2 Коринфӕгтӕм 10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстПавел раст кӕны йӕхи 1 Лӕгӕй-лӕгмӕ уемӕ ӕнӕныфсхаст чи у, уӕ фӕсаууонмӕ та — сӕрӕн, ӕз уыцы Павел дӕн. 2 Чырыстийы сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ хӕларзӕрдӕйы хатырӕй, куы уӕм ӕрцӕуон, уӕд мӕ, курын уӕ, ахӕм уавӕры ма сӕвӕрут, ӕмӕ мӕ мӕхи хъӕбатыр ӕмӕ ныфсхастӕй равдисын куыд бахъӕуа: мӕхи ахӕмӕй равдисын мӕ бон у, мӕнӕй афтӕ ӕнхъӕл чи у, ӕз дӕр, ацы дунейы адӕм куыд цӕрынц, афтӕ цӕрын, уыдоны раз. 3 Уымӕн ӕмӕ, кӕд адӕймаджы буары цӕрӕм, уӕддӕр адӕймаджы фӕрӕзтӕй нӕ тох кӕнӕм. 4 Мах цы хотыхтӕй хӕцӕм, уыдон адӕймаджы конд не сты, уыдонӕн сӕ мидӕг ис Хуыцауы тых, ӕмӕ уый та фидӕрттӕ ныппырх кӕны. 5 Хуыцауы базоныны фӕндагыл цы цӕлхдуртӕ сӕвӕрдӕуыд, уыдон фӕнык фестын кӕнӕм ӕмӕ уацары райсӕм алы хъуыды дӕр, цӕмӕй йӕ Чырысти басӕтта. 6 Ӕмӕ бынтондӕр куы басӕттат, уӕд мах цӕттӕ уыдзыстӕм цавӕрфӕнды хивӕнддзинад бафхӕрынмӕ дӕр. 7 Ӕддаг бакастӕй цы зыны, уымӕ кӕсут? Чырыстийы кӕй у, ууыл фидарӕй чи ӕууӕнды, уый ноджыдӕр ахъуыды кӕнӕд, мах дӕр уыйау Чырыстийы кӕй стӕм, ууыл. 8 Уӕ аргъуан фехалынӕн нӕ, фӕлӕ йӕ саразынӕн Бардарӕг махӕн цы бартӕ радта, уыдонӕй ӕгӕр куы раппӕлон, уӕд дӕр нӕ фӕхудинаг уыдзынӕн. 9 Афтӕ ӕнхъӕл ма ут, ӕмӕ уӕ тӕрсын кӕнын мӕ фыстӕджытӕй. 10 Уымӕн ӕмӕ чидӕртӕ зӕгъынц: «Йӕ фыстӕджыты домаг ӕмӕ тыхджын у, лӕгӕй-лӕгмӕ та — лӕмӕгъ, йӕ ныхас нӕ ахады». 11 Афтӕ чи зӕгъы, уый зонӕд: нӕ фыстӕджыты фӕсаууонмӕ цавӕртӕ стӕм, хъуыддагӕй дӕр ахӕмтӕй равдисдзыстӕм нӕхи, куы уӕм ӕрцӕуӕм, уӕд. 12 Уымӕн ӕмӕ, йӕхицӕй чи ӕппӕлы, уыдонимӕ нӕхи ӕрӕмных кӕнынмӕ кӕнӕ уыдоныл нӕхи абарынмӕ нӕ ныфс нӕ хӕссӕм. Уыдон сӕхицӕн аргъ кӕнынц сӕхи барӕнтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕхи барынц сӕхиуыл — уый ӕнӕзонд ми у. 13 Мах та нӕхицӕй куы ӕппӕлӕм, уӕд нын нысангонд цы арӕнтӕ ис, уыдоны сӕрты нӕ ахиздзыстӕм, фӕлӕ баззайдзыстӕм, Хуыцау нын бакусынӕн цы хуымы хай бабар кодта, уым; сымах дӕр уыцы хуымы стут. 14 Мах уыцы арӕнты сӕрты ахизыныл нӕхи нӕ хъарӕм. Куынӕ уӕм ӕрцыдаиккам, уӕд афтӕ уыдаид. Фӕлӕ сымахмӕ дӕр бахӕццӕ стӕм Чырыстийы Фарны Уацимӕ. 15 Нӕхицӕй куы феппӕлӕм, уӕд нӕ арӕнты сӕрты нӕ ахизӕм, кӕйдӕр фӕллӕйттӕ нӕхи нӕ бакӕнӕм. Ӕппындӕр нӕ! Мах нӕ зӕрдӕ дарӕм: уӕ уырнындзинад рӕздзӕн, ӕмӕ сымахмӕ бакусдзыстӕм ноджы фылдӕр, махӕн нысангонд арӕнты сӕрты нӕ ахизгӕйӕ. 16 Ӕмӕ уӕд нӕ бон бауыдзӕн канд сымахмӕ нӕ, фӕлӕ ӕндӕр рӕтты дӕр Фарны Уац хъусын кӕнын. Мах нӕхицӕй нӕ раппӕлдзыстӕм, кӕйдӕр хуымы цӕттӕ хор мах фӕллой у, зӕгъгӕ. 17 «Йӕхицӕй чи ӕппӕлы, уый ӕппӕлӕд Дунедарӕгӕй». 18 Аккагыл нымад у, йӕхи чи уӕлӕмӕ кӕны, уый нӕ, фӕлӕ Бардарӕг кӕй уӕлӕмӕ кӕны, уый. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia