2 Паддзахӕдтӕ 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Саулы хӕдзар ӕмӕ Давиды хӕдзары ’хсӕн хӕст ныддӕргъвӕтин. Давид тыхджынӕй-тыхджындӕр кодта, Саулы хӕдзар та заууатмӕ цыди. Давиды фырттӕ 2 Давидӕн Хевроны райгуырди фырттӕ: хистӕр — Амнон, йӕ мад изреелаг Ахиноам, 3 уый кӕстӕр — Килав, йӕ мад — кармелаг Навалы идӕдз Авигеа, ӕртыккаг — Авессалом, йӕ мад — Гешуры паддзах Талмайы чызг Мааха, 4 цыппӕрӕм — Адониа, йӕ мад — Хагит, фӕндзӕм — Шефати, йӕ мад — Авитал, 5 ӕхсӕзӕм — Итреам, йӕ мад Егла. Давидӕн уыдон сӕнтыстысты Хевроны. Йевосфеты ӕфсады хицау Авнер Давиды фарс фӕцис 6 Цалынмӕ Саулы хӕдзар ӕмӕ Давиды хӕдзар кӕрӕдзиимӕ хӕцыдысты, уӕдмӕ Авнерӕн Саулы хӕдзарыл йӕ бар тынгӕй-тынгдӕр цыди. 7 Саулӕн уыди номылус, йӕ ном — Рицпа, Айайы чызг. Иуахӕмы Йевосфет Авнерӕн загъта: «Мӕ фыды номылусмӕ цӕмӕн бацыдтӕ?» 8 Уыцы ныхӕстӕм Авнер цӕхӕртӕ скалдта: «Ӕз дын куыдз дӕн, иудейӕгтимӕ ӕмдзӕхдон куыд хъуамӕ кӕнон? Кад ӕмӕ радӕй куы лӕггад кӕнын Саулы хӕдзарӕн дӕр, Саулы ӕфсымӕртӕн дӕр ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕн дӕр! Дӕу дӕр Давиды къухмӕ куы нӕ радтон! Уӕд мыл ныр ды сылгоймаджы тыххӕй тӕригъӕд мысыс? 9 Хуыцау Авнерӕн афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй ноджы фыддӕртӕ бакӕнӕд, Дунедарӕг Давидӕн сомы цӕмӕй кодта, ӕз ын уый куынӕ саразон! 10 Цӕмӕй Саулы хӕдзары паддзахдзинадӕн кӕрон ӕрцӕуа, ӕмӕ Давид паддзахиуӕг кӕна Израил ӕмӕ Иудӕйы, Данӕй суанг Беер-Шевӕйы онг». 11 Йевосфет ницыуал сфӕрӕзта Авнеры ныхмӕ сдзурын, уымӕн ӕмӕ дзы тӕрсгӕ кодта. 12 Ныр Авнер та Давидмӕ лӕгтӕ арвыста, цӕмӕй йын зӕгъой: «Ацы зӕхх кӕй хъуамӕ уа, дӕу йеддӕмӕ? Фидыд сараз мемӕ, ӕмӕ дын баххуыс кӕндзынӕн, цӕмӕй ӕппӕт Израилы адӕм дӕ фарс фӕуой». — 13 «Хорз, — дзуапп ын радта Давид, — сараздзынӕн. Ӕрмӕст дӕ иу хъуыддаг курын: дӕхи мын ма фенын кӕн, Саулы чызг Мелхолӕйы мын демӕ куынӕ ӕрбахонай, уӕд». 14 Давид Саулы фырт Йевосфетмӕ лӕгтӕ арвыста, цӕмӕй йын зӕгъой: «Ратт мын мӕ ус Мелхолӕйы. Ӕз ууыл филистимӕгты сунӕты сӕдӕ лыггаджы бафыстон». 15 Йевосфет Мелхолӕмӕ адӕмы арвыста, цӕмӕй йӕ ракӕной йӕ мойӕ, Лаишы фырт Палтиелӕй. 16 Йӕ мой йӕ фӕдыл Бахуримы онг дзыназгӕ фӕцыди. Авнер ын загъта: «Аздӕх фӕстӕмӕ». Ӕмӕ аздӕхти. 17 Авнер Израилы хистӕрты раз раныхас кодта: «Сымах Давиды уӕхицӕн паддзахӕн рагӕй агуырдтат. 18 Гъеныр уӕ фӕнд сӕххӕст кӕнут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ загъта Давиды тыххӕй: „Мӕ цагъар Давиды фӕрцы Мӕ адӕмы, Израилы, филистимӕгтӕ ӕмӕ се ’ппӕт иннӕ знӕгтӕй фервӕзын кӕндзынӕн“». 19 Афтӕ загъта Авнер Бениамины байзӕддӕгтӕн дӕр. Уый фӕстӕ араст ис Хевронмӕ, Израил ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндаджы фӕндон Давидӕн радзурынмӕ. 20 Ссӕдз лӕджы йемӕ, афтӕмӕй схӕццӕ ис Давидмӕ, Хевронмӕ, ӕмӕ сын Давид куывд скодта. 21 Авнер Давидӕн загъта: «Цӕй, ӕз ныр ацӕуон ӕмӕ мӕ бардарӕгмӕ, мӕ паддзахмӕ, ӕппӕт Израилы адӕмы дӕр ӕрхонон, цӕмӕй демӕ фидыд саразой, ӕмӕ ды паддзах уай, кӕмӕн дӕ фӕнды, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр». Давид сразы ис Авнеры ныхасыл, ӕмӕ уый фарнимӕ араст ис. Йоав хивастӕй мары Авнеры 22 Уыцы рӕстӕг Давиды хӕстонтӕ, Йоав сӕ сӕргъы, афтӕмӕй дзӕвгар ӕфтиагимӕ хӕстон балцӕй ӕрбаздӕхтысты. Авнеры Давидмӕ нал баййӕфтой Хевроны, уымӕн ӕмӕ йӕ уый уӕдмӕ ауагъта, ӕмӕ фарнимӕ ацыди. 23 Йоав куыддӕр Давиды хӕстонтимӕ ӕрхӕццӕ ис, афтӕ йӕм хабаргӕнӕг фӕци, Неры фырт Авнер паддзахмӕ уыди ӕмӕ йӕ уый фарнимӕ ауагъта, зӕгъгӕ. 24 Йоав паддзахмӕ бацыди ӕмӕ йын загъта: «Уый цы бакодтай? Авнер дӕм йӕхи къахӕй куы ӕрбацыди, уӕд ма йӕ цӕмӕн ауагътай? 25 Зонгӕ йӕ куы кӕныс, Неры фырт Авнер дӕ афӕливынмӕ хъавы, хъуамӕ дын дӕ ацыд ӕмӕ ӕрбацыд сбӕлвырд кӕна, дӕ фӕндтӕ дын базона». 26 Йоав Давиды разӕй куы рацыди, уӕд йе ’вастӕй Авнеры фӕстӕ йӕ адӕмы арвыста, ӕмӕ йӕ уыдон Сирайы донуаты цурӕй фӕстӕмӕ раздӕхтой. 27 Авнер Хевронмӕ фӕстӕмӕ куы баздӕхти, уӕд ӕй Йоав кулдуарӕй фӕмидӕг кодта, цыма йын аивӕй цыдӕр зӕгъынмӕ хъавыд, уый хуызӕн ӕмӕ йын уым йӕ гуыбын барӕхуыста, йе ’фсымӕр Асаелы туг дзы райста. Давид ӕмӕ израилӕгтӕ хъыг кӕнынц Авнерыл 28 Хабар фехъусгӕйӕ, Давид загъта: «Дунедарӕджы раз ӕнустӕм сыгъдӕг дӕн ӕз, ӕмӕ мӕ паддзахад дӕр сыгъдӕг у: мӕ азым нӕй Неры фырт Авнеры тугныккалды. 29 Уыцы туджы азар Йоавы сӕрыл ӕмӕ йӕ мыггаджы фӕдыл ӕфтыд фӕуӕд! Йоавы хӕдзар макуы схицӕн уӕд нӕлгоймаджы низтӕ ӕмӕ хъотырӕй, йӕ байзӕддӕгтӕ лӕдзӕджы ӕнцӕйтты цӕуӕнт, кардылӕфтыд фӕуӕнт ӕмӕ къӕбӕрӕй хъуаг ӕййафӕнт!». 30 Йоав ӕмӕ йе ’фсымӕр Авишай та Авнеры, се ’фсымӕр Асаелы сын кӕй амардта Гивоны хӕсты, уый тыххӕй амардтой. 31 Йоав ӕмӕ, йемӕ чи уыди, ӕппӕт уыцы адӕмӕн Давид загъта: «Уӕ дарӕс арӕдувут фӕйнӕрдӕм, сӕхъистӕ скӕнут уӕ уӕлӕ ӕмӕ Авнерыл уӕ цӕссыг калут». Паддзах Давид йӕхӕдӕг дӕр Авнеры сынты фӕдыл цыди. 32 Хевроны йӕ бавӕрдтой, ӕмӕ йыл паддзах йӕ зӕппадзы цур хъӕлӕсы дзагӕй куыдта. Йемӕ куыдтой ӕппӕт дзыллӕ дӕр. 33 Авнерыл паддзах ахӕм хъарӕг скодта: «Ӕнаккаджы адзал цӕмӕн каст уӕддӕр Авнермӕ? 34 Дӕ къухтӕ баст дӕр куы нӕ уыдысты, дӕ къӕхтыл хъадамантӕ дӕр куы нӕ уыд; фыдгӕнджыты къухӕй чи амӕлы, уыйау куыд бабын дӕ!» Ӕмӕ йыл дзыллӕ ноджы тынгдӕр ныккуыдтой. 35 Фӕстӕдӕр, рухс ма уыди, афтӕмӕй адӕм иууылдӕр Давидмӕ хатыдысты, цӕмӕй исты скомдзаг кӕна. Фӕлӕ Давид ард бахордта: «Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ бакӕнӕд Хуыцау, ӕз хуры аныгуылдмӕ мӕ дзыхмӕ исты куы схӕссон, уӕд!» 36 Адӕм уый куы федтой, уӕд сын ӕхсызгон уыди, паддзахы алы хъуыддаг дӕр-иу сын куыд ӕхсызгон уыд, афтӕ. 37 Уыцы бон ӕппӕт ӕфсад, стӕй Израилы адӕм иууылдӕр, базыдтой, Неры фырт Авнеры мӕлӕтмӕ паддзах кӕй ницы бар дары, уый. 38 Паддзах йӕ дӕлдӕртӕн загъта: «Абон Израилы стыр ӕфсады хицау кӕй амарди, уый зонут. 39 Кӕд мӕ паддзахӕй байсӕрстой, уӕддӕр мӕнмӕ нырма уый бӕрц тых нӕй, ацы Церуайы фырттӕ та ӕгӕр ӕгъатыр сты. Фӕлӕ сын Дунедарӕг схос кӕнӕд сӕ фыдракӕнды тыххӕй!» |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia