Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

2 Паддзахӕдтӕ 23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Давиды фӕстаг ныхӕстӕ

1 Мӕнӕ Давиды фӕстаг ныхӕстӕ: «Дзуры Давид, Йессейы фырт, Хуыцау бӕрзонд кӕй систа, уыцы адӕймаг, Йаковы Хуыцауы байсӕрст, Израилы Сӕрхъуызой кӕй уарзы, уый.

2 Дунедарӕджы Уд дзуры мӕн уылты, мӕ былалгъыл — Йӕ дзырд.

3 Израилы Хуыцау загъта, Израилы Къӕдзӕх мын фехъусын кодта: „Рӕстӕй адӕмыл ӕлдариуӕг чи кӕна, Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ сын разамынд чи дӕтта,

4 уый у сӕуӕхсиды, ирд райсомы ’нгӕс, ӕрдзы срухсау, зӕххӕй кӕрдӕг чи сзайын кӕны, уыцы къӕвдайы фӕстӕ“.

5 Хуыцауы раз ахӕм нӕу мӕ хӕдзарвӕндаг?! Мыггагмӕйы Фидыд Уый сарӕзта мемӕ, ӕнӕфехалгӕ ӕмӕ ӕнаивгӕ! Исты нӕ кӕнын ӕдзух ӕз уӕлахиз? Исты мӕ алы фӕнд къухы нӕ бафты?

6 Ӕнаккӕгтӕ та — какон сындзытау, къухӕй кӕмӕ нӕ бавналынц, афтӕмӕй кӕй аппарынц,

7 фӕлӕ ӕфсӕн цыргъагӕй кӕнӕ арцы хъӕдӕй кӕй фелвасынц ӕмӕ арты кӕй баппарынц».


Давиды ӕхсарджындӕр хӕстонтӕ

8 Мӕнӕ Давиды ӕхсарджынтӕ номхуындӕй: тахкемонаг Иошев-Башевет. Ӕртӕйы хистӕр. Йӕ арцы бырынкъӕй астсӕдӕ знаджы ныццагъта.

9 Уый дӕле — Елеазар, Додойы фырт, Ахохийы байзӕддаг, Давидимӕ филистимӕгтӕм тохмӕ цы ӕртӕ хӕстоны фӕсидти, уыдонӕй иу. Израилӕгтӕ уӕд фӕтасыдысты, сӕхи фӕфӕстӕмӕ кодтой,

10 фӕлӕ Елеазар фидар фӕлӕууыд, филистимӕгты цагъта, цалынмӕ йӕ къух бастад ӕмӕ йын карды фистоныл нындӕгъд, уӕдмӕ. Уыцы бон Дунедарӕг стыр уӕлахиз радта. Ӕфсад фӕстӕмӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд ма сӕ ӕрмӕстдӕр хъуыди, мӕрдтӕм исбонӕй цы уыд, уый ӕрӕмбырд кӕнын.

11 Уый дӕле — Агейы фырт Шамма, харараг. Филистимӕгтӕ ӕрӕмбырд сты Лехийы цур, тъӕпӕн хъӕдуры зад хуымы, ӕмӕ израилӕгтӕ лидзӕг фесты,

12 фӕлӕ Шамма ӕрлӕууыд хуымы астӕу ӕмӕ хуым дӕр бахъахъхъӕдта, филистимӕгты дӕр ныццагъта — Дунедарӕг стыр уӕлахиз саккаг кодта.

13 Дӕс ӕмӕ ссӕдз фӕтӕгӕй ӕртӕ Адулламы лӕгӕтмӕ Давидмӕ ныццыдысты хуымгӕрдӕнафон. Уӕд филистимӕгты рӕсӕнуат Рефаимты дӕлвӕзы уыд.

14 Давид фидары уыди, филистимӕгты иу къорд та — Вифлеемы раз.

15 Давид дойныйӕ марди ӕмӕ загъта: «Тӕхуды, Вифлеемы кулдуары цур цы цъай ис, уырдыгӕй мын исчи дон куы ӕрбадавид!»

16 Ӕртӕ ӕхсарджыны филистимӕгты рӕсӕнуатмӕ бабырстой, Вифлеемы кулдуары цур цъайӕ дон систой ӕмӕ йӕ Давидӕн ӕрхастой. Фӕлӕ дзы йӕ зӕрдӕ нӕ бакуымдта бануазын, Дунедарӕджы кадӕн ӕй акалдта

17 ӕмӕ загъта: «Уымӕй мӕ бахизӕд Дунедарӕг! Нӕ бануаздзынӕн! Сӕ удтӕ сӕ армы даргӕйӕ чи ацыд, уыдоны туг куы у ай!» Ӕмӕ дзы нӕ бакуымдта нуазын. Гъе ахӕм лӕгдзинад равдыстой уыцы ӕртӕ хӕстоны.

18 Йоавы ӕфсымӕр Авишай, Церуайы фырт, уыди хӕстон къорды хистӕр. Йӕ арцы бырынкъӕй знаджы адӕмӕй ӕртӕсӕдӕ ныццагъта, ӕмӕ йын ӕфсады ’хсӕн уыди стыр кад.

19 Се ’ппӕтӕй номдзыддӕр уыд ӕмӕ сын разамынд лӕвӕрдта, фӕлӕ ӕфсадӕн цы ӕртӕ уӕлдӕр разамонӕджы уыди, уый уыдонмӕ нӕ хаудис.

20 Кавцеелы сахайраг Йеходайы фырт бӕгъатыр Бенайа зындгонд у йӕ бирӕ хъуыддӕгтӕй. Уый амардта моаваг дыууӕ домбай хӕстоны. Иуахӕмы та, мит уарыд, афтӕмӕй къардиумӕ ныххызти дон схӕссынмӕ, домбайыл дзы бамбӕлдис ӕмӕ йӕ уыцы ран ӕрбамардта.

21 Мӕрдтӕм барвыста иу уӕйыгӕнгӕс мысыраджы дӕр. Мысыраджы къухы уыди арц, Бенайа та йӕ ныхмӕ лӕдзӕгимӕ рацыди, йӕ арц ын йӕ къухӕй стыдта ӕмӕ йӕ йӕхи арцӕй амардта.

22 Ахӕм сгуыхт лӕг уыд Йеходайы фырт Бенайа. Ӕфсады ’хсӕн ын стыр кад уыди.

23 Хӕстонтӕн сӕ номдзыддӕртӕй уыди, фӕлӕ, ӕфсадӕн цы ӕртӕ уӕлдӕр разамонӕджы уыд, уыдонмӕ нӕ хаудис. Давид ӕй йӕ хъахъхъӕнджыты сӕргъы сӕвӕрдта.

24 Бӕгъатыр хӕстонтыл нымад уыдысты: Йоавы ӕфсымӕр Асаел; Додойы фырт Елханан, вифлеемаг;

25 хародаг Шамма; хародаг Елика;

26 палтиаг Хелец; Икешы фырт Ира, текоайаг;

27 анатотаг Авиезер; хушайаг Мевуннай;

28 Цалмон, Ахохийы мыггагӕй; нетофаг Махрай;

29 Баанайы фырт Хелев, нетофаг; Ривайы фырт Итай — Бениамины Гевӕйӕ;

30 пиратонаг Бенайа; Хидай — Нахале-Гаашӕй;

31 арватаг Авиалвон; бахуримаг Азмавет;

32 шаалвонаг Елйахба; Йашены фырттӕ; Йонатан;

33 харараг Шамма; арараг Шарары фырт Ахиам;

34 маахайаг Ахасбайы фырт Елифелет; гилойаг Ахитофелы фырт Елиам;

35 кармелаг Хецро; арбитаг Паарай;

36 цовайаг Натаны фырт Игал; Гады байзӕддаг Бани;

37 аммонаг Целек; бееротаг Нахрай, Церуайы фырт Йоавы хотыхдар;

38 итриаг Ира; итриаг Гарев;

39 хеттаг Уриа. Ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕвддӕс ӕмӕ ссӕдз.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan