Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

2 Паддзахӕдтӕ 6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Давид Хуыцауы Фидыды Чырын рахаста Авинадавы хӕдзарӕй

1 Давид та ногӕй ӕрӕмбырд кодта Израилы ӕвзаргӕ лӕгты, дӕс ӕмӕ ссӕдз мины бӕрц,

2 ӕмӕ семӕ ацыд иудейаг сахар Бааламӕ, цӕмӕй уырдыгӕй ӕрбахӕссой Хуыцауы Фидыды Чырын, херувимтыл Ӕнцайӕджы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ном чи хаста, уый.

3-4 Хуыцауы Фидыды Чырын сӕвӕрдтой ног уӕрдоныл ӕмӕ йӕ раластой Авинадавы хӕдзарӕй, уӕлкъуыбырӕй. Уӕрдон бакодтой Авинадавы фырттӕ Узза ӕмӕ Ахйойы бар. Фидыды Чырынӕн йӕ разӕй цыди Ахйо.

5 Давид ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ та Дунедарӕджы раз фыр цинӕй кафыдысты ӕмӕ зарыдысты, хъисфӕндыртӕй, дыууадӕстӕнонтӕй, далатӕй, къӕрцгӕнӕнтӕй ӕмӕ ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕй цагътой.

6 Нахоны мусы цурмӕ куыд бахӕццӕ сты, афтӕ ифтыгъд галтӕ уӕрдон фӕкъул кодтой, ӕмӕ Узза Фидыды Чырынмӕ къухӕй февнӕлдта, ма рахауа, зӕгъгӕ.

7 Дунедарӕг смӕсты ис Уззамӕ ӕмӕ йӕ тӕккӕ уыцы ран ӕрцавта; Узза мардӕй ӕрхауди Хуыцауы Фидыды Чырыны раз.

8 Давид тынг фӕмаст кодта, Дунедарӕг Уззайы кӕй ӕрцавта, ууыл, ӕмӕ уыцы бынат схуыдта Перец-Узза. Абон дӕр афтӕ хуыйны.

9 Уыцы бон Давид тынг фӕтарсти Дунедарӕгӕй ӕмӕ загъта: «Цы ныфсӕй ма бахӕссон Хуыцауы Фидыды Чырын мӕхимӕ?»

10 Давиды нӕ бафӕндыди Дунедарӕджы Фидыды Чырын Давиды сахармӕ аласын ӕмӕ йӕ гатаг Овед-Едомы хӕдзармӕ арвыста.

11 Дунедарӕджы Фидыды Чырын гатаг Овед-Едомы хӕдзары фӕци ӕртӕ мӕйы, ӕмӕ йын Дунедарӕг арфӕ ракодта йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕн дӕр.


Фидыды Чырын ӕрбахастой Йерусалиммӕ

12 Паддзах Давидмӕ фӕхабар чындӕуыд, Хуыцауы Фидыды Чырыны фӕрцы Овед-Едом ӕмӕ йӕ хӕдзар Дунедарӕгӕй арфӕгонд фесты, зӕгъгӕ. Давид ацыд ӕмӕ Хуыцауы Фидыды Чырын Овед-Едомы хӕдзарӕй Давиды сахармӕ цингӕнгӕ ӕрбахаста.

13 Дунедарӕджы Фидыды Чырын чи хаста, уыдон-иу размӕ ӕхсӕз санчъехы куы акодтой, уӕд та-иу Давид нывондӕн ӕрхаста гал ӕмӕ хӕрзхаст род.

14 Давид, йӕ уӕлӕ сауджыны кӕттаг ефод, афтӕмӕй Дунедарӕджы раз йӕ кафынӕй нал ӕнцад.

15 Хъӕртӕ ӕмӕ сыкъауадындзы зӕлтимӕ Давид ӕмӕ ӕгас Израил ӕрбахастой Дунедарӕджы Фидыды Чырын.

16 Давиды сахармӕ Дунедарӕджы Фидыды Чырын куы бацӕйластой, уӕд Саулы чызг Мелхолӕ рудзынгӕй ракаст, паддзах Давиды Дунедарӕджы раз фыр цинӕй гӕппытӕгӕнгӕ ӕмӕ кафгӕ федта ӕмӕ йыл йӕ мидзӕрдӕйы бабылысчъил.

17 Дунедарӕджы Фидыды Чырын бахастой ӕмӕ йӕ, Давид ын цы цатыр сарӕзта, уым нысангонд бынаты сӕвӕрдтой. Давид Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ ӕрхаста.

18 Иууылсудзинаг нывӕндтӕ куы ӕрхаста, уӕд Уӕларвӕфсады Бардарӕджы номӕй адӕмӕн арфӕ ракодта

19 ӕмӕ стӕй ӕппӕт адӕмӕн, чи ӕрбамбырд ис, уыцы израилӕгтӕн, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, фӕйнӕ дзулы, финикты ӕмӕ чисмисты фӕйнӕ гуылы байуӕрста. Уый фӕстӕ адӕмӕй алчи йӕ хӕдзармӕ ацыд.

20 Давид сӕхимӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд ӕй фӕндыди йӕхи хӕдзарӕн дӕр арфӕ ракӕнын. Саулы чызг Мелхолӕ йӕ размӕ рауад ӕмӕ загъта: «Куыд фесгуыхти абон Израилы паддзах! Ӕдылыйау йӕ цагъарты унӕутты раз йӕхи куыд сбӕгънӕг кодта!»

21 Давид ын дзуапп радта: «Уыдоны раз нӕ, фӕлӕ мӕ дӕ фыд ӕмӕ йӕ хӕдзарвӕндаджы бӕсты Израилӕн, Дунедарӕджы адӕмӕн, фӕтӕгӕй Чи равзӕрста, Уый раз! Дунедарӕджы раз кафынмӕ ӕз цӕттӕ дӕн!

22 Уадз ӕмӕ ноджы ницӕйагдӕр фестон, ноджы тынгдӕр ӕрныллӕг уон Йӕ разы, фӕлӕ, кӕмӕй загътай, уыцы унӕутты цӕсты та ӕз уыдзынӕн кадджын».

23 Саулы чызг Мелхолӕйӕн йӕ амӕлӕты бонмӕ цот нӕ рацыд.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan