2 Коринфӕгтӕм 8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстӔххуыс Йерусалимы уырнджытӕн 1 Хъусын уын кӕнӕм, ӕфсымӕртӕ, Македонийы аргъуантӕн Хуыцау цы хорзӕх радта, уый тыххӕй. 2 Уыдон фӕлвӕрд ӕрцыдысты стыр зынты, фӕлӕ уӕддӕр сӕ цинӕн кӕрон нӕй; уыцы мӕгуырӕй дӕр сӕ рӕдаудзинадӕн кӕрон нӕй. 3 Сӕ къух цас нӕ амыдта, уый бӕрц куыд лӕвӕрдтой, уымӕн ӕз мӕхӕдӕг ӕвдисӕн дӕн. 4 Хъуырыцъарӕй нын лӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй сын бар раттӕм, ӕмӕ уыдон дӕр, сӕ бон куыд у, афтӕ се ’ххуысы хай бакӕной сыгъдӕджытӕн. 5 Ӕнхъӕл куыд уыдыстӕм, уымӕй ноджы стырдӕр ӕххуыс бакодтой! Сӕхи уал раздӕр Бардарӕгӕн радтой, стӕй та, Хуыцауы фӕндӕй, махӕн. 6 Уымӕ гӕсгӕ мах куырдтам Титӕй, уыцы арфӕйаг хъуыддаг куыд райдыдта, афтӕ йӕ сымахмӕ дӕр кӕронмӕ куыд ахӕццӕ кӕна. 7 Сымах алцӕмӕй дӕр хъӕздыг стут — ис уӕм уырнындзинад, зонынад, арӕхсут дзурынмӕ, иудадзыг стут ӕнувыд, уарзут нӕ. Уӕдӕ ацы арфӕйаг хъуыддаджы дӕр уӕхи равдисут рӕдауӕй. 8 Ӕз афтӕ бардзырд дӕттыны хуызы нӕ зӕгъын, фӕлӕ, иннӕтӕ ӕнувыд кӕй сты, уымӕй фӕлварын уӕ уарзт — зӕрдиаг у ӕви нӕ. 9 Уымӕн ӕмӕ сымах зонут нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕх. Йесо хъӕздыг уыди, фӕлӕ уӕ сӕраппонд Йӕхи сгӕвзыкк кодта, Йӕ гӕвзыккӕй сымах куыд схъӕздыг уат, афтӕ. 10 Зӕгъын уын мӕ хъуыды: ацы хъуыддаг уӕ пайдайӕн у, уымӕн ӕмӕ йӕ суанг фарон фыццаг сымах райдыдтат, стӕй йӕ саразыны фӕнд дӕр фыццаг уӕхицӕй рацыд. 11 Уӕдӕ уыцы хъуыддаг ныр кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнут. Йӕ райдайын уӕ куыд зӕрдиагӕй фӕндыд, афтӕ йӕ кӕронмӕ дӕр ахӕццӕ кӕнут уӕ фадӕттӕм гӕсгӕ. 12 Нӕ къух цас амоны, уый бӕрц зӕрдиагӕй куы дӕттӕм, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у; цы нӕм нӕй, уый Хуыцау нӕ домы. 13 Ныхас ууыл нӕ цӕуы, ӕмӕ иннӕтӕн ӕнцондӕр фӕуа, сымахӕн та — зындӕр, фӕлӕ алкӕмӕ дӕр ӕмбӕрц куыд уа. 14 Ныртӕккӕ ӕййафынц хъуаг, ӕмӕ уӕм уӕлдай цы ис, уымӕй сӕм фӕкӕсут. Иннӕ хатт та уӕм уӕ хъуӕгты уыдон фӕкӕсдзысты, уӕлдай сӕм цы уа, уымӕй, уӕ алкӕмӕ дӕр ӕмхуызон куыд уа, афтӕ. 15 Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Бирӕ чи ӕрӕмбырд кодта, уымӕ уӕлдай нӕ уыди, къаддӕр чи ӕрӕмбырд кодта, уый та хъуаг не ’ййӕфта». Тит ӕмӕ йе ’мбӕлццӕттӕ 16 Бузныг Хуыцауӕй, мах уыл куыд ӕнувыд стӕм, афтӕ Титӕн дӕр сымахыл ӕнувыд уӕвыны зӕрдӕ кӕй радта, уый тыххӕй. 17 Уый уӕм ныридӕгӕн фӕцӕуы, мах ӕм кӕй ӕрхатыдыстӕм, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ йӕ фыр ӕнувыдӕй йӕхи бафӕндыд. 18 Йемӕ ма йын ӕрвитӕм, Фарны Уац адӕммӕ зӕрдиагӕй кӕй хӕссы, уый тыххӕй ӕппӕт аргъуантӕ дӕр кӕмӕй ӕппӕлынц, уыцы ӕфсымӕры. 19 Уымӕй уӕлдай ма йӕ аргъуантӕ равзӕрстой не ’мбӕлццонӕй дӕр, мах кӕй аразӕм, уыцы арфӕйаг хъуыддаджы. Уыцы куыст мах кӕнӕм Бардарӕджы кадӕн ӕмӕ йыл ӕнувыдӕй кӕй архайӕм, уый равдисынӕн. 20 Уый тыххӕй сӕ ӕрвитӕм, ӕмӕ нын не ’вджид кӕй бакодтой, уыцы ӕххуыс егъау у, ӕмӕ нӕхи хизӕм, цӕмӕй нӕ мачи базылын кӕна. 21 Мах тырнӕм, цӕмӕй ӕппӕт дӕр нывыл уа ӕрмӕст Бардарӕджы цӕсты нӕ, фӕлӕ адӕмы цӕсты дӕр. 22 Семӕ ма сын ӕрвитӕм, бирӕ хъуыддӕгты йӕхи ӕнувыдӕй чи равдыста, нӕ уыцы ӕфсымӕры. Ныр та ноджы ӕнувыддӕр у, уымӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕ тынг дары сымахыл. 23 Тит у ме ’мбал ӕмӕ ме ’мкусӕг, сымахмӕ цы куыст кӕнӕм, уым. Иннӕ ӕфсымӕртӕ та сты аргъуанты минӕвӕрттӕ, Чырыстийы кадӕн кусджытӕ. 24 Уӕдӕ йӕ аргъуантӕ куыд феной, афтӕ сын хъуыддагӕй равдисут уӕ уарзт, стӕй — сымахӕй дзӕгъӕлы бузныг кӕй не стӕм, уый. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia