2 Паддзахӕдтӕ 7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстХуыцауы зӕрдӕбавӕрд Давидӕн 1 Паддзах ӕрцарди йӕ галуаны. Дунедарӕг ӕй сӕдас кодта йӕ алфамбылай знӕгтӕй. 2 Ӕмӕ иуахӕмы паддзах пехуымпар Натанӕн загъта: «Кӕс-ма, ӕз мӕнӕ кедрӕй конд галуаны цӕрын, Хуыцауы Фидыды Чырын та цатыры лӕууы». 3 Натан загъта паддзахӕн: «Дӕ зӕрдӕ дӕм куыд дзуры, афтӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг демӕ ис». 4 Фӕлӕ тӕккӕ уыцы ӕхсӕв Дунедарӕг раргом ис Натанмӕ: 5 «Цу ӕмӕ Мӕ цагъар Давидӕн зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: дӕумӕ гӕсгӕ, Мӕнӕн Мӕ цӕрӕн хӕдзар аразӕг ды уыдзынӕ? 6 Израилӕгты Мысырӕй куы ракодтон, уӕдӕй нырмӕ Мын хӕдзар куы нӕ уыди — цатыры цыдтӕн Ӕз балцы. 7 Израилӕгтимӕ кӕмфӕнды куы хаттӕн, уӕд дӕр, Мӕ адӕмы, Израилы, кӕй бӕрны бакодтон, сӕ уыцы фӕтӕгтӕй кӕд кӕмӕн загътон, кедрӕй хӕдзар Мын цӕуылнӕ саразут, зӕгъгӕ?“ 8 Ды Мӕ цагъар Давидӕн фехъусын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг: Ӕз дӕу сӕрвӕтӕй, дӕ фысты дзугӕй, уый тыххӕй ракодтон, цӕмӕй суай Мӕ адӕмы, Израилы, фӕтӕг. 9 Кӕдӕмфӕнды цыдаис — алы ран дӕр Ӕз демӕ уыдтӕн ӕмӕ дын де знӕгты иууылдӕр ныццагътон. Ӕз дын дӕ ном скадджын кӕндзынӕн, кадджындӕр цы нӕмттӕ ис а зӕххыл, уыдонӕй иу уыдзӕни. 10 Ӕз Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, бынат скӕндзынӕн, уым сӕ ӕрбындурон кӕндзынӕн, ӕмӕ сӕхицӕн ӕдасӕй цӕрдзысты; ӕнаккӕгтӕ сӕ нал ӕфхӕрдзысты раздӕрау, 11 Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, сӕ сӕргъы тӕрхоны лӕгтӕ куы ӕвӕрдтон, уыцы заман куыд уыди, афтӕ. Ӕз дӕ сӕдас кӕндзынӕн уе ’ппӕт знӕгтӕй дӕр. Дунедарӕг дын зӕгъы, дӕуӕн Уый Йӕхӕдӕг кӕй сараздзӕни хӕдзар. 12 Дӕ царды бонтӕ куы фӕуой ӕмӕ дӕ фыдӕлты фарсмӕ куы ӕрӕнцайай, уӕд та паддзахӕй сӕвӕрдзынӕн дӕ байзӕддаджы, дӕ туг, де стӕджы, ӕмӕ йын йӕ паддзахад сфидар кӕндзынӕн. 13 Мӕ номыл хӕдзар уый сараздзӕн, ӕмӕ йын Ӕз йӕ паддзахы бадӕн ӕмӕ йӕ паддзахад сфидар кӕндзынӕн ӕнустӕм. 14 Ӕз уымӕн уыдзынӕн Фыд, уый та Мын уыдзӕни фырт. Тӕригъӕды куы бацӕуа, уӕд ыл, адӕммӕ куыд вӕййы, афтӕ уисӕй ӕрцӕудзынӕн, фыд йӕ фырты куыд фӕнӕмы, афтӕ йӕ фӕнӕмдзынӕн. 15 Фӕлӕ дзы Мӕ хорзӕх фӕстӕмӕ нӕ райсдзынӕн, Мӕхи кӕуыл атигъ кодтон ӕмӕ дӕуӕн кӕй паддзахдзинад радтон, уыцы Саулау. 16 Дӕ хӕдзарвӕндаг ӕмӕ дӕ паддзахад никуы фӕцуддзысты, ӕмӕ лӕудзӕни дӕ паддзахы бадӕн Мӕ разы ӕнустӕм“». 17 Хуыцау ӕм кӕй раргом ис, уый Натан Давидӕн радзырдта, ӕппӕт ныхӕстӕ йын рафӕзмыдта. Давиды куывд Хуыцаумӕ 18 Паддзах Давид Дунедарӕджы цатырмӕ бацыди, ӕрзоныг кодта ӕмӕ загъта: «О Бардарӕг Хуыцау! Чи дӕн ӕз ӕмӕ чи сты мӕ фыдӕлтӕ дӕр, цӕмӕй мӕ афтӕ бӕрзонд сисай? 19 Фӕлӕ Дӕм уый дӕр фаг нӕ фӕкасти, о Бардарӕг Хуыцау, ӕмӕ ма Дӕ цагъары хӕдзарвӕндагӕн йӕ дард сомбоны кой дӕр бакодтай! Афтӕ аудыс адӕймагыл Ды, о Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! 20 Цы ма Дын зӕгъа Давид? Ды Дӕ цагъары Дӕхӕдӕг зоныс, о Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! 21 Дӕ дзырд ӕмӕ Дӕ фӕндонӕй скодтай Ды уыцы стыр кад ӕмӕ йӕ раргом кодтай Дӕ цагъарӕн. 22 Стыр дӕ Ды, о Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Нӕхи хъусӕй куыд фехъуыстам, афтӕмӕй Ды дӕ, ӕмбал Кӕмӕн нӕй, уыцы иунӕг Хуыцау! 23 Зӕххон адӕмтӕй дӕр кӕцыйӕн ис абарӕн Дӕ адӕмимӕ, Израилимӕ? Ды сӕм раргом дӕ, цӕмӕй сӕ балхӕнай ӕмӕ Дӕхи бауой, сӕ сӕраппонд стыр диссӕгтӕ саразай ӕмӕ Дӕ ном скадджын кӕнай. Ды, Дӕхицӕн Мысырӕй кӕй раирвӕзын кодтай, Дӕ уыцы адӕмы цурӕй ӕндӕр адӕмты ӕд хуыцӕуттӕ фӕсырдтай. 24 Ды израилӕгты ӕнустӕм Дӕхи адӕм скодтай ӕмӕ Ды, Дунедарӕг, сдӕ сӕ Хуыцау! 25 О Дунедарӕг Хуыцау, Дӕ цагъар ӕмӕ йӕ хӕдзарвӕндаджы тыххӕй цы ныхас загътай, уый ныффидар уӕд ӕнустӕм! Куыд загътай, афтӕ бакӕн! 26 Ӕнустӕм кадджын уӕд Дӕ ном! Афтӕ куыд дзурой: „Израилы Хуыцау — Уӕларвӕфсады Бардарӕг“. Ӕмӕ кӕддӕриддӕр Дӕ разы уӕд Дӕ цагъар Давиды хӕдзарвӕндаг. 27 Ды, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, Дӕ цагъарӕн хӕдзар саразынӕй зӕрдӕ бавӕрдтай, ӕмӕ Дӕм кувын дӕр уымӕн уӕндын. 28 О Дунедарӕг Хуыцау, Ды — иунӕг Хуыцау! Дӕуӕн Дӕ ныхас фидар у! Ды фехъусын кодтай Дӕ цагъарӕн фарны хабар! 29 Уӕдӕ арфӕ ракӕн Дӕ цагъары хӕдзарӕн, цӕмӕй ӕнустӕм уа Дӕ разы. О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, Ды уымӕй Дӕхӕдӕг бавӕрдтай зӕрдӕ, ӕмӕ Дӕ цагъары хӕдзар Дӕ арфӕйӕ арфӕгонд уӕд ӕнустӕм». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia