Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

2 Коринфӕгтӕм 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ мӕхицӕн хуыздӕрыл банымадтон сымахмӕ нӕ ацӕуын, цӕмӕй та уын ногӕй зӕрдӕхъыджы хос ма разынон.

2 Хъыджы уӕ куы бафтауон, уӕддӕр мын мӕ зӕрдӕ чи барухс кӕндзӕн, хъыджы кӕй бафтыдтон, уыдоны йеддӕмӕ?

3 Фысгӕ дӕр уӕм уый тыххӕй ныккодтон, цӕмӕй уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд мӕ маст ма бауадзой, мӕ зӕрдӕ кӕмӕй хъуамӕ барухс уа, уыдон. Уырны мӕ: мӕ цин уе ’ппӕты цин дӕр у.

4 Ӕз уӕм мӕстджынӕй ӕмӕ зӕрдӕрыстӕй, бирӕ цӕссыг калгӕйӕ, масты уӕ бафтауыны тыххӕй нӕ ныффыстон, фӕлӕ цӕмӕй сымах базонат, ӕз уӕ куыд бирӕ уарзын, уый.


Дӕ бафхӕрӕгӕн ныббар

5 Ӕмӕ кӕд исчи искӕй зӕрдӕйы маст бауагъта, уӕд уымӕй мӕн не смӕстджын кодта, фӕлӕ — ныхас ӕгӕр карз куыд нӕ рауайа, афтӕ мӕ фӕнды — иу цасдӕр уе ’ппӕты дӕр.

6 Уыцы адӕймагӕн ӕгъгъӕд фӕуӕд, уӕ фылдӕрӕй цы ӕфхӕрд баййӕфта, уый.

7 Ныр та уын хуыздӕр у уымӕн ныббарын ӕмӕ йӕ барӕвдауын, цӕмӕй йӕ хъыг ма фегӕр уа.

8 Уымӕ гӕсгӕ уӕ курын уӕ уарзт ӕм хъуыддагӕй равдисын.

9 Фысгӕ дӕр уӕм, алы хъуыддаджы дӕр коммӕгӕс стут ӕви нӕ, уый бафӕлварыны тыххӕй ныккодтон.

10 Кӕмӕн хатыр кӕнут, уымӕн ӕз дӕр хатыр кӕнын. Ӕз цы ныббарстон (кӕд уӕвгӕ исты ныббарстон), уӕд ӕй Чырыстийы раз уӕ сӕраппонд ныббарстон,

11 цӕмӕй нын сайтан зиан ма ӕрхӕсса — йӕ фыдвӕндтӕ нын зындгонд сты.


Павел Троадӕ ӕмӕ Македонийы

12 Троадӕмӕ Чырыстийы тыххӕй Фарны Уац хъусын кӕнынмӕ куы ӕрцыдтӕн, уӕд мын уыцы куыстӕн кӕд Бардарӕг дуӕрттӕ байгом кодта,

13 уӕддӕр мӕ уд ӕнцой нӕ зыдта, уымӕн ӕмӕ ме ’фсымӕр Тит уым нӕ разынди. Уымӕ гӕсгӕ сын хӕрзбон загътон ӕмӕ ацыдтӕн Македонимӕ.

14 Бузныг Хуыцауӕй — Уый нӕ уӕлахиздзаутау кӕддӕриддӕр хоны Чырыстийы фӕдыл. Чырыстийы уац ӕхцон хӕрздӕфау Хуыцау мах руаджы парахат кӕны алы ран дӕр.

15 Уымӕн ӕмӕ махӕй цӕуы Чырыстийы уацы хӕрздӕф, ӕмӕ уый Хуыцауы кадӕн у. Уыцы хӕрздӕф ӕнхъӕвзы фервӕзыны фӕндагыл цӕуджытыл дӕр ӕмӕ сӕфты фӕндагыл цӕуджытыл дӕр.

16 Иутӕн уый у мӕлӕты тӕф мӕлынӕн, иннӕтӕн та — царды хӕрздӕф цӕрынӕн. Адӕмӕй исчи разындзӕн, мыййаг, ахӕм куысты аккаг?

17 Бирӕтӕ цӕстфӕлдахджытау зыгъуыммӕ кӕнынц Хуыцауы ныхас. Мах уыдонӕй не стӕм — Хуыцауы номӕй ӕмӕ Хуыцауы раз дзурӕм сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, Чырыстиимӕ ӕмудӕй.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan