2 Паддзахӕдтӕ 4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстЙевосфеты амард 1 Саулы фырт Йевосфет, Авнер Хевроны фӕмард ис, зӕгъгӕ, уый куы фехъуыста, уӕд йе уӕнгтӕ ӕруагъта. Бакатай кодтой Израилы адӕм дӕр. 2 Саулы фырты хӕстонтӕн уыди дыууӕ ӕфсады хицауы, сӕ иуӕн йӕ ном — Баана, иннӕмӕн та — Рехав, бееротаг Риммоны фырттӕ, Бениамины байзӕддӕгтӕ (Беерот дӕр нымад ӕрцыди Бениамины сахарыл; 3 йӕ раздӕры цӕрджытӕ Гитаиммӕ ралыгъдысты, ӕмӕ ма ныронг дӕр уым ӕрцӕуӕггӕгтыл нымад сты). 4 Саулы фырт Ионатанӕн уыдис иу къуылых фырт. Саул ӕмӕ Ионатаны амарды хабар куы ӕрбайхъуысти Изреелӕй, уӕд ыл цыди фондз азы. Йӕ дыджызӕ йӕ фелвӕста ӕмӕ лидзынмӕ фӕци. Фыр тагъдӕй саби йӕ къухтӕй ӕрхауди ӕмӕ фӕкъуылых ис. Йӕ ном хуынди Мефивошет. 5 Бееротаг Риммоны фырттӕ Рехав ӕмӕ Баана, бон йӕ тӕккӕ тӕвдыл уыд, афтӕ Йевосфеты хӕдзары дуармӕ балӕууыдысты, уый бонрӕфты йӕ уаты куы улӕфыди, раст уыцы афон. 6 Дуаргӕрон хор цы сылгоймаг ӕвзӕрста, уый афынӕй ӕмӕ Рехав ӕмӕ йе ’фсымӕр Баанайы нӕ бафиппайдта. 7 Уыдон мидӕмӕ бацыдысты. Йевосфет хуыссыди йӕ сынтӕджы. Ныррӕхуыстой йӕ ӕмӕ йӕ амардтой, йӕ сӕр ын ракодтой ӕмӕ йӕ семӕ рахастой. Иорданы дӕлвӕзы ӕхсӕв-бонмӕ фӕцыдысты. 8 Йевосфеты сӕр бахастой Хевроны сахармӕ, паддзах Давидмӕ. Загътой йын: «Мӕнӕ, амарынмӕ дӕ чи хъавыди, уымӕн, де знаг Саулӕн, йӕ фырт Йевосфеты сӕр. Дунедарӕг мӕ хицау ӕмӕ мӕ паддзахӕн йӕ маст райста Саул ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕй». 9 Фӕлӕ ахӕм уыди Давиды дзуапп Рехав ӕмӕ йе ’фсымӕр Баанайӕн, бееротаг Риммоны фырттӕн: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, алы фыдбылызӕй мӕ Чи фервӕзын кодта, Уымӕй: 10 Саулы амӕлӕты хабар мӕм чи ӕрбахаста ӕмӕ йӕхицӕн цины уацхӕссӕг ӕнхъӕл чи уыд, ӕз уымӕ куы фӕлӕбурдтон ӕмӕ йӕ куы амардтон Циклагы, уый дын хӕрзӕггурӕггаг, зӕгъгӕ, 11 уӕд ныр сымах, ӕнаккӕгтӕ, раст лӕджы йӕхи хӕдзары, йӕхи сынтӕджы куы ныммардтат, уӕд ын йӕ туг куыннӕ хъумӕ райсон сымахӕй ӕмӕ уӕ куыд нӕ фесафон а зӕххӕй?» 12 Давид йӕ дӕлдӕртӕн бардзырд радта, ӕмӕ сӕ амардтой, стӕй сын сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ ракодтой ӕмӕ сын сӕ мӕрдтӕ афтӕмӕй Хевроны цады цур ӕрцауыгътой. Йевосфеты сӕр та райстой ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Хевроны, Авнеры зӕппадзы. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia