Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

2 Азфыстытӕ 4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Соломон сарӕзта ӕрхуы нывондхӕссӕн: йӕ дӕргъ уыди ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх дӕр — ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд та — дӕс ӕлмӕрины.

2 Джиппы рауагъта тымбыл ӕрхуы денджыз, йӕ фӕтӕн — дӕс ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд — фондз ӕлмӕрины, йӕ зиллакк та — дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины.

3 Йӕ зиллаккыл бынӕй уыди галты нывтӕ, дыууӕ рӕнхъӕй ӕртыхстысты денджызыл. Сӕ уӕрх уыди дӕс ӕлмӕрины, денджызимӕ уыдысты иу джиппы уагъд.

4 Денджыз лӕууыди дыууадӕс галыл: ӕртӕ дзы касти цӕгатӕрдӕм, ӕртӕ — ныгуылӕнӕрдӕм, ӕртӕ — хуссарӕрдӕм, ӕртӕ та — скӕсӕнӕрдӕм. Сӕ чъылдымтӕ уыдысты мидӕджырдӕм, денджызы бынмӕ, здӕхт.

5 Денджызӕн йӕ бӕзн уыди армытъӕпӕны йас, йӕ был та уыди нуазӕны былты хуызӕн, раст, хъоппӕг дидинӕг куы райхӕлы, уый ӕнгӕс. Дон дзы цыди ӕртӕ мин баты бӕрц.

6 Ноджы ма Соломон скодта дӕс ӕрхуы тъӕпӕнӕджы ӕмӕ дзы фондз ӕрӕвӕрдта Кувӕндонӕн йӕ рахизфарс, фондз та — йӕ галиуфарс. Уыдоны мидӕг хъуамӕ ӕхсадтаиккой иууылсудзинӕгты уӕнгтӕ. Ӕрхуы денджыз та сауджынтӕн конд уыд, сӕхи ӕхсынӕн.

7 Ноджы ма скодта дӕс цырагъдарӕны, фӕткмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ сӕ Кувӕндоны агъуысты ӕрӕвӕрдта, фондз — рахизӕрдыгӕй, фондз та — галиуӕрдыгӕй.

8 Ноджы ма сарӕзта дӕс фынджы ӕмӕ сӕ Кувӕндоны агъуысты сӕвӕрдта, фондз — рахизӕрдыгӕй, фондз та — галиуӕрдыгӕй. Сарӕзта сӕдӕ сыгъзӕрин кӕхцы, туг пырх кӕнынӕн.

9 Ноджы ма скодта сауджынты кӕрт, стӕй стыр кӕрт ӕмӕ кулдуӕрттӕ кӕртмӕ цӕуынӕн. Кулдуӕртты цӕджындзтӕ састӕрдта ӕрхуыйӕ.

10 Соломон ӕрхуы денджыз сӕвӕрдта рахизӕрдыгӕй, Кувӕндонӕн йӕ хуссар-скӕсӕйнаг фисыны цур.

11 Ноджы ма Хурам скодта къӕртатӕ, фыййӕгтӕ, тугпырхгӕнӕн кӕхцытӕ. Ӕмӕ уыйадыл Хурам фӕци, Соломонӕн Хуыцауы Кувӕндоны цы куыстытӕ кодта, уыдон. Уый сарӕзта:

12 дыууӕ цӕджындзы; дыууӕ кӕхцӕнгӕс ӕфтуаны цӕджындзты цъуппытӕн; дыууӕ рӕхысы кӕхцӕнгӕс ӕфтуантӕн;

13 цыппарсӕдӕ гранат фӕткъуыйы згъӕрнывтӕ кӕхцӕнгӕс ӕфтуанты рӕхыстыл, алы ӕфтуаныл дӕр — дыргъты дыууӕ рӕнхъы;

14 дӕс суанцъыйы быцӕутыл; суанцъытыл ӕвӕрд дӕс аджы;

15 иу ӕрхуы денджыз, йӕ быны — дыууадӕс галы;

16 къӕртатӕ, фыййӕгтӕ, фыдистӕ. Хурам-Авиа паддзах Соломонӕн Дунедарӕджы Кувӕндоны тыххӕй цыдӕриддӕр скодта, уыдон иууылдӕр уыдысты лӕгъзгонд ӕмӕ ӕрттиваг ӕрхуыйӕ конд.

17 Паддзах сӕ джиппы рауадзын кодта Иорданы дӕлвӕзы, Суккот ӕмӕ Цередайы ’хсӕн, ӕлыгбын мӕры.

18 Соломон ӕрхуыйӕ цы дзауматӕ скӕнын бафӕдзӕхста, уыдон уый бӕрц уыдысты, ӕмӕ сыл ӕрхуы цас ацыди, уымӕн банымайӕн дӕр нӕ уыди.

19-22 Ноджы ма Соломон саразын кодта Дунедарӕджы Кувӕндоны иннӕ дзауматӕ дӕр: сыгъзӕрин нывондхӕссӕн; кувӕггаг дзулты фынг; цырагъдарӕнтӕ — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд, сӕ цырӕгътимӕ, Рухсмонуатмӕ бацӕуӕны раз судзынӕн; дидинсыф фӕлындӕнтӕ, цырӕгътӕ, ӕртыскӕнтӕ, иууылдӕр — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд; хӕсгӕрдтӕ, кӕхцытӕ, цолпытӕ, будсудзӕнтӕ, иууылдӕр — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд; Кувӕндоны дуӕрттӕ: Рухсмонуаты дуар ӕмӕ Кувӕндоны сӕйраг агъуысты дуар, уыдон дӕр уыдысты сыгъзӕринӕй конд.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan