2 Паддзахӕдтӕ 8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстДавиды уӕлахизтӕ 1 Уымӕй чысыл фӕстӕдӕр Давид басаста филистимӕгты ӕмӕ сӕ йӕ дӕлбар бакодта. Сӕ къухӕй сын байста Метег-Аммайы сахар. 2 Басаста моавӕгты дӕр; зӕххыл сӕ ӕрхуыссын кодта, бӕндӕнӕй сӕ абарста ӕмӕ ӕртӕ бӕндӕны рауадысты: дыууӕ бӕндӕны дзы марынмӕ радта, иу та удӕгасӕй ныууагъта. Моавӕгтӕ Давиды дӕлбар баисты ӕмӕ йын хъалон фидын райдыдтой. 3 Давид басаста Реховы фырт Адад-Езеры дӕр, Цовайы паддзахы, уый Евфраты тӕрфмӕ йӕ раздӕры бархъомыс сӕндидзынмӕ куы бабырста, уӕд. 4 Давид ын йӕ бӕхджынтӕй иу мин ӕмӕ авдсӕдӕ лӕджы райста уацары, йӕ фистӕг ӕфсадӕй — ссӕдз мины. Сӕдӕ тохуӕрдоны ӕд бӕхтӕ йӕхицӕн ныууагъта, иннӕ бӕхтӕн та се счъилты нуӕрттӕ адзӕнгӕл кодта. 5 Цовайы паддзах Адад-Езермӕ ӕххуысмӕ ӕрбацыдысты дамаскаг арамейӕгтӕ, ӕмӕ Давид уыдонӕй дӕр дыууӕ ӕмӕ ссӕдз мины ныццагъта. 6 Давид йӕ барджынты ӕрӕвӕрдта дамаскаг арамейӕгты зӕххыл, арамейӕгтӕ басастысты ӕмӕ йын хъалон фидын райдыдтой. Дунедарӕг аудыдта Давидыл, ӕмӕ уый кӕмфӕнды дӕр уӕлахиз кодта. 7 Адад-Езеры дӕлдӕртӕн Давид сӕ сыгъзӕрин уартытӕ байста ӕмӕ сӕ Йерусалиммӕ схаста. 8 Адад-Езеры сахартӕ Бетах ӕмӕ Беротайӕ тынг бирӕ ӕрхуы ратӕлӕт кодта паддзах Давид. 9 Хаматы паддзах Тоимӕ байхъуысти, Давид Цовайы паддзах Адад-Езеры ӕфсад кӕй ныддӕрӕн кодта, уый 10 ӕмӕ йӕ фырт Йорамы паддзах Давидмӕ арвыста, цӕмӕй йын салам ратта ӕмӕ йын, Адад-Езерыл кӕй фӕуӕлахиз, уый тыххӕй арфӕ ракӕна. Уымӕн ӕмӕ Тои ӕмӕ Адад-Езеры ’хсӕн ӕдзухдӕр хӕстытӕ цыди. Йорам Давидӕн йемӕ сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ ӕрхуы дзауматӕ ахаста. 11 Паддзах Давид сӕ, кӕй басаста, ӕппӕт уыцы адӕмтӕй байсгӕ ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕринтимӕ Дунедарӕгӕн мысайнаг сӕвӕрдта. 12 Уыцы ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин ист ӕрцыдысты едомӕгтӕ, моавӕгтӕ, аммонӕгтӕ, филистимӕгтӕ, амалекӕгтӕ ӕмӕ Цовайы паддзах Адад-Езерӕй, Реховы фыртӕй. 13 Давид йӕхицӕн ном скодта, Цӕхджын дӕлвӕзы едомӕгтӕй ӕстдӕс мины куы ныццагъта, уӕд. 14 Йӕ барджынты ӕрӕвӕрдта Едомы, ӕнӕхъӕн Едом сӕ къухы уыд, ӕмӕ адӕм иууылдӕр йӕ дӕлбар баисты. Кӕмфӕнды хӕцыдаид Давид — алы ран дӕр ын Дунедарӕг уӕлахиз лӕвӕрдта. Давиды ӕххуысгӕнджытӕ 15 Давид паддзахиуӕг кодта ӕгас Израилы, адӕмӕн тӕрхон кодта ӕмӕ раст уынаффӕ хаста. 16 Церуайы фырт Йоав уыд ӕфсады хицау, Ахилуды фырт Йошафат — азфыссӕг, 17 Ахитувы фырт Цадок ӕмӕ Авиафары фырт Ахимелех — сауджынтӕ, Серай — нымӕрдар, 18 Йеходайы фырт Бенайа разамынд лӕвӕрдта керетӕгтӕ ӕмӕ пелетӕгтӕн, Давиды фырттӕ уыдысты сауджынтӕ. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia