Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

2 Паддзахӕдтӕ 15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Авессаломы растад йӕ фыды ныхмӕ

1 Фӕстӕдӕр Авессалом йӕхицӕн самал кодта тохуӕрдон ӕмӕ бӕхтӕ, стӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз хъахъхъӕнӕджы.

2 Сӕумӕраджы-иу фестад, сахары кулдуармӕ фӕндаджы раз-иу ӕрлӕууыд ӕмӕ, паддзахмӕ йӕ хъуыддаг равзарыны тыххӕй чидӕриддӕр цыди, уыдонмӕ-иу фӕдзырдта ӕмӕ сӕ фарста: «Кӕцы сахарӕй дӕ?» Уый-иу, Израилы уыцы хӕдзарвӕндагӕй у дӕ цагъар, зӕгъгӕ, дзуапп куы радта,

3 уӕд-иу ын Авессалом загъта: «Дӕ хъуыддаг раст бӕргӕ у, фӕлӕ паддзахмӕ, чи дӕм байхъуса, ахӕм лӕг нӕй».

4 Авессалом-иу ын ноджы бафтыдта йӕ ныхасыл: «Тӕхуды, ацы бӕстӕн мӕ тӕрхоны лӕгӕй куы сӕвӕриккой, уӕд ӕз алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддаг раст ӕвзарин!»

5 Исчи-иу ӕм, ныллӕг ын акувон, зӕгъгӕ, куы бацыд, уӕд-иу ын уый февнӕлдта йӕ къухмӕ ӕмӕ-иу ын аба кодта.

6 Афтӕ кодта Авессалом, израилӕгтӕй паддзахмӕ йӕ хъуыддаг равзарыны тыххӕй чи цыди, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр ӕмӕ адӕмы йӕхиуыл ӕрӕууӕндын кодта.

7 Цыппар азы фӕстӕ Авессалом паддзахӕн загъта: «Хевронмӕ ацӕуын мӕ фӕнды, Дунедарӕджы раз цы сомы ракодтон, уый сӕххӕст кӕнынмӕ.

8 Гешуры зӕххыл, арамейӕгтӕм цӕргӕйӕ, дӕ цагъар расомы кодта, ӕцӕгдӕр мӕ фӕстӕмӕ Йерусалимыл куы сӕмбӕлын кӕна Дунедарӕг, уӕд Ӕм Хевроны кӕй скувдзынӕн».

9 Паддзах ын загъта: «Цу фарнимӕ». Ӕмӕ Авессалом араст ис Хевронмӕ.

10 Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгтӕм дӕр Авессалом сусӕгӕй минӕвӕрттӕ арвыста. Бафӕдзӕхста сын: «Куыддӕр сыкъауадындзы уасын фехъусат, афтӕ-иу ныхъхъӕр кӕнут: „Авессалом спаддзах ис Хевроны“».

11 Авессалом Йерусалимӕй дыууӕсӕдӕ лӕджы йемӕ рахуыдта. Уыдон хъуыддагӕн ӕппындӕр ницы зыдтой ӕмӕ ницӕуыл гуырысхо кодтой, афтӕмӕй рацыдысты.

12 Авессалом нывӕндтӕ куы хаста, уӕд арвыста Давиды уынаффӕйы лӕгмӕ, гилойаг Ахитофелмӕ, ӕмӕ йӕ ӕрбахуыдта йӕ сахар Гилойӕ. Сусӕгвӕнд йӕ тыхы цыди, Авессаломы алыварс фылдӕрӕй-фылдӕр адӕм ӕмбырд кодта.


Давид алыгъди Йерусалимӕй

13 Давидмӕ хабархӕссӕг фӕци ӕмӕ йын загъта: «Израилӕгтӕ Авессаломы фарс фесты».

14 Уӕд Давид, йемӕ Йерусалимы чи уыди, уыцы дӕлдӕртӕн загъта: «Цомут алидзӕм. Ӕндӕр хос нын нӕй Авессаломӕй аирвӕзынӕн. Фӕтагъд кӕнут, цӕмӕй нӕ ма ӕрбаййафа ӕмӕ нын мацы фыдбылыз сараза, карды комыл ма бафтауа сахар».

15 Паддзахӕн йӕ дӕлдӕртӕ дзуапп радтой: «Нӕ хицау ӕмӕ нӕ паддзах куыддӕриддӕр зӕгъа, мах афтӕ бакӕндзыстӕм».

16 Паддзах йӕ хӕдзаронтимӕ рацыди сахарӕй, ӕрмӕст йӕ дӕс номылусы хӕдзаргӕс ныууагъта.

17 Паддзах йӕ адӕмимӕ цыди фистӕгӕй ӕмӕ Бет-Мерхакы бонасадӕн ӕркодтой.

18 Йӕ адӕм ӕмхуызонӕй, се ’хсӕн — керетӕгтӕ ӕмӕ пелетӕгтӕ, цыдысты йӕ фарсмӕ; Гатӕй йемӕ цы ӕхсӕзсӕдӕ гатаджы рацыди, уыдон та иууылдӕр цыдысты йӕ разӕй.

19 Паддзах гатаг Итайы бафарста: «Ды та махимӕ цӕмӕн цӕуыс? Аздӕх ӕмӕ ног паддзахимӕ баззай, уымӕн ӕмӕ ды ӕндӕрбӕстаг дӕ, дӕ фыдыбӕстӕй ардӕм ӕрбафтыдтӕ.

20 Нырма знон ӕрбацыдтӕ, ӕмӕ дӕ абон ӕз дӕ бынатӕй куыд фӕхауӕггаг кӕнон? Кӕдӕм цӕуын, уый ӕз мӕхӕдӕг дӕр куы нӕ зонын. Аздӕх фӕстӕмӕ ӕмӕ дӕ хиуӕтты дӕр демӕ акӕн. Дунедарӕджы хорзӕх дӕ уӕд ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхст у!»

21 Итай дзуапп радта паддзахӕн: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, ард хӕрын мӕ хицау ӕмӕ мӕ паддзахӕй, мӕлӕтӕй царды ’хсӕн кӕмдӕриддӕр уай, уым дӕ цагъар дӕр уыдзӕни демӕ».

22 «Уӕдӕ рацу», — загъта Давид Итайӕн. Ӕмӕ гатаг Итай йемӕ рацыди йӕ адӕмимӕ, сӕ бинонтӕ дӕр семӕ, афтӕмӕй.

23 Ӕгас бӕстӕ хъӕлӕсыдзагӕй куыдта, паддзахы адӕм куы фӕцӕйцыдысты, уӕд. Паддзах лӕууыди Кедроны тӕрфы, йе ’ппӕт ӕфсад йӕ рӕзты ӕдзӕрӕг быдырмӕ фӕндагыл куы ивгъуыдтой, уӕд.

24 Уым лӕууыди Цадок дӕр, йемӕ — Хуыцауы Фидыды Чырын хӕссӕг левиттӕ. Фидыды Чырын ӕрӕвӕрдтой, ӕмӕ, цалынмӕ Давидимӕ сахарӕй чи рацыди, уыцы адӕм Кедроны фаллаг фарсмӕ хызтысты, уӕдмӕ Авиафар иууылсудзинаг нывӕндтӕ хаста.

25 Паддзах Цадокӕн загъта: «Хуыцауы Фидыды Чырын фӕстӕмӕ сахармӕ ахӕсс. Йӕ хорзӕхы аккаг мӕ куы скӕна Дунедарӕг, уӕд мӕ фӕстӕмӕ раздахдзӕн ӕмӕ мын фенын кӕндзӕн Фидыды Чырын дӕр ӕмӕ, Чырын кӕм лӕууы, уыцы бынат дӕр.

26 Нӕ дыл аудын, зӕгъгӕ, куы зӕгъа, уӕд дӕр мӕнӕ дӕн: растдӕр Ӕм куыд кӕсы, афтӕ мын бакӕнӕд».

27 Паддзах ма сауджын Цадокӕн ноджыдӕр загъта: «Хъусыс, фарнимӕ аздӕх сахармӕ Авиафаримӕ, дӕ фырт Ахимаац ӕмӕ Авиафары фырт Йонатан дӕр уемӕ, афтӕмӕй.

28 Ӕз лӕудзынӕн ӕдзӕрӕг быдыры, Иорданы фаллаг фарсмӕ бахизӕн кӕм ис, уый цур ӕмӕ уӕм хабармӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн».

29 Цадок ӕмӕ Авиафар Хуыцауы Фидыды Чырын фӕстӕмӕ Йерусалиммӕ ахастой ӕмӕ уым баззадысты.

30 Давид йӕ сӕр ӕрӕмбӕрзта, афтӕмӕй бӕгъӕввадӕй ӕмӕ кӕугӕйӕ цыди Елеоны хохмӕ. Йӕ адӕм дӕр сӕ сӕртӕ ӕрӕмбӕрзтой ӕмӕ кӕугӕйӕ цыдысты йемӕ.

31 Давидмӕ фӕхабар чындӕуыд: «Ахитофел дӕр Авессаломимӕ ис, сусӕгвӕндгӕнджыты къорды». Давид загъта: «О Дунедарӕг! Ахитофелы уынаффӕ фехал».

32 Давид схӕццӕ ис хохы сӕрмӕ, Хуыцаумӕ кӕм фӕкувынц, уырдӕм, ӕмӕ уым йӕ размӕ фӕци йӕ лымӕн, аркаг Хушай, йӕ дарӕс — пырх, йӕ сӕр рыгӕй нал зынди, афтӕмӕй.

33 Давид ын загъта: «Мемӕ куы рацӕуай, уӕд мын фыдӕбоны хос уыдзынӕ,

34 фӕлӕ сахармӕ куы аздӕхай ӕмӕ Авессаломӕн афтӕ куы зӕгъай: „Паддзах, ӕз дӕ цагъар дӕн; ныронг дӕ фыды цагъар уыдтӕн, ныр та дӕ цагъар уыдзынӕн“, уӕд мын стыр ӕххуыс фӕуыдзынӕ Ахитофелы уынаффӕтӕ фехалынмӕ.

35 Уым демӕ уыдзысты сауджынтӕ Цадок ӕмӕ Авиафар, ӕмӕ-иу сӕм, паддзахы галуаны цыдӕриддӕр фехъусай, уый фӕхабар кӕн.

36 Сӕ фӕйнӕ фырты дӕр уым семӕ сты: Цадокы фырт Ахимаац ӕмӕ Авиафары фырт Йонатан. Уыдонӕн мӕм ӕрвитут, цыдӕриддӕр хъусат, уый».

37 Ӕмӕ Давиды лымӕн Хушай сахармӕ ӕрбаздӕхт. Уыцы рӕстӕг Авессалом дӕр Йерусалимы кулдуарӕй бахызт.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan