2 Коринфӕгтӕм 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Павелӕй, Хуыцауы фӕндӕй Йесо Чырыстийы апостолӕй, ӕмӕ не ’фсымӕр Тимофейӕ — Хуыцауы аргъуанмӕ Коринфы, стӕй ӕгас Ахайы ӕппӕт сыгъдӕджытӕм. 2 Хорзӕх ӕмӕ уын фарн — Хуыцауӕй, нӕ Фыдӕй, ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ. Хуыцау — нӕ рӕвдауӕг 3 Арфӕгонд уӕд нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыд, нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Фыд ӕмӕ нӕ ныфсдӕттӕг Хуыцау. 4 Уый махӕн нӕ ныфс у нӕ алы зындзинады дӕр, цӕмӕй, зынтӕ чи ӕвзары, уыдонӕн та мах лӕууӕм се ’нцой, Хуыцау нӕхицӕн не ’нцой кӕй лӕууы, уый фӕрцы. 5 Уымӕн ӕмӕ мах Чырыстийы хъизӕмӕрттӕй цас фылдӕр хайджын разынӕм, уыйас нын Чырысти дӕр дӕтты фылдӕр ныфс. 6 Кӕд мах хъизӕмар кӕнӕм, уӕд нӕ хъизӕмар у сымах ныфс бауадзыны ӕмӕ уӕ фервӕзыны сӕраппонд. Кӕд мах бауагъдӕуы ныфс, уӕд уый у сымахӕн ныфс раттыны сӕраппонд. Уыцы ныфсы руаджы сымах фӕразонӕй фӕбыхсут, мах дӕр кӕй ӕвзарӕм, уыцы хъизӕмӕрттӕн. 7 Нӕ зӕрдӕ уыл фидарӕй дарӕм. Уымӕн ӕмӕ зонӕм: кӕд хайджын стут нӕ хъизӕмӕрттӕй, уӕд хайджын стут, мах ныфс цӕмӕй ис, уымӕй дӕр. 8 Фӕнды нӕ, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, мах Азийы цы зынтӕ бавзӕрстам, уый тыххӕй. Мах ахӕм стыр хъизӕмары хай фестӕм, ӕмӕ удӕгасӕй баззайыны ӕнхъӕл нал уыдыстӕм. 9 Афтӕ нӕм касти, цыма нын мӕлӕты тӕрхон рахастӕуыд. Уыцы фыдӕвзарӕны бахаудыстӕм, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ нӕхиуыл нӕ, фӕлӕ мӕрдты ӕгасгӕнӕг Хуыцауыл дарӕм. 10 Мах кастыстӕм мӕлӕты дзыхмӕ, ӕмӕ нӕ дзы Хуыцау бахызта. Нӕ зӕрдӕ дарӕм, Уый та нӕ ногӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕни, 11 сымах дӕр ма нын куы куват, уӕд. Ӕмӕ бирӕтӕ бузныг зӕгъдзысты Хуыцауӕн, бирӕты куывдмӕ гӕсгӕ ныл хӕрзаудӕн кӕй кӕны, уый тыххӕй. Павел аивта йӕ фӕндтӕ 12 Нӕхицӕй мӕнӕ цӕмӕйты хъал стӕм: зӕххыл мах, уӕлдайдӕр та сымахимӕ абаргӕйӕ, цӕрӕм, Хуыцауӕн фӕндон куыд уа, афтӕ — хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕнӕхинӕй; адӕймаджы зондмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхмӕ гӕсгӕ. Уымӕн нӕ зӕрдӕ — не ’вдисӕн. 13 Цы зонут ӕмӕ уӕ бон бакӕсын цы у, уымӕй уӕлдай уӕм ницы фыссӕм, ӕмӕ мӕ зӕрдӕ дарын, кӕй нӕ бамбардзыстут кӕронмӕ. 14 Иу цасдӕр нӕ ныридӕгӕн дӕр куыд бамбӕрстат, афтӕ: нӕ Бардарӕг Йесойы ӕрцыды бон сымах буц уыдзыстут махӕй, мах та — сымахӕй. 15 Ӕз ууыл фидарӕй кӕй ӕууӕндын, уымӕ гӕсгӕ мӕ фӕндыди сымахмӕ раздӕр ӕрцӕуын, цӕмӕй уыл дыууӕ хатты сӕмбӕла хорзӕх. 16 Мӕ зӕрды уыди, Македонимӕ цӕугӕйӕ, сымахмӕ фездӕхын, стӕй уӕм Македонийӕ ногӕй ӕрцӕуын, цӕмӕй мӕ сымах Иудеймӕ цӕуынмӕ срӕвдз кӕнат. 17 Ахӕм фӕнд мӕм кӕй уыди, уый мӕ рӕузондӕй у? Ӕви мӕм цы фӕндтӕ вӕййы, уыдон адӕймаджы зондӕй ӕвзӕрынц, ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг «о» ӕмӕ «нӕ» фӕзӕгъын, мыййаг? 18 Хуыцау Йӕ дзырд нӕ сайы ӕмӕ ӕвдисӕн у, мах уын цы фӕзӕгъӕм, уый уыцы иу рӕстӕг «о» ӕмӕ «нӕ» кӕй нӕу. 19 Ӕз, Силуан ӕмӕ Тимофей сымахӕн Кӕй тыххӕй дзырдтам, Хуыцауы уыцы Фырт Йесо Чырысти уыцы иу рӕстӕг «о» ӕмӕ «нӕ» нӕ уыди, фӕлӕ ӕрмӕст «о» у. 20 Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уыдон иууылдӕр Чырыстийы фӕрцы сты «о» — сӕххӕст вӕййынц. Уымӕ гӕсгӕ, Хуыцауӕн кад куы фӕкӕнӕм, уӕд Чырыстийы руаджы фӕзӕгъӕм «аммен». 21 Чырыстиимӕ иугондӕй махӕн сымахимӕ хъару Чи дӕтты, уыцы Хуыцау нӕ равзӕрста Йӕхицӕн. 22 Ӕмӕ Йӕ адӕм кӕй стӕм, зӕрдӕ нын цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ кӕй райсдзыстӕм, уый равдисынӕн уал нын Хуыцау нӕ зӕрдӕты ӕрцӕрын кодта Йӕ Сыгъдӕг Уд. 23 Хуыцау уыны мӕ зӕрдӕ ӕмӕ мын у ӕвдисӕн: ӕз Коринфмӕ ныронг не ’рцыдтӕн, кӕй уыл ауӕрдын, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй. 24 Хъуыддаг уый мидӕг нӕй, ӕмӕ мах уӕ уырнындзинадӕн ӕлдариуӕг кӕнӕм. Мах уе ’мкусджытӕ стӕм уӕ цины сӕраппонд, уымӕн ӕмӕ фидар у уӕ уырнындзинад. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia