2 Коринфӕгтӕм 11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстПавел ӕмӕ мӕнг апостолтӕ 1 Кӕд иу чысыл ӕдылыгомау дӕн, уӕддӕр мын уӕд та куы бабыхсиккат! Уӕ хорзӕхӕй, бабыхсут! 2 Ӕз уыл ӕнувыд дӕн; Хуыцауы куыд нӕ фӕнды, афтӕ мӕн дӕр нӕ фӕнды, ӕмӕ ма уыл ӕндӕр искӕй бар дӕр цӕуа. Ӕз сымах иунӕг Лӕгӕн — Чырыстийӕн — ӕрцӕттӕ кодтон ӕмкъайӕн, цӕмӕй уӕ ӕнӕкъӕм чызгӕй ӕрлӕууын кӕнон Йӕ разы. 3 Фӕлӕ уын ӕз тӕрсын, калм Евӕйыл хинӕй куыд рацыд, афтӕ сымахӕн дӕр уӕ зонд зыгъуыммӕгонд куы ’рцӕуа, ӕмӕ Чырыстийы сыгъдӕг ӕмӕ иузӕрдион уарзтӕй куы адард уа. 4 Уымӕн ӕмӕ уӕм исчи куы ӕрцӕуы, уӕд ын фӕдӕттут, мах уын Кӕй тыххӕй нӕ дзырдтам, ахӕм ӕндӕр Йесойы тыххӕй дзурыны бар; ӕнӕзивӕгӕй райсут, раздӕр кӕй нӕ райстат, ахӕм мон ӕмӕ тынг хорз фӕхъусут, раздӕр кӕй нӕ фехъуыстат, ахӕм Фарны Уацмӕ. 5 Мӕнмӕ та афтӕ кӕсы, ӕмӕ ӕз уыцы «уӕлдӕр апостолтӕй» ницӕмӕй цауддӕр дӕн. 6 Рӕсугъд дзурынмӕ нӕ арӕхсын, зонынадӕй та ӕнӕхай нӕ дӕн — уый уын мах равдыстам алцӕмӕй дӕр. 7 Цӕмӕй сымах сбӕрзонд уат, уый тыххӕй мӕхи кӕй ӕрныллӕг кодтон ӕмӕ уын Хуыцауы Фарны Уац лӕвар кӕй амыдтон, уымӕй ӕз тӕригъӕды, мыййаг, бафтыдтӕн? 8 Зӕгъӕн ис, ӕз стыгътон иннӕ аргъуантӕ — сымахӕн балӕггад кӕныны тыххӕй ӕхца уыдонӕй истон. Сымахмӕ куы уыдтӕн, уӕд хъуаг кӕд ӕййӕфтон, уӕддӕр никӕй батыхсын кодтон. 9 Хъуаг цӕмӕй ӕййӕфтон, уымӕй мын баххуыс кодтой Македонийӕ ӕрцӕуӕг ӕфсымӕртӕ. Ӕз уӕ никуы батыхсын кодтон ӕмӕ уӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕр нӕ батыхсын кӕндзынӕн. 10 Афтӕ кӕй у, уымӕй мын ӕппӕт Ахайы дӕр мӕхицӕй ӕппӕлыны бар ничи байсдзӕн — ӕз уый зӕгъын, Чырыстийы ӕцӕгадӕй хайджын кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ. 11 Цӕмӕн афтӕ дарын мӕхи? Кӕй уӕ нӕ уарзын, уый тыххӕй? Хуыцау — ӕвдисӕн: ӕз уӕ бирӕ уарзын. Фӕлӕ, мӕхи куыд дардтон, афтӕ дардзынӕн нырӕй фӕстӕмӕ дӕр, 12 цӕмӕй ӕфсон агурджытӕн ӕфсон ма уа сӕхицӕй раппӕлынӕн, цыма не ’мсӕр сты, уыйау. 13 Уымӕн ӕмӕ ахӕмтӕ сты мӕнгапостолтӕ, фӕлитой кусджытӕ, сӕхи ӕвдисынц афтӕ, цыма Чырыстийы апостолтӕ сты. 14 Уым диссагӕй ницы ис: сайтан дӕр йӕхи равдисы рухсы зӕдӕй. 15 Ӕмӕ йӕ кусджытӕ дӕр рӕстады кусджытӕй сӕхи куы февдисынц, уӕд уый, чи никуы ӕрцыд, ахӕм хабар нӕу. Фӕлӕ сӕ кӕрон уыдзӕни сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ. Апостолты бирӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ хъуӕгтӕ 16 Зӕгъын ма уын: ӕнӕзондыл мӕ мачи нымайӕд. Фӕлӕ мӕ кӕд ӕнӕзондыл нымайут, уӕддӕр мыл барвӕссут ахӕмӕй дӕр, цӕмӕй уын ӕз дӕр иу гыццыл раппӕлон мӕхицӕй. 17 Ӕз ныртӕккӕ цы зӕгъдзынӕн, уый Бардарӕгӕн фӕндон нӕу — райдайдзынӕн мӕхицӕй ӕппӕлын ӕнӕзондау. 18 Сӕ зӕххон хъуыддӕгтӕй бирӕтӕ сӕхицӕй куыд ӕппӕлынц, афтӕ ӕз дӕр ӕппӕлдзынӕн мӕхицӕй. 19 Уымӕн ӕмӕ сымах, зондджынтӕ, ӕнӕзӕндтыл зӕрдиагӕй ӕууӕндут. 20 Сымах быхсут, йӕхицӕн уӕ цагъартӕ чи кӕны, уӕ мулк уын чи хӕры, цумагӕнӕн уӕ чи аразы, ӕнӕввӕрсонтӕ уыл чи кӕны, цӕвынӕй уыл чи нӕ ауӕрды, уыдоны. 21 Худинаг мӕм кӕсы, фӕлӕ йыл уӕддӕр сӕттын: уыдонимӕ абаргӕйӕ, мах ам, ӕвӕццӕгӕн, лӕмӕгъ разындыстӕм! Кӕд исчи истӕмӕй раппӕлынмӕ йӕ ныфс хӕссы, уӕд ӕз дӕр — ме ’нӕзондӕй йӕ зӕгъын — мӕ ныфс хӕссын. 22 Уыдон дзуттӕгтӕ сты? Ӕз дӕр. Израилӕгтӕ сты? Ӕз дӕр. Авраамы цот сты? Ӕз дӕр. 23 Чырыстийы кусджытӕ сты? Мӕ зонд цыма фӕцыд, ӕз уыйау зӕгъын: ӕз уыдонӕй уӕлдӕр дӕн. Ӕз дзӕвгар фылдӕр бафыдӕбон кодтон, дзӕвгар фылдӕр уыдтӕн ахӕстӕтты, надтой мӕ ӕнӕвгъаудӕрӕй, бирӕ хӕттыты кастӕн мӕлӕты дзыхмӕ. 24 Иудейӕгты къухӕй фондз хатты бавзӕрстон фӕйнӕ нудӕс ӕмӕ ссӕдз цӕфы; 25 ӕртӕ хатты мыл лӕдзджытӕй ӕрцыдысты; иу хатт мӕ дуртӕй мардтой; ӕртӕ хатты наусӕфты бахаудтӕн, ӕхсӕв ӕмӕ бон денджызы, доны мидӕг, арвыстон. 26 Ӕдзух фӕндагыл дӕн, ӕдзух — тӕссаг уавӕрты: донивылд, абырджытӕ, ме ’мбӕстӕгтӕ, муртаттӕгтӕ. Уыимӕ ма ноджы алы фыдбылызтӕ: сахары, цӕуӕг кӕм нӕй, ахӕм рӕтты, денджызы, мӕнгӕфсымӕрты къухӕй… 27 Уӕззау куыст, ӕнӕхуыссӕг ӕхсӕвтӕ, стонг ӕмӕ дойны, уазал ӕмӕ бӕгънӕг… 28 Уымӕй уӕлдай — ӕппӕт аргъуанты сагъӕсы ӕрвылбоны уаргъ. 29 Кӕйдӕр хъару куы асӕтты, уӕд исты мӕ хъару дӕр йемӕ нӕ асӕтты? Исчи куы фӕрӕдийы ӕмӕ куы фӕкӕлы, уӕд иууылдӕр не ссудзын артау? 30 Кӕд мӕ уӕддӕр мӕхицӕй раппӕлын хъӕуы, уӕд ӕрмӕстдӕр — мӕ лӕмӕгъдзинад цӕй мидӕг ис, уымӕй. 31 Нӕ Бардарӕг Йесойы Фыд ӕй зоны, мӕнг кӕй нӕ зӕгъын, уый. Арфӕгонд уӕд мыггагмӕ! 32 Паддзах Аретайы бӕстыхицау мӕн ӕрцахсыны тыххӕй Дамаскы сахары рацӕуӕнтӕ бӕргӕ хъахъхъӕдта, фӕлӕ мӕ рудзынгӕй тӕсчъы ӕруагътой сисыл, ӕмӕ йӕ къухмӕ нӕ бахаудтӕн. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia