2 Азфыстытӕ 35 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Иосиа Йерусалимы Дунедарӕгӕн сарӕзта Куадзӕны бӕрӕгбон, ӕмӕ фыццаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон ӕрхастой Куадзӕны нывонд. 2 Иосиа сауджынтӕн сбӕлвырд кодта сӕ хӕстӕ, сразӕнгард сӕ кодта Дунедарӕджы Кувӕндоны лӕггад кӕнынмӕ. 3 Ӕмӕ загъта левиттӕн, Дунедарӕгӕн йӕхи чи снывонд кодта, уыдонӕн, ӕгас Израилы зондамонджытӕн: «Фидыды Чырын сӕвӕрут, паддзах Давиды фырт Соломон кӕй сарӕзта, уыцы Кувӕндоны. Нал уын ӕй хъӕуы уӕхсчытыл хӕссын. Нырӕй фӕстӕмӕ лӕггад кӕнут Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ Йӕ адӕм Израилӕн. 4 Мыггаггай скӕнут уӕ уаз куысты рад, Израилы паддзах Давид ӕмӕ йӕ фырт Соломон сӕ заманы цы барфыст радтой, уымӕ гӕсгӕ. 5 Левиттӕн сӕ алы къорд дӕр Кувӕндоны йе ’рвад-ӕфсымӕрты фарсмӕ ’рлӕууӕд. 6 Уӕхи ссыгъдӕг кӕнут ӕмӕ уе ’рвадӕлтӕн Куадзӕны уӕрыкк аргӕвдут, Дунедарӕг Моисейы уылты куыд бафӕдзӕхста, афтӕ». 7 Паддзах Иосиа, адӕмӕй уым чи уыди, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр Куадзӕны номыл йӕ исбонӕй рауӕлдай кодта дӕс ӕмӕ ссӕдз мин уӕрыччы ӕмӕ сӕныччы, стӕй ӕртӕ мин стуры. 8 Йӕ барджынтӕ дӕр адӕмӕн, стӕй сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕн, бархийӕ лӕвӕрттӕ ракодтой сӕ фосӕй. Хуыцауы Кувӕндоны уагдартӕ, Хилкиа, Захариа ӕмӕ Йехиел, Куадзӕны нывондӕгтӕ сауджынты къухмӕ радтой: лыстӕг фосӕй — дыууӕ мин ӕмӕ ӕхсӕзсӕдӕ сӕры, стурвосӕй — ӕртӕсӕдӕ сӕры. 9 Левитты хистӕртӕ дӕр, Конани ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ Шемайа ӕмӕ Нетанел, ноджы ма Хашавиа, Йеиел ӕмӕ Йозавад, левиттӕн Куадзӕны нывӕндтӕ ’рхӕссынӕн балӕвар кодтой фондз мин сӕры лыстӕг фосӕй, фондзсӕдӕ сӕры та — стуртӕ. 10 Сауджынты уаз куыстӕн ӕппӕт дӕр цӕттӕгонд куы ’рцыд, уӕд дзы алчидӕр йӕ бынаты ӕрлӕууыд, левиттӕ дӕр сӕ къордтӕм гӕсгӕ ӕрлӕууыдысты, паддзах куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 11 Левиттӕ Куадзӕны уӕрыччыты аргӕвстой ӕмӕ сын бастыгътой сӕ цӕрмттӕ, сауджынтӕ та левитты къухӕй райстой сӕ тугӕй ӕмӕ дзы бапырх кодтой нывондхӕссӕныл. 12 Иууылсудзинагӕн цы хӕйттӕ нысангонд уыди, уыдон хицӕнгонд цыдысты, цӕмӕй адӕмы мыггӕгты алы къорды номӕй лӕвӕрд цӕуой сауджынтӕм ӕмӕ сӕ уыдон нывондхӕссӕныл судзой Дунедарӕджы кадӕн, Моисейы чиныджы куыд фыст ис, афтӕ. Стуртӕн дӕр бакодтой афтӕ. 13 Левиттӕ, уагфыстмӕ гӕсгӕ, Куадзӕны уӕрыччыты фыд физонӕг кодтой, сӕ уаз хӕйттӕ та сын агтӕ ӕмӕ дурынты сфыхтой ӕмӕ сӕ адӕмыл рӕвдз айуӕрстой. 14 Уый фӕстӕ левиттӕ Куадзӕны минас сцӕттӕ кодтой сӕхицӕн ӕмӕ сауджынтӕн, уымӕн ӕмӕ сауджынтӕ, Аароны байзӕддӕгтӕ, ӕнафонмӕ фӕхастой иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фӕсыгътой нывондӕгты фиу. Сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сауджынтӕн дӕр, Аароны байзӕддӕгтӕн, алцыдӕр ӕрцӕттӕ кодтой левиттӕ. 15 Зарӕггӕнджытӕ, Асафы байзӕддӕгтӕ, лӕууыдысты сӕ бынӕтты, сӕ заманы Давид, Асаф, Хеман ӕмӕ паддзахы зонынджын Йедутун куыд бауынаффӕ кодтой, афтӕ. Дуаргӕстӕ дӕр алы кулдуары раз лӕууыдысты, йӕ куыст ныууадзын дзы никӕй бахъуыди, уымӕн ӕмӕ сын се ’рвадӕлтӕ, левиттӕ, алцыдӕр ӕрцӕттӕ кодтой. 16 Уыцы бон Дунедарӕджы кадӕн уаз лӕггады ӕгъдау иууылдӕр сӕххӕст кодтой: Куадзӕны бӕрӕгбон арӕзт ӕрцыди. Паддзах Иосиайы бардзырдӕй Дунедарӕджы нывондхӕссӕныл хаст ӕрцыдысты иууылсудзинаг нывӕндтӕ. 17 Израилы дзыллӕ Куадзӕны бӕрӕгбоны хӕдфӕстӕ авд боны дӕргъы бӕрӕг кодтой Донгонд дзулты бӕрӕгбон. 18 Пехуымпар Самуелы заманӕй фӕстӕмӕ Израилы ахӕм Куадзӕн никуыуал уыд. Израилы паддзӕхтӕй иу дӕр Куадзӕн Иосиайы хуызӕн никуы сбӕрӕг кодта: сауджынтӕ ӕмӕ левиттимӕ, Иудей ӕмӕ Израилы адӕмӕй уым чи уыдис, уыдонимӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытимӕ. 19 Куадзӕны бӕрӕгбон арӕзт ӕрцыд Иосиайы паддзахиуӕджы ӕстдӕсӕм аз. 20 Иосиа Дунедарӕджы Кувӕндоны уаз куыстӕн уаг ӕмӕ ӕгъдау куы сӕвӕрдта, уый фӕстӕ Мысыры паддзах Нехо хӕстмӕ рацыди Каркемишы ныхмӕ, Евфраты ’рдӕм, ӕмӕ Иосиа йе ’фсадимӕ рацыди йӕ ныхмӕ. 21 Нехо йӕм йӕ минӕвӕртты барвыста, цӕмӕй йын зӕгъой: «Иудейы паддзах, цавӕр хъаугъа ис не ’хсӕн? Ӕз хӕстмӕ рацыдтӕн дӕ ныхмӕ нӕ, фӕлӕ, мемӕ чи хӕцы, уыдоны ныхмӕ хӕцынмӕ. Хуыцау мын бафӕдзӕхста, цӕмӕй фӕстиат ма фӕкӕнон. Уый мӕ фарс хӕцы. Уӕдӕ Йӕ ныхмӕ ма цу, науӕд дӕ бабын кӕндзӕн». 22 Иосиа фӕстӕмӕ нӕ аздӕхт, фӕлӕ йӕхи тохмӕ ’рцӕттӕ кодта. Нехо йын Хуыцауы номӕй цы загъта, уымӕ нӕ байхъуыста, ӕмӕ Мегиддойы дӕлвӕзы йемӕ схӕцыди. 23 Нехойы ӕрдынджынтӕ сӕ фӕттӕ суагътой ӕмӕ Иосиайы фӕцӕф кодтой. Уӕд Иосиа йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Аласут мӕ ардыгӕй, уӕззау цӕф дӕн». 24 Уыдон ӕй уӕрдонӕй райстой, ӕндӕр уӕрдоны йӕ сӕвӕрдтой ӕмӕ йӕ аластой Йерусалиммӕ. Уым Иосиа амарди, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы. Ӕгас Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ йыл фӕхъыг кодтой. 25 Йеремиа йыл скодта хъарӕг. Уӕдӕй нырмӕ йӕ хъарджыты фӕмысынц бирӕ зарӕггӕнджытӕ, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй. Израилы уый сси фӕтк, уыцы зарджытӕ фыст ӕрцыдысты «Хъарджыты чиныджы». 26 Иосиайӕн йӕ хицаудзинады иннӕ хабӕрттӕ, Дунедарӕджы Ӕгъдауыл ӕнувыд куыд уыди, уыцы хорз хъуыддӕгтӕ, 27 райдианӕй кӕронмӕ, фыст ӕрцыдысты «Израил ӕмӕ Иудейы паддзӕхты чиныджы». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia