Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

2 Паддзахӕдтӕ 11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Давид ӕмӕ Вирсави

1 Иннӕ уалдзӕг, паддзӕхты хӕстон балцыты афон, Давид йӕ дӕлдӕртӕ ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтимӕ Йоавы арвыста аммонӕгты сӕйраг сахар Раввамӕ, цӕмӕй йыл ӕртыхсой ӕмӕ аммонӕгты ныддӕрӕн кӕной. Ныр Давид йӕхӕдӕг та Йерусалимы баззад.

2 Иуахӕмы изӕрӕрдӕм Давид, ӕрулӕфыны фӕстӕ йӕ уатӕй куы растади, уӕд тезгъо кодта йӕ галуаны уӕлхӕдзар ӕмӕ уырдыгӕй иу сылгоймаджы йӕхи найгӕ федта. Сылгоймаг тынг рӕсугъд уыди,

3 ӕмӕ Давид арвыста, чи у, уый сбӕрӕг кӕнынмӕ. Загътой йын: «Уый Вирсави у, Елиамы чызг, хеттаг Уриайы бинойнаг».

4 Давид арвыста йӕ дӕлдӕрты, ӕрбакӕнут ӕй, зӕгъгӕ. Уый ӕрбацыди, ӕмӕ Давид йемӕ ӕрӕмуат ис (сылгоймаг йӕ чъизийӕ уый хӕдразмӕ ссыгъдӕг ис), ӕмӕ уый фӕстӕ Вирсави йӕ хӕдзармӕ аздӕхт.

5 Сылгоймаг басывӕрджын ис ӕмӕ Давидмӕ фӕхабар кодта, сывӕрджын дӕн, зӕгъгӕ.

6 Давид арвыста Йоавмӕ: «Рарвит мӕм хеттаг Уриайы». Йоав ӕм ӕй рарвыста.

7 Уриа куы ӕрбахӕццӕ, уӕд ӕй Давид бафарста Йоавы ӕмӕ ӕфсады тыххӕй, стӕй хӕсты хабӕрттӕй.

8 Уый фӕстӕ йын загъта: «Дӕ хӕдзармӕ ныццу ӕмӕ дӕ фӕллад суадз». Уриа паддзахы къӕсӕрӕй рахызти, ӕмӕ йын йӕ фӕдыл паддзахы номӕй хуын рахастой.

9 Фӕлӕ Уриа йӕ хӕдзармӕ нӕ ацыд. Бахсӕвиуат кодта паддзахы галуаны къӕсӕрмӕ, йӕ паддзахы дӕлдӕртимӕ.

10 Давидӕн фехъусын кодтой: «Йӕ хӕдзармӕ нӕ ацыд Уриа». Давид ын загъта: «Фӕндагыл куы уыдтӕ, уӕд дӕ хӕдзармӕ цӕуылнӕ ныццӕуыс?»

11 Уриа йын дзуапп радта: «Фидыды Чырын, стӕй Израил ӕмӕ Иудӕйы ӕфсад цатырты куы сты, мӕ хицау Йоав ӕмӕ мӕ паддзахы хӕстонтӕ тыгъд быдыры рӕсӕнуаты куы бадынц, уӕд ӕз мӕ хӕдзармӕ куыд бацӕуон, куыд хӕрон ӕмӕ куыд нуазон ӕмӕ мӕ усы фарсмӕ куыд хуыссон? Сомы кӕнын Хуыцауӕй ӕмӕ дӕуӕй, ӕз уый нӕ бакӕндзынӕн».

12 Давид ын загъта: «Уӕдӕ ам баззай абон, райсом дӕ арвитдзынӕн». Ӕмӕ Уриа уыцы бон Йерусалимы баззад. Иннӕ бон ӕй

13 Давид йӕ фынгмӕ фӕхуыдта, ӕмӕ Уриа бахордта ӕмӕ бануӕзта йемӕ. Давид ӕй фӕрасыг кодта, фӕлӕ та изӕрӕй Уриа рацыди ӕмӕ йӕ паддзахы дӕлдӕртимӕ бахсӕвиуат кодта, йӕ хӕдзармӕ нӕ ацыд.

14 Райсомӕй Давид Йоавмӕ фыстӕг ныффыста ӕмӕ йӕм ӕй Уриайӕн арвыста.

15 Фыстӕджы фӕдзӕхста: «Тох карздӕр кӕм уа, уыцы ран сӕвӕрут Уриайы, ӕмӕ дзы уӕхӕдӕг уӕхи дарддӕр айсут, цӕмӕй фӕмард уа».

16 Йоав зыдта, фыдгулы ӕхсарджындӕр хӕстонтӕ кӕм сты, уый ӕмӕ, сахарыл куы ӕрхъула кодта, уӕд Уриайы тӕккӕ уыцы ран слӕууын кодта.

17 Сахары адӕм Йоавы ныхмӕ хӕцынмӕ куы ралӕууыдысты, уӕд Давиды хӕстонтӕй бирӕ фӕмард, фӕмард ис хеттаг Уриа дӕр.

18 Йоав хабаргӕнӕджы арвыста Давидмӕ, цӕмӕй йын хӕсты ӕппӕт цауты тыххӕй фехъусын кӕна.

19 Бафӕдзӕхста йын: «Паддзахӕн-иу хӕсты хабӕрттӕ иууылдӕр радзур.

20 Чи зоны ӕмӕ паддзах рамӕсты уа ӕмӕ дын зӕгъа: „Сахармӕ бырсын цӕмӕн райдыдтат? Нӕ йӕ зыдтат, сисы сӕрӕй уӕ цӕвдзысты, уый?

21 Иеруббаалы фырт Авимелех дӕр Тевецы афтӕмӕй нӕ фӕмард? Цыдӕр сылгоймаг ыл сисы сӕрӕй куыройы фыды къӕртт ӕрӕппӕрста ӕмӕ йӕ амардта! Сисмӕ хӕстӕг цӕмӕн бацыдыстут?“ Ды-иу ын дзуапп ратт: „Дӕ цагъар хеттаг Уриа дӕр фӕмард“».

22 Ӕрвыст лӕг ацыди Давидмӕ, ӕмӕ йын Йоав цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдон ын радзырдта.

23 Загъта паддзах Давидӕн: «Уыцы адӕм ныл тых кӕнын райдыдтой, ӕмӕ мах дӕр дӕлвӕзы ’рдӕм фӕфӕстӕмӕ кодтам, фӕлӕ сӕ стӕй суанг сахары кулдуары онг батардтам.

24 Уӕд нӕ ӕрдынджынтӕ сисы сӕрӕй фатӕй ӕхсын райдыдтой, ӕмӕ паддзахы цагъартӕй бирӕ фӕмард ис. Нал ис дӕ цагъар хеттаг Уриа дӕр».

25 Давид ӕрвыст лӕгӕн загъта: «Уӕдӕ зӕгъ Йоавӕн: „Цы ’рцыди, уый тыххӕй дӕхимӕ ма ныхъхъус. Цирхъ, кӕй йӕ фӕнды, уый бабын кӕны. Фӕкарздӕр кӕн дӕ тох ӕмӕ уыцы сахар ныффалгӕрон кӕн“. Афтӕ йын фӕфидар кӕн йӕ зӕрдӕ».

26 Уриайы ус фехъуыста, йӕ мой кӕй фӕмард, уый ӕмӕ йыл фӕкуыдта.

27 Йӕ саударӕн бонтӕ куы фесты, уӕд ӕм Давид арвыста ӕмӕ йӕ ӕрбакодта йӕ хӕдзармӕ. Сылгоймаг сси йӕ бинойнаг ӕмӕ йын ныййардта фырт. Фӕлӕ Давиды ми Дунедарӕджы цӕсты фыдракӕнд уыди.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan