Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

2 Азфыстытӕ 9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Соломон ахӕм номдзыд сси, ӕмӕ йӕ кой суанг Савайы ус-паддзахмӕ дӕр байхъуыст. Уый йӕм, уыци-уыцитӕй йӕ бафӕлварынмӕ, йӕ бирӕ фӕсдзӕуинтимӕ ӕрбацыди Йерусалиммӕ. Теуатыл ын ӕрбаласта бирӕ лӕвӕрттӕ: хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, ӕнӕнымӕц сыгъзӕрин ӕмӕ зынаргъ дуртӕ. Соломонмӕ куы бацыд, уӕд йемӕ, цӕуыл ӕй фӕндыд, уыдӕттыл фӕныхас кодта.

2 Соломон ын йӕ алы фарстӕн дӕр дзуапп радта, йӕ фӕрстытӕй йын иу дӕр зынӕмбарӕн нӕ уыд ӕмӕ ӕнӕ дзуаппӕй нӕ баззад.

3 Савайы ус-паддзах йӕхи цӕстӕй федта Соломоны куырыхон зонд, стӕй, цы галуан сарӕзта, уый;

4 йӕ дзаджджын фынгтӕ; йӕ барджынтӕ цы агъуыстыты бадынц; йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ йӕ дзагдарты сӕ аив дарӕсты. Ноджы ма федта, Соломон Дунедарӕджы Кувӕндоны цы иууылсудзинаг нывӕндтӕ хӕссы, уый дӕр, ӕмӕ йын фыр дисӕй улӕфт дӕр нал фаг кодта.

5 Паддзахӕн загъта: — Мӕ зӕххыл дын дӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ дӕ куырыхон зонды тыххӕй цы фехъуыстон, уыдон ӕцӕг разындысты.

6 Уыцы ныхӕстӕ мӕ нӕ уырныдтой, цалынмӕ ӕрбацыдтӕн ӕмӕ сӕ мӕхи цӕстӕй федтон, уӕдмӕ. Дӕ куырыхон зонд, цы фехъуыстон, уымӕй дзӕвгар фылдӕр у. Ӕппӕт уыдӕттӕн мын се ’мбисы бӕрц дӕр нӕ радзырдтой.

7 Тӕхудиаг сты дӕ адӕм! Тӕхудиаг сты дӕ лӕггадгӕнджытӕ, ӕдзух дӕ разы чи лӕууы, дӕ уӕлзондмӕ дын чи хъусы!

8 Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, хӕрзаудӕн дын Чи кӕны ӕмӕ дӕ Йӕ паддзахы къӕлӕтджыны Чи сбадын кодта, цӕмӕй Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз, паддзахиуӕг кӕнай! Дунедарӕг Израилы адӕмы кӕй уарзы, Йӕ зӕрды сӕ мыггагмӕ ӕрфидар кӕнын кӕй ис, уый тыххӕй дӕ сӕвӕрдта паддзахӕй, цӕмӕй сын рӕстаг тӕрхон кӕнай.

9 Ӕмӕ Савайы ус-паддзах Соломонӕн балӕвар кодта ӕхсӕзыссӕдз таланты сыгъзӕрин, ӕнӕнымӕц хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕзнадуртӕ. Савайы ус-паддзах паддзах Соломонӕн цы диссаджы хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕрбаласта, ахӕмтӕ уӕды онг никуыма ничи федта.

10 Хирам ӕмӕ Соломоны кусджытӕ дӕр Офирӕй ӕрбаластой канд сыгъзӕрин нӕ, фӕлӕ ма зынаргъ хъӕдӕрмӕг алмуг ӕмӕ хӕзнадуртӕ дӕр.

11 Уыцы хъӕдӕрмӕгӕй Соломон Дунедарӕджы Кувӕндон ӕмӕ йӕ Галуанӕн скодта асинтӕ. Ноджы ма дзы Кувӕндоны фӕндырдзӕгъдджытӕн сарӕзта хъисфӕндыртӕ ӕмӕ дыууадӕстӕнонтӕ. Ахӕм диссӕгтӕ раздӕр никуыма ничи федта Иудейы.

12 Паддзах Соломон йӕхӕдӕг дӕр Савайы ус-паддзахы йӕ лӕвӕрттӕй сбуц кодта, ноджы ма йын радта, йӕ зӕрдӕ цыдӕриддӕр загъта ӕмӕ дзы йӕхи дзыхӕй цы ракуырдта, уыдон дӕр. Ӕмӕ Савайы ус-паддзах йӕ фӕсдзӕуинтимӕ сӕхимӕ аздӕхти.

13 Соломонмӕ ӕрвылаз цы сыгъзӕрин ӕфтыд, уымӕн йӕ уӕз уыди ӕхсӕзсӕдӕ ӕхсай ӕхсӕз таланты.

14 Уымӕй уӕлдай ма йӕм сыгъзӕрин ластой йӕ базаргӕнджытӕ ӕмӕ йӕ сӕудӕджертӕ, стӕй йӕ бӕстыхицӕуттӕ ӕмӕ суанг Аравийы ӕппӕт паддзӕхтӕ дӕр.

15 Соломон рацӕгъдын кодта дыууӕсӕдӕ стыр сыгъзӕрин уарты, алкӕмӕн дӕр дзы йӕ сыгъзӕрины уӕз уыди ӕхсӕзсӕдӕ шекелы.

16 Ноджы ма — ӕртӕсӕдӕ гыццыл уарты, алкӕмӕн дӕр дзы йӕ сыгъзӕрины уӕз — ӕртӕсӕдӕ шекелы. Паддзах уыцы уартытӕ бафснайдта Ливайнаг хъӕдӕй фӕлыст агъуысты.

17 Соломон пылыстӕгӕй скодта паддзахы егъау къӕлӕтджын ӕмӕ йӕ састӕрдта сыгъдӕг сыгъзӕринӕй.

18 Паддзахы къӕлӕтджынмӕ цыди ӕхсӕз къахӕвӕрӕны, алкӕмӕн дӕр дзы йӕ фӕйнӕфарс уыди фӕйнӕ цонгӕнцайӕны, уыдоны раз та — фӕйнӕ домбайы фӕлгонцы. Бынӕй йыл фидаргонд уыди сыгъзӕрин къахӕвӕрӕн.

19 Ӕхсӕз къахӕвӕрӕны фӕйнӕфарс лӕууыдысты дыууадӕс домбайы фӕлгонцы. Ахӕм диссаджы къӕлӕтджын иу паддзахады дӕр нӕ уыди.

20 Соломонӕн йӕ нуазӕнтӕ иууылдӕр уыдысты сыгъзӕринӕй конд, ливайнаг хъӕдӕй фӕлыст агъуысты дзауматӕ дӕр иууылдӕр — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд. Ӕвзист дзаумайӕ йӕм ницы уыди, уымӕн ӕмӕ Соломоны заман ӕвзистӕн ницы аргъ уыд.

21 Паддзахмӕ уыди, Хирамы адӕмимӕ Таршишмӕ чи цыди, ахӕм наутӕ, ӕмӕ йын уыдон Хирамы наудзогтимӕ ӕртӕ афӕдзы иу хатт ластой сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ пылыстӕг, стӕй маймулитӕ ӕмӕ мӕлхъытӕ.

22 Дунейы паддзӕхты ’хсӕн Соломоны куырыхон зонд ӕмӕ хъӕздыгдзинадӕн ӕмбал нӕ уыди.

23 Зӕххыл цы паддзӕхтӕ уыд, уыдон иууылдӕр бӕллыдысты Соломоны фенынмӕ, Хуыцау ын цы куырыхон зонд балӕвар кодта, уымӕ байхъусынмӕ.

24 Афӕдзӕй-афӕдзмӕ-иу ын уыдонӕй алчидӕр ӕрбаласта лӕвӕрттӕ: ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин дзауматӕ, дарӕстӕ, хӕцӕнгӕрзтӕ, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, бӕхтӕ ӕмӕ хӕргӕфсытӕ.

25 Соломонмӕ уыди цыппар мин бӕхдоны — бӕхтӕ ӕмӕ хӕцӕн уӕрдӕттӕн, дыууадӕс мины та йӕм уыди бӕхтӕ. Дардта сӕ, хӕцӕн уӕрдӕттӕн цы сахартӕ сарӕзта, уыдоны, сӕ иу хай та сын ныууагъта йӕхимӕ, Йерусалимы.

26 Евфраты донӕй филистимӕгты зӕхх ӕмӕ Мысыры арӕны онг цы паддзӕхтӕ уыди, уыдон се ’ппӕт дӕр уыдысты Соломоны дӕлбар.

27 Соломоны заманы ӕвзист Йерусалимы сарӕх ис хуымӕтӕг дурау, кедр та, хохрӕбын цы сикомортӕ зайынц, уыдонау.

28 Соломонӕн бӕхтӕ ластой Мысыр ӕмӕ зӕххы цъары ӕндӕр бӕстӕтӕй.


Паддзах Соломоны мӕлӕт

29 Паддзах Соломонӕн йӕ иннӕ хабӕрттыл райдианӕй кӕронмӕ дзырдӕуы пехуымпар Натаны азфыстыты, силомаг Ахийайы рагуацты чиныджы ӕмӕ, зонынджын Йеддойӕн Наваты фырт Йоровамы тыххӕй Хуыцау цы цӕстылуайӕнтӕ раргом кодта, уыдоны.

30 Соломон ӕппӕт Израилӕн Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта дыууиссӕдз азы.

31 Соломон куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыд Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Роховам.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan