2 Коринфӕгтӕм 12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстПавелӕн цы раргом ис 1 Кӕд ницы пайда у, уӕддӕр хъуамӕ раппӕлон мӕхицӕй. Райдайдзынӕн дзурын, Хицау мын цы фенын ӕмӕ раргом кодта, уыдӕтты тыххӕй. 2 Ӕз зонын иу чырыстон адӕймаджы. Цыппӕрдӕс азы размӕ йӕ, — нӕ зонын, йӕ буары уыд ӕви нӕ, Хуыцау ӕй зоны, — систӕуыд ӕртыккаг уӕларвмӕ. 3 Йӕ буары уыд ӕви нӕ, уый нӕ зонын, Хуыцау ӕй зоны, фӕлӕ зонын, уыцы адӕймаджы 4 систӕуыди дзӕнӕтмӕ ӕмӕ фехъуыста, ӕвзагыл чи нӕ бады ӕмӕ адӕймаг кӕй хъуамӕ басусӕг кӕна, ахӕм ныхӕстӕ. 5 Ахӕм адӕймагӕй раппӕлдзынӕн, мӕхицӕй та нӕ раппӕлдзынӕн. Мӕхицӕй куы ӕппӕлон, уӕд ӕрмӕстдӕр мӕ лӕмӕгъдзинадӕй. 6 Ӕниу мӕ мӕхицӕй раппӕлын куы бафӕнда, уӕд дӕр ӕнӕзонд нӕ уыдзынӕн — раст цы у, уый зӕгъдзынӕн. Фӕлӕ мӕхиуыл куы фӕхӕцон, уӕд хуыздӕр уыдзӕн, цӕмӕй мӕ исчи, куы мӕ фӕуыны ӕмӕ мӕм куы фӕхъусы, уӕд ӕм куыд фӕкӕсын, уымӕй хуыздӕр ма фенхъӕла. 7 Ӕмӕ мын Хуыцау цы раргом кодта, ӕппӕт уыдӕттӕй мӕхиуыл куыд нӕ фервӕссон, уый тыххӕй мӕ буары фӕцавдӕуыд фат — сайтаны зӕд; уый мӕ мары тухӕнӕй, цӕмӕй мӕхиуыл ма фервӕссон. 8 Уымӕй фервӕзыны тыххӕй ӕртӕ хатты лӕгъстӕ кодтон Бардарӕгӕн, 9 фӕлӕ мын загъта: «Ӕгъгъӕд дын у Мӕ хорзӕх, уымӕн ӕмӕ Мӕ тых йӕ тыхы бацӕуы, адӕймаг лӕмӕгъ куы вӕййы, уӕд». Уымӕ гӕсгӕ ӕз зӕрдиагдӕрӕй ӕппӕлдзынӕн, ӕдых кӕй дӕн, уымӕй, иудадзыг Чырыстийы хъаруйӕ хайджын куыд уон, афтӕ. 10 Уымӕ гӕсгӕ Чырыстийы сӕраппонд ӕз райгонд дӕн мӕ лӕмӕгъдзинадӕй, ме ’фхӕрдӕй, мӕ хъуӕгтӕй, мӕ фӕдыл кӕй зилынц, уымӕй, мӕ тыхст уавӕртӕй. Уымӕн ӕмӕ тыхджын вӕййын лӕмӕгъӕй. Павелы мӕт Коринфы аргъуаныл 11 Ӕз сдӕн ӕнӕзондау — уымӕ мӕ уӕхӕдӕг ӕртардтат. Уӕвгӕ та мӕ сымах хъуамӕ ӕппӕликкат. Кӕд ӕз ницы дӕн, уӕддӕр «уӕлдӕр апостолтӕй» ницӕмӕй цауддӕр дӕн. 12 Апостол кӕй дӕн, уый уын равдыстон мӕ фӕразонӕй, ӕвдисӕйнӕгтӕй, диссӕгтӕй ӕмӕ стыр хъуыддӕгтӕй. 13 Иннӕ аргъуантӕй уӕлдай уӕ хъыджы цӕмӕй бацыдтӕн? Кӕй уӕ нӕ батыхсын кодтон, уымӕй? Ныббарут мын мӕ ацы азым! 14 Ныр цӕттӕ дӕн ӕртыккаг хатт сымахмӕ цӕуынмӕ, ӕмӕ уӕ нӕ батыхсын кӕндзынӕн. Мӕн уӕ мулк нӕ хъӕуы — уӕхӕдӕг мӕ хъӕут. Хъуамӕ ныййарджытӕн бынтӕ сӕ хъӕбултӕ ма кӕной, фӕлӕ хъӕбултӕн — сӕ ныййарджытӕ. 15 Цыдӕриддӕр мӕм ис, уый дӕр ӕмӕ суанг мӕхи дӕр цингӕнгӕ ратдзынӕн уӕ удты сӕраппонд. Ӕз уӕ бирӕ куы уарзын, уӕд мӕ сымах къаддӕр цӕмӕн уарзут? 16 Зӕгъӕм, ӕз уӕ мӕхӕдӕг нӕ батыхсын кодтон. Фӕлӕ кӕд, мыййаг, хин адӕймаг дӕн, сайдӕй уыл рацыдтӕн ӕмӕ уӕ афтӕмӕй мӕхи бакодтон? 17 Кӕнӕ уӕм кӕй арвыстон, кӕд уӕ, мыййаг, уыдонӕй кӕйдӕр фӕрцы исты райстон? 18 Ӕз ӕрхатыдтӕн Титмӕ сымахмӕ ацӕуыны тыххӕй, ӕмӕ ма йын ӕфсымӕртӕй иуы арвыстон йемӕ. Тит уӕ исты райста? Мах Титимӕ ӕмзӕрдӕ нӕ уыдыстӕм исты, иу фӕндагыл нӕ цыдыстӕм, мыййаг? 19 Цыма алцӕмӕй дӕр уӕ разы нӕхи раст кӕнӕм, афтӕ уӕм кӕсы? Мах цы дзурӕм, уый, Чырыстиимӕ иугондӕй, Хуыцауы раз дзурӕм. Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, ӕппӕт уыдӕттӕ мах кӕнӕм уе сфидар кӕныны тыххӕй. 20 Тӕрсын, куы уӕм ӕрцӕуон, уӕд куы бамбарӕм, нӕдӕр ӕз, нӕдӕр сымах кӕй не стӕм, кӕрӕдзийы нӕ цавӕрӕй фенын фӕндыд, ахӕмтӕ; куы уӕм ӕрӕййафон хъаугъатӕ, хӕлӕг, маст, кӕрӕфдзинад, хахуыртӕ, фыдгой, схъӕлдзинад ӕмӕ змӕстытӕ… 21 Куы уӕм ӕрцӕуон, уӕд та мӕ Хуыцау сымах тыххӕй куы фегад кӕна ӕмӕ кӕуинаг куы фӕуон, тӕригъӕды чи бацыди ӕмӕ йӕ чъизи хъуыддӕгтӕ, йӕ хъахбайдзинад ӕмӕ ӕлгъаг митыл фӕсмон чи нӕ фӕкодта, бирӕ ахӕм адӕмтыл. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia