2 Фессалоникӕгтӕм 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстКувут мах тыххӕй 1 Кӕронбӕттӕны ма уӕ курын, ӕфсымӕртӕ: кувут мах тыххӕй, цӕмӕй Бардарӕджы Фарны Уац ӕнхъӕвза дарддӕр ӕмӕ йын алы ран дӕр кад кӕной, сымах ын куыд кад кӕнут, афтӕ. 2 Кувут, цӕмӕй мах фервӕзӕм ӕвзӕр ӕмӕ фыд адӕмӕй; уымӕн ӕмӕ уырнындзинад алкӕмӕ нӕй. 3 Фӕлӕ Бардарӕг иузӕрдион у, Уый уӕ сфидар кӕндзӕн ӕмӕ уӕ бахиздзӕни сайтанӕй. 4 Мах уын цы фӕдзӕхсӕм, уый кӕй аразут ӕмӕ йӕ кӕй араздзыстут, ууыл мах, Бардарӕджы фӕрцы, фидарӕй ӕууӕндӕм. 5 Бардарӕг уын уӕ зӕрдӕтӕ саразӕд Хуыцауы уарзтмӕ ӕмӕ Чырыстийау фӕразонмӕ. Адӕймаджы хӕс — кусын 6 Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы номӕй уын фӕдзӕхсын, ӕфсымӕртӕ, мах сӕм цы ӕцӕгад ӕрхастам, уымӕ гӕсгӕ чи нӕ цӕры ӕмӕ магуса чи у, ахӕм ӕфсымӕртимӕ уын иумӕйагӕй мацы уӕд. 7 Мах уын цӕмӕй фӕзминаг стӕм, уый уӕхӕдӕг зонут — магусатау уӕм нӕ цардыстӕм. 8 Нӕ къӕбӕр лӕвар никӕмӕ хордтам, фӕлӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй кодтам уӕззау куыст, цӕмӕй уӕ макӕй батыхсын кӕнӕм. 9 Ахӕм бар нын нӕ уыди, зӕгъгӕ, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ хъуамӕ равдисӕм, сымахӕн бафӕзмыны аккаг цӕмӕй стӕм, уый. 10 Сымахмӕ куы уыдыстӕм, уӕд уын афтӕ фӕдзӕхстам: «Кусын кӕй нӕ фӕнды, уый хӕргӕ дӕр ма кӕнӕд». 11 Фӕлӕ мах куыд хъусӕм, афтӕмӕй сымахӕй иуӕй-иутӕ сты магусатӕ, ницы аразынц, фӕлӕ сӕхи тъыссынц кӕйдӕр хъуыддӕгты. 12 Ахӕмтӕн Бардарӕг Йесо Чырыстийы номӕй фӕдзӕхсӕм ӕмӕ курӕм, цӕмӕй ныггуыбыр кӕной ӕмӕ кусой, цӕрой сӕхи къухты фӕллойӕ. 13 Сымах та, ӕфсымӕртӕ, ӕвӕллайгӕйӕ аразут хорз хъуыддӕгтӕ. 14 Нӕ фыстӕджы цы амындтытӕ ис, уыдонмӕ чи нӕ байхъуса, ахӕмы хъуамӕ зонат ӕмӕ уын йемӕ иумӕйагӕй мацы уа, цӕмӕй йӕхиуыл ӕрхуда. 15 Ӕрмӕст ӕй уе знагыл ма нымайут, фӕлӕ уе ’фсымӕрыл, ӕмӕ йын амонут зонд. Кӕронбӕттӕны арфӕ 16 Фарндӕттӕг Бардарӕг уын кӕддӕриддӕр ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр фарн дӕттӕд. Бардарӕг уӕд уе ’ппӕтимӕ дӕр! 17 Ӕз, Павел, саламтӕ кӕронӕй мӕхи къухӕй бафыстон — фыстӕг мӕнӕй кӕй у, уый нысанӕн. 18 Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕх уе ’ппӕты дӕр уӕд! |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia