Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

2 Паддзахӕдтӕ 20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уыцы рӕстӕг се ’хсӕн фӕци иу ӕнаккаг лӕг, Бениамины мыггагӕй, Бихрийы фырт Савей. Сыкъауадындзӕй ныууасыди уый ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Махӕн та ма ныр Давид чи у? Йессейы фыртимӕ мах цы хъуыддаг ис? Гъӕй кӕнут уӕ цатыртӕм, израилӕгтӕ!»

2 Израилӕгтӕ дӕр Давиды фӕуагътой ӕмӕ Бихрийы фырт Савейы фӕдыл фӕраст сты. Иудейӕгтӕ та сӕ паддзахимӕ баззадысты ӕмӕ Иорданӕй суанг Йерусалимы онг йемӕ фӕцыдысты.


Амаса ӕмӕ Савейы амард

3 Паддзах Давид Йерусалиммӕ йӕ галуанмӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд, хӕдзаргӕс кӕй ныууагъта, йӕ уыцы дӕс номылусы ӕрцӕрын кодта, хъахъхъӕнджытӕ сын кӕм уыд, ахӕм хӕдзары. Хъуаг сӕ ницӕмӕй уагъта, фӕлӕ сӕм цӕугӕ нӕ кодта. Ӕмӕ уыдон идӕдз устытау, ӕхгӕд цард кӕнгӕйӕ, цардысты уым сӕ амӕлӕты онг.

4 Паддзах Амасайӕн загъта: «Ӕртӕ боны дын ӕмгъуыд дӕттын, ӕмӕ мын фӕдзур ӕппӕт иудейӕгтӕм дӕр, стӕй дӕхӕдӕг дӕр ам куыд уай, афтӕ».

5 Амаса ацыд иудейӕгтӕм фӕдзурынмӕ, фӕлӕ ӕмгъуыды бонмӕ уый йӕ къухы нӕ бафтыди.

6 Давид загъта Авишайӕн: «Ныр нын Бихрийы фырт Савей, гӕнӕн ис ӕмӕ Авессаломӕй дӕр фыддӕр фыдбылызтӕ сараза. Гъемӕ дӕ паддзахы хӕстонты демӕ акӕн ӕмӕ йӕ фӕсте асур, цалынмӕ йӕхицӕн фидар сахартӕ не ссардта ӕмӕ нӕ йӕхи нӕ фӕтылиф кодта, уӕдмӕ».

7 Йоавы адӕм, керетӕгтӕ ӕмӕ пелетӕгтӕ, се ’ппӕт дӕр — гуыппырсартӕ, Авишай сӕ сӕргъы, афтӕмӕй феггуырстысты Йерусалимӕй ӕмӕ Бихрийы фырт Савейы фӕдыл афӕдис кодтой.

8 Гивоны цур цы стыр дур ис, уымӕ куы баввахс сты, уӕд Амаса сӕ размӕ фӕци. Йоав — йӕ хотыхты, йӕ цирхъ — йӕ астӕуыл баст, ӕмӕ йын цӕугӕ-цӕуын кӕрддзӕмӕй ӕрхауд.

9 Йоав Амасайы фӕрсы: «Куыд дӕ, ме ’фсымӕр?» — ӕмӕ йын рахиз къухӕй йӕ боцъомӕ бавнӕлдта, цыма йын ба кодта, афтӕ.

10 Амаса йын йӕ иннӕ къухы кард нӕ фӕхъуыды кодта, ӕмӕ йын ӕй Йоав йӕ гуыбыны ныссагъта. Амасайӕн йӕ хуылфыдзаумӕттӕ зӕхмӕ ӕркалдысты ӕмӕ амарди, дыккаг цӕфы сӕр ӕй нал бахъуыд. Йоав ӕмӕ йе ’фсымӕр Авишай дарддӕр атындзыдтой Бихрийы фырт Савейы фӕдыл.

11 Йоавы хӕстонтӕй иу Амасайы марды уӕлхъус ӕрлӕууыд ӕмӕ дзырдта: «Йоавы чи нымайы ӕмӕ Давиды фарс чи хӕцы, уый Йоавы фӕдыл рацӕуӕд!»

12 Ныр Амасайы мард та фӕндаджы астӕу йӕ туджы мӕцыд, ӕмӕ уыцы лӕг куы федта, адӕм йӕ уӕлхъус ӕмбырд кӕнынц, уӕд ӕй фӕндагӕй иуварсмӕ раласта ӕмӕ йыл дарӕс баппӕрста.

13 Марды фӕсвӕдмӕ айстой фӕндагӕй, ӕмӕ адӕм Йоавы фӕдыл фӕраст сты Бихрийы фырт Савейы агурӕг.

14 Савей ахызти Израилы хӕдзарвӕндӕгты зӕххытыл ӕмӕ Авел-Бет-Маахайы сахармӕ бахӕццӕ ис. Бихрийы байзӕддӕгтӕ ӕмткӕй йемӕ бамбал сты ӕмӕ сахармӕ йӕ фӕдыл бацыдысты.

15 Йоавы ӕфсад дӕр бахӕццӕ ис Авел-Бет-Маахамӕ ӕмӕ йыл ӕрхъула кодта. Сахары сисрӕбын сыджытбыру скодтой ӕмӕ сахары сис ракалыныл архайын райдыдтой.

16 Уӕд иу зонынджын сылгоймаг сисы сӕрӕй ӕрдзырдта: «Байхъусут-ма, байхъусут-ма! Зӕгъут-ма Йоавӕн, ӕмӕ ардӕм ӕввахс ӕрбацӕуа, ӕз ын цыдӕр зӕгъон!»

17 Йоав ӕрбацыди, ӕмӕ йӕ сылгоймаг бафарста: «Уый ды дӕ, Йоав?» Уый дзуапп радта: «Ӕз». Сылгоймаг загъта: «Уӕдӕ дӕ цагъары ныхӕстӕм байхъус». Уый йын дзуапп радта: «Хъусын».

18 Сылгоймаг дзурын райдыдта: «Раздӕр-иу афтӕ загътой, ӕнӕмӕнг Авелы сахары бафӕрсут, зӕгъгӕ, ӕмӕ-иу алы хъуыддаг дӕр афтӕмӕй сарӕзтой.

19 Мах Израилимӕ хъӕрмудӕй цӕрӕм, ӕнувыд ыл стӕм, ды та израилаг сахар ныддӕрӕн кӕнынмӕ хъавыс, уыимӕ — стыр сахар. Цӕмӕн дӕ фӕнды Дунедарӕджы бӕстыхай фехалын?»

20 Йоав ын дзуапп радта: «Уый нӕ уыдзӕн! Ӕлгъыст фӕуон, ӕз исты куы бабын кӕнон ӕмӕ куы фехалон!

21 Хъуыддаг уый мидӕг нӕй. Ефремы хӕхбӕстаг, йӕ ном — Савей, Бихрийы фырт, йӕ къух систа паддзах Давидмӕ. Ӕрмӕстдӕр мын уый раттут, ӕмӕ уын уӕ сахар ӕнцад ныууадздзынӕн». Сылгоймаг загъта Йоавӕн: «Сисы сӕрӕй дын йӕ сӕр ӕрӕппардзысты».

22 Сылгоймаг дзыллӕйы раз ӕрлӕууыди ӕмӕ сын йӕ хъуыды загъта. Уыдон ын йӕ зондмӕ байхъуыстой, Бихрийы фырт Савейӕн йӕ сӕр акъуырдтой ӕмӕ йӕ Йоавмӕ ӕрӕппӕрстой. Уӕд Йоав сыкъауадындзӕй ныууасын кодта, ӕмӕ уыйадыл йӕ адӕм сахары разӕй сӕхи айстой ӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм ацыдысты, Йоав йӕхӕдӕг та йӕ паддзахмӕ аздӕхт Йерусалиммӕ.


Давиды ӕххуысгӕнджытӕ

23 Йоав уыди ӕгас Израилы ӕфсады хицау, Йеходайы фырт Бенайа — керетӕгтӕ ӕмӕ пелетӕгты хицау,

24 Адорам — цагъайрӕгты хицау, Ахилуды фырт Йошафат — азфыссӕг,

25 Шева — нымӕрдар, Цадок ӕмӕ Авиафар — сауджынтӕ;

26 иаираг Ира дӕр уыди Давиды сауджын.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan