2 Паддзахӕдтӕ 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстДавид базыдта Саул ӕмӕ Ионатаны амарды хабар 1 Саул фӕмард ис. Давид амалекӕгты ныддӕрӕн кодта ӕмӕ дыууӕ боны Циклагы баззади. 2 Ӕртыккаг бон Саулы рӕсӕнуатӕй уырдӕм иу лӕг ӕрбацыди, йӕ дарӕс пырх, йӕ сӕр та рыгӕй нал зынд, афтӕмӕй. Давидмӕ бацыди ӕмӕ йын ныллӕг акуывта. 3 Давид ӕй бафарста: «Кӕцӕй ӕрбацыдтӕ?» Уый йын дзуапп радта: «Израилы рӕсӕнуатӕй ралыгътӕн». 4 Давид ын загъта: «Цы ’рцыди? Хабар мын бӕлвырд радзур». Ӕмӕ уый радзырдта: «Адӕм лидзӕг фесты тохы быдырӕй, цӕфтӕ ӕмӕ дзы мӕрдтӕ бирӕ уыд; фӕмард сты Саул ӕмӕ йӕ фырт Ионатан дӕр». 5 Уӕд Давид хабархӕссӕг лӕппуйы бафарста: «Цӕмӕй зоныс ды Саул ӕмӕ йӕ фырт Ионатаны амӕлӕты хабар?» 6 Лӕппу загъта: «Ӕнӕнхъӕлӕджы бафтыдтӕн Гилбоайы хохмӕ ӕмӕ федтон, Саул йӕ арцыл куыд ӕрӕнцой кодта ӕмӕ йӕм тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ бӕхджынтӕ куыд баввахс сты, уый. 7 Саул фӕстӕмӕ фӕкасти ӕмӕ мӕ куы ауыдта, уӕд мӕм фӕдзырдта. Ӕз ын загътон: „Хъусын дӕм“. 8 Уый мӕ бафарста: „Чи дӕ?“ Дзуапп ын радтон: „Амалекаг“. 9 Уӕд мын афтӕ зӕгъы: „Рауай-ма, амар мӕ, науӕд саутухӕны бафтыдтӕн, мӕ уд та нырма мӕ мидӕг ис“. 10 Ӕз ӕм бацыдтӕн ӕмӕ йӕ амардтон — уыдтон, нал фервӕздзӕни, уый. Йӕ сӕрӕй йын паддзахы худ систон, йӕ цонгдарӕн ын йӕ цонгӕй рафтыдтон ӕмӕ сӕ мӕнӕ ме ’лдармӕ ӕрбахастон». 11 Уӕд Давид йӕ дарӕсмӕ фӕлӕбурдта ӕмӕ фӕйнӕрдӕм арӕдывта; афтӕ бакодтой, йемӕ чи уыди, уыдон дӕр. 12 Ӕмӕ хъарджытӕ кодтой, дзынӕзтой ӕмӕ ком дардтой изӕрмӕ, карды амӕттаг чи баци, уыдоныл: Саулыл, Саулы фырт Ионатаныл ӕмӕ Дунедарӕджы ӕфсадыл, Израилы адӕмыл. 13 Давид хабархӕссӕджы бафарста: «Кӕцӕй дӕ?» Лӕппу йын дзуапп радта: «Ӕрцӕуӕггаджы фырт дӕн, амалекаджы». 14 Уӕд ын Давид зӕгъы: «Цы ныфсӕй систай дӕ къух, Дунедарӕг кӕй байсӕрста, уымӕ?» 15 Ӕмӕ йӕ дӕлдӕртӕй иуӕн бардзырд радта: «Рацу, амар ӕй». Ӕмӕ йӕ уый амардта. 16 Давид загъта: «Дӕхи аххосӕй ӕрцыди дӕ мӕлӕт, уымӕн ӕмӕ дӕхӕдӕг загътай, Дунедарӕджы байсӕрсты амардтон, зӕгъгӕ». Давиды хъарӕг Саул ӕмӕ Ионатаныл 17 Давид Саул ӕмӕ йӕ фырт Ионатаныл скодта ацы хъарӕг, 18 ныффӕдзӕхста иудейӕгтӕн, цӕмӕй йӕ сахуыр кӕной. Рӕстӕвзары Чиныджы дӕр фыст ис: 19 «Дӕ фидауц, Израил, дӕ бӕрзӕндтыл байсӕфт. Ӕрхаудысты — оххай! — бӕгъатыртӕ. 20 Ма йӕ ской кӕнут Гаты, ма йӕ ахъӕр кӕнут Ашкелоны уынгты, цӕмӕй филистимаг чызджытӕ ма бацин кӕной — ӕнӕсунӕтты чызджытӕ ма ферайой. 21 О Гилбоайы хӕхтӕ! Ӕртӕх дӕр уыл мауал ӕрбада, къӕвда дӕр уыл мауал ӕрцӕуа, уӕ хуымтӕ тыллӕг мауал феной — уым баззад дзӕгъӕлӕй ӕхсарджынты уарт — Саулы ӕнӕсӕрст уарт уым ис! 22 Ионатаны фат никуы фездӕхти, Саулы кард никуы баззади, знаджы тугӕй нӕ сахуырсгӕйӕ, йӕ фиуӕй йын нӕ ацаходгӕйӕ. 23 Уарзон ӕмӕ цытджын Саул! Уарзон ӕмӕ цытджын Ионатан! Сӕ удӕгасӕй дӕр кӕрӕдзийӕ нӕ хицӕн кодтой, ӕмӕ сӕ мӕлӕт дӕр нӕ ахицӕн кодта. Уыдон цӕргӕсӕй цӕрдӕгдӕр уыдысты, уыдон домбайӕ домбайдӕр уыдысты! 24 Кӕут Саулыл, Израилы чызджытӕ! — зынаргъ даритӕй уӕ уый фӕлыста, зӕрин фӕлындӕнтӕ уын уый хаста! 25 Ӕрхаудысты — оххай! — бӕгъатыртӕ. Фӕмард ис хъӕбатырӕй Ионатан. 26 Куыд зын у ӕнӕ дӕу, ме ’фсымӕр Ионатан! Ды мӕ ахсджиаг уыдтӕ мӕнӕн; дӕ уарзт мын сылгоймаджы уарзтӕй зынаргъдӕр уыд. 27 Ӕрхаудысты — оххай! — бӕгъатыртӕ, бабын сты хӕстон хотыхтӕ!» |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia