Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

2 Коринфӕгтӕм 13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Зондамонӕн ныхӕстӕ

1 Ныр уӕм ӕртыккаг хатт цӕуын. «Алы хъуыддаг дӕр хъуамӕ дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны раз ӕвзӕрст цӕуа».

2 Дыккаг хатт уӕм куы уыдтӕн, уӕд рагацау загътон, тӕригъӕды чи бафтыд, уыдонӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн се ’ппӕтӕн дӕр; ныр та фӕсаууонмӕ ногӕй зӕгъын: куы ӕрцӕуон, уӕд хатыр никӕмӕн уыдзӕн.

3 Уымӕн ӕмӕ сымах, Чырысти мӕ дзыхӕй дзуры ӕви нӕ, уымӕн исты ӕвдисӕйнӕгтӕ домут. Чырысти уын ӕдых нӕу, фӕлӕ Йӕ хъару равдисы уе ’хсӕн.

4 Кӕд Ӕй ӕдыхӕй байтыгъдӕуыд, уӕддӕр цӕры Хуыцауы хъаруйӕ. Чырысти куыд ӕдых уыди, мах дӕр афтӕ ӕдых стӕм, фӕлӕ, Хуыцауы хъаруйӕ, Йемӕ сӕрӕгас уыдзыстӕм.

5 Уӕхи бафӕлварут, уырнындзинад уӕм ис ӕви нӕ; уӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсут. Ӕви Йесо Чырысти уӕ зӕрдӕты кӕй ис, уый нӕ зонут? Кӕд ӕй нӕ зонут, уӕд, цавӕр хъуамӕ уат, ахӕмтӕ не стут.

6 Уыцы ныфс мӕ ис, ӕмӕ сымах базондзыстут, мах цавӕр хъуамӕ уӕм, ахӕм кӕй стӕм, уый.

7 Ӕмӕ кувӕм Хуыцаумӕ, цӕмӕй ӕвзӕрӕй мацы саразат. Нӕ куывд уый сӕрыл нӕу, ӕмӕ, цавӕр хъуамӕ уӕм, нӕхи ахӕмӕй равдисӕм — фӕнды нӕ, цӕмӕй сымах аразат хорз хъуыддӕгтӕ, мах цавӕр хъуамӕ уӕм, ахӕмтӕ уӕм куы нӕ кӕсӕм, уӕд дӕр.

8 Уымӕн ӕмӕ ӕцӕгады ныхмӕ ӕнӕбон стӕм, ӕцӕгады сӕраппонд та — тыхджын.

9 Мах лӕмӕгъ куы вӕййӕм, сымах та — тыхджын, уӕд цины бафтӕм. Сымах ӕнаипп цӕмӕй уат, кувгӕ дӕр уый сӕраппонд кӕнӕм.

10 Ӕппӕт уыдӕттӕ уӕм фӕсаууонмӕ уый тыххӕй фыссын, ӕмӕ, сымахмӕ куы уон, уӕд мӕ ма бахъӕуа мӕхи карзӕй равдисыны сӕр, халынӕн нӕ, фӕлӕ мын аразынӕн Бардарӕг цы бартӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ.

11 Ӕппынфӕстаг, ӕфсымӕртӕ, цин кӕнут, тырнут ӕнаипп уӕвынмӕ, кӕрӕдзийӕн ныфс ӕвӕрут, ут ӕмзонд, цӕрут фидыдӕй, ӕмӕ гъеуӕд уарзт ӕмӕ фарн дӕттӕг Хуыцау уыдзӕн уемӕ.

12 Кӕрӕдзийӕн салам дӕттут ӕфсымӕрон байӕ. Салам уын ӕрвитынц сыгъдӕджытӕ иууылдӕр.

13 Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕх уӕ уӕд! Хуыцауы уарзт ӕмӕ Сыгъдӕг Удӕй уе ’ппӕт дӕр хайджын ут!

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan