2 Коринфӕгтӕм 7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, кӕд ӕмӕ нын Хуыцау уыдӕттӕй зӕрдӕ бавӕрдта, уӕд бавдӕлӕм ӕмӕ, буар ӕмӕ уд цӕмӕй фӕчъизи вӕййынц, уыдӕттӕй нӕхи ссыгъдӕг кӕнӕм, аргъуыцгӕнгӕ нӕхи снывонд кӕнӕм Хуыцауӕн. Апостолы цин 2 Уӕ зӕрдӕты нын бынат раттут. Мах никӕй хъыджы бацыдыстӕм, никӕмӕн ракодтам знаггад, никӕмӕй ницы райстам. 3 Уӕ базылын кӕныны тыххӕй нӕ зӕгъын афтӕ. Амӕй размӕ дӕр уын куы загътон: уый бӕрц уӕ уарзӕм, ӕмӕ цӕттӕ стӕм уемӕ амӕлынмӕ дӕр ӕмӕ цӕрынмӕ дӕр. 4 Ӕз уыл тынг ӕууӕндын, тынг буц уӕ дӕн. Не стыр зынты дӕр ӕз дӕн ныфсджын, ӕмӕ кӕрон нӕй мӕ цинӕн. 5 Уымӕн ӕмӕ мах Македонимӕ куы ӕрцыдыстӕм, уӕд ӕппындӕр ӕнцой нӕ зыдтам, уынгӕджы бон ныл ныккодта: нӕ алыварс — тох, нӕ зӕрдӕты — тас. 6 Фӕлӕ Хуыцау, зӕрдӕсӕстыты рӕвдауӕг, мах барӕвдыдта Титы ӕрцыдӕй, 7 ӕмӕ ӕрмӕст йе ’рцыдӕй нӕ, фӕлӕ, сымахӕй йӕ зӕрдӕ кӕй барухс, уымӕй дӕр. Уый нын радзырдта, мӕ фендмӕ кӕй бӕллут, тынг кӕй хъыг кӕнут ӕмӕ разӕнгардӕй мӕ фарс кӕй стут, уый тыххӕй. Ӕмӕ уӕд ноджы тынгдӕр бацин кодтон. 8 Кӕд уӕ мӕ фыстӕгӕй зӕрдӕхъыджы бафтыдтон — фӕсмойнаг мын нӕу. Ӕз федтон: кӕд цыбыр рӕстӕгмӕ, уӕддӕр уын мӕ фыстӕг ӕрхаста зӕрдӕхъыг, ӕмӕ йыл хъынцъыймаг фӕдӕн. 9 Ныр та райын — зӕрдӕхъыджы кӕй бафтыдыстут, ууыл нӕ, фӕлӕ уӕ уыцы хъыг фӕсмон кӕй расайдта, ууыл. Уӕдӕ уын ницы зиан ӕрхастам, уымӕн ӕмӕ уӕ хъыг Хуыцауӕн фӕндон у. 10 Хуыцауӕн фӕндон цы хъыг у, уый расайы фӕсмон, ахӕм фӕсмон та фервӕзынмӕ фӕндаг у ӕмӕ хъынцъыймаг нӕу. Дуне цы хъыг дӕтты, уый та мӕлӕт расайы. 11 Кӕсут-ма: Хуыцауӕн фӕндон хъыг уӕ куыд тынг ӕнувыд скодта, куыд зӕрдиагӕй уӕ бафӕндыд уӕ ном бахъахъхъӕнын, куыд тынг смӕсты стут, куыд егъау у уӕ тас, куыд иузӕрдион ныл разындыстут, куыд тынг разӕнгард стут азымджыны бафхӕрынмӕ! Сымах алцӕмӕй дӕр равдыстат, уыцы хъуыддаджы сыгъдӕг кӕй стут, уый. 12 Уӕдӕ уӕм ӕз иугӕр ныффыстон, уӕд ӕфхӕрӕджы сӕраппонд дӕр ӕмӕ ӕфхӕрд баййафӕджы сӕраппонд дӕр нӕ, фӕлӕ уын цӕмӕй Хуыцауы раз раргом уа, куыд ӕнувыд ныл стут, уый. 13 Ӕмӕ нӕ уымӕй барӕвдыдтат. Мах кӕй барӕвдыдтат, уымӕй фылдӕр та Титы циныл райӕм — сымах ын уе ’ппӕт дӕр фестут удӕнцойы хос. 14 Уӕдӕ Титӕн цӕмӕйдӕрты сымахӕй кӕй раппӕлыдтӕн, уымӕй къӕмдзӕстыгӕй нӕ баззадтӕн. Мах уын цы дзырдтам, уый ӕцӕг куыд у, афтӕ, Титӕн цӕмӕйты раппӕлыдыстӕм, уыдон дӕр раст рауадысты. 15 Куы ӕрымысы, йӕ коммӕ куыд кастыстут, нымдгӕнгӕ йын цы кад скодтат ӕмӕ йын цы хорз фысым фестут, уый, уӕд йӕ зӕрдӕйӕн ноджы адджындӕр свӕййут. 16 Мӕнӕн ӕхсызгон у, алы хъуыддаджы дӕр сымахӕй ныфс ӕвӕрӕн кӕй ис, уый. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia