Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

2 Паддзахӕдтӕ 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Давид паддзах сси Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕн

1 Уый фӕстӕ Давид фарста Дунедарӕджы: «Цы кӕнон? Иудӕйы сахартӕй искӕцымӕ ацӕуон?» Дунедарӕг ын дзуапп радта: «Ацу». Давид бафарста: «Кӕдӕм ацӕуон?» Уый йын загъта: «Хевронмӕ».

2 Давид рахӕцыди йӕ дыууӕ усыл — изреелаг Ахиноам ӕмӕ кармелаг Навалы идӕдз Авигеайыл — ӕмӕ араст ис уырдӕм.

3 Йемӕ акодта йӕ адӕмы дӕр сӕ бинонтимӕ. Хеврон ӕмӕ йӕ алфамбылай сахарты ӕрцардысты.

4 Иудейӕгтӕ Хевронмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Давиды Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕн паддзахӕй байсӕрстой. Давидӕн рахабар чындӕуыди, галаадаг Иавешы цӕрджытӕ Саулы мард бавӕрдтой, зӕгъгӕ.

5 Давид галаадаг Иавешы цӕрджытӕм лӕгтӕ арвыста, цӕмӕй сын зӕгъой: «Дунедарӕг уын арфӕ ракӕнӕд, уӕ паддзах Саулыл афтӕ иузӕрдион кӕй разындыстут ӕмӕ йын йӕ мард кӕй бавӕрдтат, уый тыххӕй.

6 Ныр уӕ Дунедарӕджы хорзӕх уыдзӕн, ӕмӕ уыл Йӕ зӕрдӕ не сивдзӕн. Ӕз дӕр уын уӕ хорз хорзӕй бафиддзынӕн.

7 Ныр уӕхиуыл фӕхӕцут ӕмӕ фидар лӕуут, уымӕн ӕмӕ уӕ паддзах Саул фӕмард ис, мӕн та Иудӕйы хӕдзарвӕндаг йӕхицӕн паддзахӕй байсӕрста».


Йевосфет сси Израилы паддзах

8 Уӕдмӕ Неры фырт Авнер, Саулы ӕфсады разамонӕг, Саулы фырт Йевосфеты ӕрбакодта Маханаиммӕ

9 ӕмӕ йӕ паддзахӕй сӕвӕрдта ӕппӕт Израилӕн — Галаад, Ашур, Изреел, Ефрем ӕмӕ Бениаминӕн.

10 Дыууиссӕдз азы цыди Саулы фырт Йевосфетыл, Израилы паддзах куы сси, уӕд ӕмӕ паддзахиуӕг кодта дыууӕ азы. Давиды фарс та ӕрмӕст Иудӕйы хӕдзарвӕндаг уыди.

11 Давид Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕн Хевроны паддзахиуӕг кодта авд азы ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы.


Давид ӕмӕ Йевосфеты ’хсӕн хӕст

12 Неры фырт Авнер Саулы фырт Йевосфеты хӕстонтимӕ Маханаимӕй рацыди ӕмӕ Гивонмӕ йӕ ных сарӕзта.

13 Церуайы фырт Йоав та рацыди Давиды хӕстонтимӕ. Гивоны цады цур фембӕлдысты, ӕмӕ иудейӕгтӕ цадӕн йӕ иу фарс ӕрлӕууыдысты, израилӕгтӕ та — йӕ иннӕ.

14 Уӕд Авнер Йоавмӕ дзуры: «Рахизӕнт-ма фӕсивӕд ӕмӕ сӕ тыхтӕ бавзарӕнт нӕ цуры». Йоав загъта: «Рахизӕнт».

15 Бениамины байзӕддӕгтӕй дӕр, Саулы фырт Йевосфеты ӕфсадӕй, дыууадӕс лӕппуйы рахызти, ӕмӕ Давиды хӕстонтӕй дӕр — дыууадӕс.

16 Кӕрӕдзийы сӕртӕм фӕлӕбурдтой, кӕрӕдзийы фӕрсты сӕ кӕрдтӕ ныссагътой ӕмӕ иумӕ ӕрхаудысты. Уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы бынат хонынц Хелкат-Цурим, ис Гивоны цур.

17 Ӕвирхъау уыди уыцы боны тох, ӕмӕ Авнер ӕмӕ израилӕгтыл Давиды хӕстонтӕ фӕуӕлахиз сты.

18 Хӕцӕны уыдысты Церуайы ӕртӕ фырты дӕр: Йоав, Авишай ӕмӕ Асаел. Сычъийау рӕувад уыди Асаел.

19 Йӕ разӕй айста Авнеры ӕмӕ йӕ фӕсте сурын райдыдта, йӕ фӕндагӕй нӕдӕр галиуӕрдӕм здӕхт, нӕдӕр рахизӕрдӕм.

20 Авнер фӕстӕмӕ фӕкасти ӕмӕ дзуры: «Уый ды дӕ, Асаел?» — «Ӕз дӕн», — дзуапп радта уый.

21 «Исчердӕм фӕзил, — загъта йын Авнер, — лӕппутӕй искӕй ӕрцахс ӕмӕ йын йӕ хотыхтӕ дӕхицӕн байс». Фӕлӕ Асаелы нӕ бафӕндыд Авнеры ауадзын.

22 Уӕд та йӕм Авнер ногӕй радзырдта: «Иуварс дӕхи айс, науӕд дӕ зӕххыл цӕвын, ӕмӕ ма дын уӕд де ’фсымӕр Йоавмӕ цы цӕсгом равдисдзынӕн?»

23 Фӕлӕ уый нӕ састи. Уӕд Авнер йӕ арц фӕстӕрдӕм фӕзылдта ӕмӕ йын дзы йӕ гуыбын барӕхуыста. Арц иннӕрдӕм ахызт, Асаел уыцы ран ахауди ӕмӕ йӕ уд систа. Асаел кӕм фӕмард, уырдӕм-иу чи бахӕццӕ, уыдон-иу дзыхълӕуд фӕкодтой.

24 Йоав ӕмӕ Авишай фӕсте асырдтой Авнеры ӕмӕ хурныгуылдмӕ схӕццӕ сты, Гивоны ӕдзӕрӕг быдырмӕ фӕндагыл Гиахы акомкоммӕ цы къуылдым ис, Амма, зӕгъгӕ, уырдӕм.

25 Бениамины байзӕддӕгтӕ та Авнеры алыварс цӕлхӕмбырдӕй ӕрлӕууыдысты иннӕ къуылдымыл.

26 Авнер ныхъхъӕр кодта Йоавмӕ: «Нӕ кӕрдтӕ туджы кӕдмӕ ӕвдулдзыстӕм? Хорз ӕй куы зоныс, хъуыддаг цӕмӕ цӕуы, уый? Кӕд ӕрдомдзынӕ дӕ адӕмӕй, цӕмӕй се ’фсымӕрты фӕдыл мауал зилой?»

27 Йоав ын дзуапп радта: «Хуыцауӕй ард хӕрын, уыцы ныхӕстӕ раздӕр куы загътаис, уӕд мӕ адӕм абон сӕумӕйӕ ныууагътаиккой се ’фсымӕрты цӕгъдын».

28 Йоав сыкъауадындзӕй ныууасын кодта, ӕмӕ йӕ адӕм ӕрлӕууыдысты, сӕ хӕцын ныууагътой, израилӕгты фӕсте нал сырдтой.

29 Авнер ӕмӕ йӕ адӕм ӕхсӕв-бонмӕ фӕцыдысты Иорданы дӕлвӕзы, ахызтысты Иорданыл, ӕгас Битроныл сӕ фӕндаг акодтой ӕмӕ бахӕццӕ сты Маханаиммӕ.

30 Йоав Авнеры сурын куы ныууагъта, уӕд ӕрбамбырд кодта йӕ адӕмы. Давиды хӕстонтӕй, Асаелы нӕ нымайгӕйӕ, фӕхъуыди нудӕс лӕджы,

31 Бениамины байзӕддӕгтӕй та, Авнеры адӕмӕй, Давиды хӕстонтӕ ныццагътой ӕртӕсӕдӕ ӕртиссӕдз лӕджы.

32 Асаелы мард систой ӕмӕ йӕ Вифлеемы йӕ фыды зӕппадзы бавӕрдтой. Йоав йӕ адӕмимӕ ӕхсӕв-бонмӕ фӕцыди, ӕмӕ сыл Хевроны ӕрбабон ис.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan