Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

2 Фессалоникӕгтӕм 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Фыдгӕнӕджы ӕргомрацыд рӕстӕджыты кӕрон

1 Ӕфсымӕртӕ, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы дыккаг ӕрцыдыл ӕмӕ Йемӕ нӕ иумӕйаг фембӕлдыл дзургӕйӕ та зӕрдиагӕй курын сымахӕй,

2 цӕмӕй уӕ зонд фидар уа ӕмӕ уӕ тасы ма бафтауой нӕдӕр мӕнгпехуымпарад, нӕдӕр ныхӕстӕ, нӕдӕр фыстӕг, цыма уыдон махӕй рацыдысты, ныридӕгӕн Бардарӕджы ӕрцыды бон ралӕууыд, зӕгъгӕ.

3 Мачи уӕ макуыд асайӕд — мацы хуызы. Уымӕн ӕмӕ уал раздӕр хъуамӕ уа Хуыцауы ныхмӕ стыр ныхмӕлӕуд, ӕмӕ фӕзына фыддзинады буарыдзыд фӕлгонц — мӕлӕты тӕрхон кӕмӕн рахастӕуыд, уыцы адӕймаг.

4 Уый йӕхи, хуыцаугондыл кӕнӕ табуйагыл цыдӕриддӕр нымадӕуы, уыдонӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн ӕмӕ сӕ ныхмӕ сыстдзӕни. Суанг Хуыцауы Кувӕндоны ӕрбаддзӕн ӕмӕ йӕхи расиддзӕни Хуыцауӕй.

5 Ӕз ма сымахмӕ куы уыдтӕн, уӕд уын уый тыххӕй кӕй дзырдтон, уый уӕ зӕрдыл нал лӕууы, ӕви?

6 Ӕмӕ уын ныр зындгонд у, цы йӕ уромы, уый. Фӕлӕ, йӕ рӕстӕг куы ралӕууа, уӕд йӕхи раргом кӕндзӕн.

7 Уымӕн ӕмӕ фыдӕхы сусӕг тыхтӕ скуыстой ныридӕгӕн, фӕлӕ уал раздӕр хъуамӕ, йӕ фӕндаг ын чи ӕхгӕны, уый ацӕуа.

8 Уӕд фыдгӕнӕг йӕхи раргом кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ Бардарӕг Йесо амардзӕн Йӕ комулӕфтӕй, цы бон ӕрцӕуа, уыцы бон ӕй бабын кӕндзӕн Йӕ кады рухсӕй.

9 Фыдгӕнӕджы ӕрцыд сайтаны арӕзт хъуыддаг у, ӕмӕ рабӕрӕг уыдзӕн алыхуызон бӕлвырд нысантӕ ӕмӕ мӕнг диссӕгты руаджы.

10 Алы фӕливӕн митӕй сайдзӕн сӕфты къахыл лӕуджыты — уыдон сӕфынц, уымӕн ӕмӕ нӕ бауарзтой, сӕ фервӕзыны тых кӕмӕ ис, уыцы ӕцӕгад.

11 Уый тыххӕй сӕ Хуыцау ныууагъта фӕлывды ӕвджид, мӕнг цы у, ууыл куыд баууӕндой.

12 Ӕмӕ, ӕцӕгадыл чи нӕ баууӕндыди, фӕлӕ тӕригъӕд чи бауарзта, уыдон се ’ппӕт дӕр уыдзысты тӕрхонгонд.


Ӕвзӕрст адӕм фервӕздзысты

13 Мах та сымах тыххӕй, Бардарӕг кӕй бауарзта, нӕ уыцы ӕфсымӕртӕ, хъуамӕ иудадзыг арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн — Уый дуне сфӕлдисыны размӕ сымах сӕвзӕрста, цӕмӕй фервӕзат, Йӕ Уд уӕ кӕй ссыгъдӕг кодта ӕмӕ ӕцӕгадыл кӕй баууӕндыдыстут, уый фӕрцы.

14 Уымӕ гӕсгӕ уӕм фӕсидти Хуыцау, махӕй цы Фарны Уац фехъуыстат, уый руаджы — нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы кадӕй хай райсынмӕ.

15 Уӕдӕ, ӕфсымӕртӕ, ут ӕнӕфӕцудгӕ ӕмӕ фидар хӕцут, мах уӕм ныхасӕй кӕнӕ фыстӕй кӕй ӕрхастам, уыцы ӕцӕгадыл.

16 Нӕ Бардарӕг Йесо Чырысти Йӕхӕдӕг ӕмӕ, мах Чи бауарзта, Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ нын ӕгӕрон ныфс ӕмӕ фидар ӕнхъӕлц Чи радта, нӕ уыцы Фыд Хуыцау

17 барӕвдауӕд сымах зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ сфидар кӕнӕд, цӕмӕй кӕддӕриддӕр аразат ӕмӕ дзурат, хорз цы у, уый.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan