2 Коринфӕгтӕм 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Афтӕ нӕ уайы, цыма та уын мах дӕр ногӕй, мӕнӕ куыд хорз стӕм, зӕгъгӕ, нӕхи бацамоныныл архайӕм? Кӕйдӕрты сӕхицӕй ӕппӕлыны сӕр куыд хъӕуы, афтӕ махмӕ дӕр хъуамӕ ахӕм фыстӕджытӕ уа сымахӕн равдисынӕн, кӕнӕ уын сӕ уӕхицӕй хъуамӕ райсӕм? 2 Сымах уӕхӕдӕг стут нӕ фыстӕг! Уый нӕ зӕрдӕты фыстӕй лӕууы, алкӕмӕн дӕр зындгонд у, алчидӕр ӕй, йӕ бон у, ӕмӕ бакӕса. 3 Нӕ фӕллойы руаджы Чырыстийы фыстӕг кӕй стут, уый уыны алчидӕр. Уыцы фыстӕг милдонӕй фыст нӕу — цардӕгас Хуыцауы Уды фыст ис; къӕйдуртыл фыст нӕу, фӕлӕ зӕрдӕйы къултыл. 4 Уый ӕнӕмӕнг афтӕ кӕй у, ууыл Хуыцауы раз фидарӕй ӕууӕндӕм Чырыстийы руаджы. 5 Уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ нӕхӕдӕг истӕмӕн бӕззӕм. Мах афтӕ нӕ нымайӕм, ӕмӕ нӕм нӕхи цавӕрдӕр курдиат ис. Нӕ! Цы нӕм ис, уый Хуыцауӕй лӕвӕрд у. 6 Хуыцау махӕн радта Йӕ Ног Фидыды кусджыты арӕхстдзинад. Уыцы ног фидыдмӕ гӕсгӕ Хуыцау ныр фыст ӕгъдау нал дӕтты, фӕлӕ хай кӕны Йӕ Удӕй. Уымӕн ӕмӕ фыст ӕгъдау маргӕ кӕны, Уд та цард дӕтты. 7 Йӕ бындур къӕйдуртыл фыст дамгъӕтӕ кӕмӕн уыдысты, кӕд уыцы мӕлӕтхӕссӕг куыст афтӕ намысджын уыд, ӕмӕ рӕстӕгмӕ тӕмӕнтӕ чи калдта, Моисейы уыцы цӕсгоммӕ кӕсын Израилы адӕм нӕ фӕрӕзтой, 8 уӕд Уды фӕрцы кусын та бирӕ намысджындӕр нӕу, ӕви? 9 Ӕгъдауӕн лӕггадӕй тӕрхойнаг фӕуӕн уыдис, ӕмӕ кӕд уый скадджын ис, уӕд цас кадджындӕр хъуамӕ уа, адӕймаджы цы куыст раст кӕны, уый! 10 Кӕддӕр кадджын цы уыди, уый ныр кадджын нал у, уымӕн ӕмӕ фӕци ноджы кадджындӕры аууон. 11 Кӕрон кӕмӕн хъуамӕ ӕрцыдаид, кӕд уый намысджын уыд, уӕд, кӕрон кӕмӕн не ’рцӕудзӕн, уый та цас ӕмӕ цас намысджындӕр у! 12 Махмӕ ис ахӕм ныфс ӕмӕ архайӕм ӕргом, ӕдӕрсгӕ; 13 нӕ фӕзмӕм Моисейы — уый ӕмбӕрзта йӕ цӕсгом, рӕстӕгмӕ цы у, уымӕн йӕ кӕрон Израилы адӕм куыд нӕ уыной, афтӕ. 14 Нырма дӕр сӕ зонд куырм у. Рагон Фӕдзӕхст куы фӕкӕсынц, уӕд ыл уыцы ӕмбӕрзӕн тыгъд у, уымӕн ӕмӕ йӕ Чырысти хъуамӕ сиса. 15 Абон дӕр ма, Моисейы Ӕгъдау кӕсгӕйӕ, ӕмбӕрзӕн тыгъд у сӕ зӕрдӕтыл. 16 Фӕлӕ, Бардарӕгмӕ куы ӕрцӕуынц, уӕд уыцы ӕмбӕрзӕн айстӕуы. 17 Бардарӕг у Уд, ӕмӕ, Бардарӕджы Уд кӕм ис, сӕрибар дӕр уым ис. 18 Мах не ’ппӕт дӕр гом цӕсгомимӕ кӕсӕм Бардарӕджы кадмӕ, уыцы кад зыны махыл дӕр ӕмӕ нӕ кӕны Бардарӕджы хуызӕн — уый аразы Бардарӕг, Уый та у Уд. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia