2 Азфыстытӕ 8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстПаддзах Соломоны дарддӕры хъуыддӕгтӕ 1 Соломон Дунедарӕджы Кувӕндон ӕмӕ паддзахы галуан саразыныл бахардз кодта ссӕдз азы. 2 Уый фӕстӕ ногӕй рацарӕзта, Хирам ын цы сахартӕ радта, уыдон ӕмӕ дзы израилӕгты ӕрцӕрын кодта. 3 Соломон бабырста Хамат-Цовайы сахармӕ ӕмӕ йӕ бацахста. 4 Ноджы ма рацарӕзта Тадморы сахар, ӕдзӕрӕг быдыры чи ис, уый, стӕй, Хаматы зӕххыл ӕфтауцуатӕн цы сахартӕ сарӕзта, уыдон. 5 Рацарӕзта уӕллаг Бет-Хорон ӕмӕ дӕллаг Бет-Хорон, бырутӕй ӕхгӕд фидӕрттӕ сӕ скодта, сӕ кулдуӕрттыл — ӕвдузӕнтӕ ӕвӕрд. 6 Рацарӕзта Баалаты сахар, стӕй йӕ иннӕ сахартӕ иууылдӕр: иуты дардта йӕ хӕлц, иннӕты — йӕ тохуӕрдӕттӕ, аннӕты — бӕхтӕ. Ноджы ма Соломон Йерусалимы, Ливаны ӕмӕ йӕ паддзахады алы рӕтты сарӕзта ӕндӕр бӕстыхӕйттӕ дӕр, йӕ зӕрды цыдӕриддӕр уыди, уыдон. 7-8 Израилы зӕххыл раздӕр цы ӕндӕр адӕмтӕ царди — аморӕгтӕ, хеттӕгтӕ, периззӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгтӕ, — сӕ мыггаг израилӕгтӕн бынтон сыскъуынын кӕмӕн нӕ бантыст, уыдонӕн сӕ фӕстагӕтты Соломон бафтыдта тыхбегарайы куыстытыл, ӕмӕ сӕ ныронг дӕр кӕнынц. 9 Израилӕгтӕй та Соломон йӕ куыстытӕ кӕнын нӕ домдта; уыдон уыдысты йӕ хӕстонтӕ, йӕ хъахъхъӕнджыты хицӕуттӕ, йӕ тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ йӕ бӕхӕфсады фӕтӕгтӕ. 10 Соломонӕн йӕ кусӕг адӕмы сӕргъы лӕууыди дыууӕсӕдӕ фӕндзай цӕстдарӕджы. 11 Фараоны чызджы Соломон ракодта Давиды сахарӕй ӕмӕ йӕ ӕрцӕрын кодта, сӕрмагондӕй йын кӕй сарӕзта, уыцы галуаны. Загъта: «Сылгоймагӕн Израилы паддзах Давиды галуаны цӕрын не ’мбӕлы, уымӕн ӕмӕ ацы бынат уаз у: йӕ заманы ам лӕууыди Дунедарӕджы Фидыды Чырын». 12 Соломон Кувӕндоны тыргъы раз цы нывондхӕссӕн сарӕзта, ууыл Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывӕндтӕ хӕссын райдыдта. 13 Кӕддӕр Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ уыцы нывондхӕссӕныл хаста иууылсудзинаг нывӕндтӕ — сабӕттӕ, мӕйноджы бӕрӕгбӕттӕ ӕмӕ афӕдзы ӕртӕ стыр бӕрӕгбоны рӕстӕг: Донгонд дзулты бӕрӕгбоны, Къуыриты бӕрӕгбоны ӕмӕ Халагъудты бӕрӕгбоны. 14 Йӕ фыд Давиды фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ скодта сауджынты куысты рад, стӕй левитты куысты рад, сӕ хӕстӕм гӕсгӕ, цӕмӕй стауой Дунедарӕджы, ӕххуыс кӕной сауджынтӕн, алы боны фӕткмӕ гӕсгӕ. Ноджы ма алы кулдуары раз дӕр скодта хъахъхъӕнджыты рад, йӕ фыд Давид, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг, куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 15 Сауджынтӕ ӕмӕ левитты, стӕй хӕзнадоны тыххӕй Давид цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдонӕй иу мисхалы бӕрц дӕр иуварс ничи ахызт. 16 Афтӕ Соломон фӕци йӕ куыст, Дунедарӕджы Кувӕндонӕн бындур сӕвӕрдта ӕмӕ йӕ кӕронмӕ сарӕзта. Уыйадыл Дунедарӕджы хӕдзар арӕзт ӕрцыд. 17 Уӕд Соломон ацыди Ецион-Гевермӕ ӕмӕ, денджызы былгӕрон чи ис, уыцы Елоты сахармӕ, Едомы зӕхмӕ. 18 Хирам ын уырдӕм арвыста наутӕ, стӕй фӕлтӕрдджын наудзогты. Уыдон паддзах Соломоны адӕмимӕ наутыл аленк кодтой Офирмӕ, ӕрбаластой цыппарсӕдӕ фӕндзай таланты сыгъзӕрин ӕмӕ йӕ Соломонмӕ фӕхӕццӕ кодтой. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia