Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

2 Фессалоникӕгтӕм 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Павел, Силуан ӕмӕ Тимофейӕ — Хуыцауы, нӕ Фыды, ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы фессалоникаг аргъуанмӕ.

2 Хорзӕх ӕмӕ уын фарн Хуыцауӕй, нӕ Фыдӕй, ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ.


Чырыстийы ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ

3 Сымах тыххӕй, ӕфсымӕртӕ, мах хъуамӕ иудадзыг арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ рӕзы уӕ уырнындзинад ӕмӕ уе ’хсӕн фидардӕр кӕны уарзондзинад.

4 Сымах цы ӕфхӕрд ӕмӕ зынтӕ ӕвзарут, уыдонӕн фӕразон кӕй стут ӕмӕ уӕм фидар уырнындзинад кӕй ис, уый тыххӕй мах уӕ хорзы кой кӕнӕм Хуыцауы ӕппӕт иннӕ аргъуанты дӕр.

5 Уӕ уавӕр ӕвдисӕн у, Хуыцауы ӕнӕхӕрам тӕрхон кӕй ралӕудзӕнис, уымӕн, ӕмӕ сымах нымад ӕрцӕудзыстут, хъизӕмар кӕй сӕраппонд кӕнут, Хуыцауы уыцы Паддзахады аккагыл.

6 Хуыцау у рӕстаг, ӕмӕ фыдбылызтӕ кӕй аххосӕй ӕвзарут, уыдоныл ӕруадздзӕнис бӕллӕхтӕ.

7 Сымахӕн та, ныр зын уавӕры чи ис, уыдонӕн, махимӕ иумӕ удӕнцой ратдзӕнис, Бардарӕг Йесо Йӕ хъомысджын зӕдтимӕ пиллонкалгӕ арты мидӕг уӕлӕрвтӕй куы ’рцӕуа, уӕд.

8 Йӕ маст райсдзӕни, Хуыцауы чи нӕ зоны ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесойы Фарны Уацы коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕй.

9 Уыдонӕн рахастӕуыдзӕн мыггагмӕ амӕлыны тӕрхон, ӕнӕхай фӕуыдзысты Бардарӕгӕй ӕмӕ Йе стыр кадӕй,

10 куы ’рцӕуа, уӕд. Уыцы бон Ӕй скадджын кӕндзысты Йӕ сыгъдӕджытӕ, Чи Йыл баууӕндыд, уыдон се ’ппӕт дӕр фендзысты Йӕ намыс, уыдонимӕ сымах дӕр, уымӕн ӕмӕ баууӕндыдыстут нӕ ныхасыл.

11 Ӕмӕ мах иудадзыг кувӕм сымах тыххӕй, цӕмӕй уӕ нӕ Хуыцау, цы цардмӕ уӕ ӕрхуыдта, уый аккаг скӕна, сӕххӕст уын кӕна уӕ хорз фӕндиӕгтӕ ӕмӕ, уырныдзинады бындурыл цы хъуыддӕгтӕ аразут, уыдон.

12 Цӕмӕй сымах скадджын кӕнат нӕ Бардарӕг Йесойы ном ӕмӕ, нӕ Хуыцау ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕхӕй, уӕхӕдӕг дӕр скадджын уат Йӕ кадӕй.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan