2 Коринфӕгтӕм 5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Мах зонӕм: нӕ зӕххон хӕдзар, ацы халагъуд, куы ныккӕла, уӕд нын уӕлӕрвты ис цӕрӕнуат — адӕймаг нӕ, фӕлӕ Хуыцау кӕй сарӕзта, уыцы мыггагмӕйы хӕдзар. 2 Ныр та уал хъӕрзӕм — бӕллӕм нӕ уӕларвон буары ӕрцӕрынмӕ. 3 Уӕдӕ нӕ зӕххон агъуд куы аппарӕм, уӕд дӕр бӕгънӕг нӕ уыдзыстӕм. 4 Мах цалынмӕ ацы халагъуды цӕрӕм, уӕдмӕ хъӕрзӕм. Уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ нӕ зӕххон агъудӕй рахизын фӕнды мах; мах бӕллӕм уӕларвон агъуды бацӕуынмӕ, мӕлинаг агъуд цард куыд аныхъуыра, афтӕ. 5 Хуыцау нӕ фӕлдисгӕ дӕр уый тыххӕй скодта; ӕмӕ, афтӕ кӕй уыдзӕн, уый равдисынӕн уал нӕ схайджын кодта Йӕ Сыгъдӕг Удӕй. 6 Мах кӕддӕриддӕр ныфсджын уымӕн стӕм, ӕмӕ зонӕм: цалынмӕ нӕ буары стӕм, уӕдмӕ — ӕцӕгӕлон ран, Бардарӕгӕй дард, 7 цӕстӕй цы уынӕм, уый нӕ, фӕлӕ уырнындзинады фӕрцы кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ. 8 Стӕм ныфсджын ӕмӕ хуыздӕрыл нымайӕм буарӕй рахизын ӕмӕ нӕхи хӕдзары, Бардарӕгмӕ, ӕрцӕрын. 9 Уӕдӕ, буары уӕм ӕви нӕ, не стырдӕр фӕндиаг у Бардарӕджы уарзонӕй цӕрын. 10 Уымӕн ӕмӕ не ’ппӕты дӕр Чырыстийы тӕрхоны раз ӕрлӕууын бахъӕудзӕни, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр лӕвӕрд ӕрцӕуа, йӕ буары ма куы уыди, уӕд хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр цы сарӕзта, уымӕ гӕсгӕ. Чырысти — Хуыцауимӕ фидауынгӕнӕг 11 Мах зонӕм Бардарӕджы тас ӕмӕ ӕууӕндын кӕнӕм адӕмы. Цы стӕм, уый Хуыцауӕн зындгонд у; афтӕ ӕнхъӕл дӕн, ӕмӕ сымах дӕр мах тыххӕй алцыдӕр зонут. 12 Ногӕй та уын нӕхи нӕ амонӕм, фӕлӕ уын дӕттӕм, махӕй буц куыд уат, ахӕм фадат. Уӕд уӕ бон ныхкъуырд раттын уыдзӕни, зӕрдӕйы нӕ, фӕлӕ, ӕдде цы ис, уымӕй хъал чи у, уыдонӕн. 13 Кӕд сонт стӕм, уӕд — Хуыцауы сӕраппонд; нӕ зонд кӕд нӕхимӕ ис, уӕд — сымах сӕраппонд. 14 Кӕд иу амарди ӕппӕт адӕмы сӕрвӕлтау, уӕд иууылдӕр амардысты — мах уый куы бамбӕрстам, уӕдӕй фӕстӕмӕ Чырыстийы уарзт немӕ ис. 15 Чырысти амарди ӕппӕт адӕмы сӕрвӕлтау, цӕмӕй удӕгӕстӕ сӕхицӕн ма цӕрой, фӕлӕ цӕрой, уыдоны сӕрвӕлтау Чи амард ӕмӕ райгас ис, Уымӕн. 16 Уымӕ гӕсгӕ нырӕй фӕстӕмӕ адӕймаджы цӕстӕй никӕмӕуал кӕсӕм. Кӕддӕр ахӕм цӕстӕй кастыстӕм Чырыстимӕ, ныр та Йӕм нал кӕсӕм. 17 Уӕдӕ Чырыстиимӕ чи ис, уый ног адӕймаг у — йӕ зӕронд цардӕн ӕрцыд кӕрон, райдыдта йӕ ног цард. 18 Ӕппӕт уыдӕттӕ сты, Чырыстийы фӕрцы нӕ Йемӕ Чи бафидауын кодта ӕмӕ нын адӕмы Йемӕ бафидауын кӕныны куыст Чи бафӕдзӕхста, уыцы Хуыцауӕй. 19 Мах хъусын кӕнӕм: Хуыцау дунеимӕ Чырыстийы фӕрцы бафидыдта — адӕмӕн ныббарста сӕ тӕригъӕдтӕ. Ӕмӕ фидыды ныхас нӕ бӕрны бакодта. 20 Уӕдӕ Чырыстийы минӕвӕрттӕ стӕм мах ӕмӕ, цыма Хуыцау Йӕхӕдӕг зӕгъы нӕ дзыхӕй, уыйау Чырыстийы номӕй курӕм сымахӕй: бафидаут Хуыцауимӕ. 21 Тӕригъӕдтӕ Кӕмӕ нӕ уыди, Уый мах сӕраппонд Хуыцау бафхӕрдта тӕригъӕдджыны бафхӕрӕгау, цӕмӕй Йӕ фӕрцы сраст уӕм Хуыцауы раз. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia