут.

11 Уымӕн ӕмӕ уын афтӕмӕй уыдзӕн нӕ Бардарӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы мыггагмӕйы Паддзахадмӕ ӕнӕкъуылымпыйӕ бацӕуыны фадат.

12 Уымӕ гӕсгӕ сымахӕн уыдӕтты тыххӕй дзурдзынӕн ӕдзух, кӕд сӕ зонут ӕмӕ уӕм цы ӕцӕгад фӕхӕццӕ, ууыл фидар хӕцут, уӕддӕр.

13 Уӕдӕ растыл нымайын, цалынмӕ ма мӕ ацы буары цӕрын, уӕдмӕ уын уыдӕттӕ ногӕй уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын.

14 Уымӕн ӕмӕ мын нӕ Бардарӕг Йесо Чырысти раргом кодта ӕмӕ зонын, рӕхджы мын ацы буар ныууадзгӕ кӕй уыдзӕн, уый.

15 Уӕдӕ архайдзынӕн, ацы дунейӕ куы ацӕуон, уӕд мӕ ныхӕстӕ кӕддӕриддӕр уӕ зӕрдыл куыд лӕууой.


Чырыстийы Кады ӕвдисӕн

16 Мах уын нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хъаруйы ӕмӕ Йе ’рцыды кой куы кодтам, уӕд кӕйдӕр ӕрымысгӕ рӕсугъд аргъӕуттӕ нӕ фӕзмыдтам — нӕхи цӕстӕй Йын федтам Йе стыр кад.

17 Тӕккӕ уӕлдӕр Кадджынӕй Йӕм куы ӕрыхъуыст: «Ай, Кӕуыл аудын, Мӕ уыцы уарзон Фырт у», уӕд райста Фыд Хуыцауӕй кад ӕмӕ намыс.

18 Уыцы уӕларвон хъӕлӕс мах фехъуыстам нӕхӕдӕг, сыгъдӕг хохыл Йемӕ куы уыдыстӕм, уӕд.

19 Пехуымпар ныхас раст кӕй у, уый нын афтӕмӕй раргом ноджы тынгдӕр. Ӕмӕ, цалынмӕ бон фӕцъӕх уа ӕмӕ сӕууон стъалы уӕ зӕрдӕты ссудза, уӕдмӕ уыцы пехуымпар ныхасмӕ, талынджы рухстауӕг цырагъмӕ здахӕгау, уе ’ргом кӕй здахут, уымӕй раст кӕнут.

20 Фыццаджыдӕр зонут уый, ӕмӕ Сыгъдӕг Фысты рагуацтай иуӕн дӕр адӕймаджы хъаруйӕ райхалӕн нӕй,

21 уымӕн ӕмӕ рагуац адӕймаджы фӕндонӕй загъд никуы ӕрцыд, фӕлӕ-иу адӕм Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй дзырдтой, Хуыцауӕй-иу цы рацыд, уый.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan