Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

2 Азфыстытӕ 33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Паддзах Менассиа

1 Менассиа паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууадӕс азы ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта фынддӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы.

2 Менассиа Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон хъуыддӕгтӕ кодта. Дунедарӕг израилӕгты разӕй цы адӕмты фӕсырдта, уыдоны ӕлгъаг митӕ фӕзмыдта.

3 Ногӕй сарӕзта, кӕддӕр йӕ фыд Езекиа кӕй ныппырх кодта, уыцы кувӕн къуыбыртӕ, Баалтӕн скодта нывондхӕссӕнтӕ, Ашерӕйӕн — цӕджындзтӕ; табу ӕмӕ лӕггад кодта ӕппӕт уӕларвон стъалытӕн.

4 Суанг Дунедарӕджы Кувӕндоны дӕр, Дунедарӕг афтӕ кӕмӕй загъта, Йерусалимы Мӕ ном мыггагмӕ цӕрдзӕн, зӕгъгӕ, Менассиа нывондхӕссӕнтӕ сарӕзта.

5 Кувӕндонӕн йӕ дыууӕ кӕрты мидӕг ӕппӕт уӕларвон ӕфсадӕн нывондхӕссӕнтӕ скодта.

6 Хинномы фырты дӕлвӕзы арты нывондӕн ӕрхаста йӕ фыртты, дӕсны фарста, хинтӕ ӕмӕ кӕлӕнтӕ кодта, мӕрдтӕмсидджытӕ ӕмӕ кӕлӕнгӕнджыты уынаффӕтӕм хъуыста. Дунедарӕджы раз бирӕ фыдракӕндтӕ сарӕзта ӕмӕ йӕ бирӕ галиу митӕй мӕсты кодта Дунедарӕджы.

7 Хъӕдӕй кӕй саразын кодта, уыцы гуымирыйы та сӕвӕрдта Дунедарӕджы Кувӕндоны, Дунедарӕг Давид ӕмӕ Соломонӕн афтӕ кӕмӕй загъта: «Ацы Кувӕндоны, Йерусалимы — Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгты исбонӕй Мӕхицӕн кӕй равзӕрстон, уыцы сахары — Мӕ ном цӕрдзӕни мыггагмӕ.

8 Ӕз израилӕгты, сӕ фыдӕлтӕн сын цы зӕхх радтон, уымӕй никуыуал фӕхауӕццаг кӕндзынӕн, кӕд, цыдӕриддӕр сын бафӕдзӕхстон, уыдӕттӕ, Моисейы уылты сын кӕй радтон, уыцы Ӕгъдау, уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ амындтытӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕной, уӕд».

9 Фӕлӕ Менассиа Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн сӕ сӕрызонд афтӕ сзыгъуыммӕ кодта, ӕмӕ израилӕгтӕн бынат суӕгъд кӕныны тыххӕй Дунедарӕг цы адӕмты ныццагъта, уыдонӕй фӕфыддӕр сты.

10 Дунедарӕг Менассиа ӕмӕ йӕ адӕмы рагацау бахизыныл архайдта, фӕлӕ Йӕм нӕ хъуыстой.

11 Ӕмӕ сыл уӕд Ассирийы паддзахы ’фсады хицӕутты бафтыдта, ӕмӕ уыдон Менассиайыл хъадамантӕ скодтой, рӕхыстӕй йӕ сбастой ӕмӕ йӕ афтӕмӕй Вавилонмӕ акодтой.

12 Менассиа уынгӕг ранмӕ куы бахауд, уӕд Дунедарӕгӕн, йӕ Хуыцауӕн, лӕгъстӕ кӕнын байдыдта, йӕ фыдӕлты Хуыцауы раз тынг ӕрфӕсмон кодта.

13 Скуывта Йӕм, ӕмӕ йӕм Хуыцау Йӕ хъус ӕрдардта, айста йын йӕ куывд. Фӕстӕмӕ йӕ ’рбаздӕхта Йерусалиммӕ, йӕ паддзахы бадӕнмӕ. Ӕмӕ афтӕмӕй Менассиа базыдта, Дунедарӕг ӕцӕгӕйдӕр Хуыцау кӕй у, уый.

14 Уый фӕстӕ Менассиа ногӕй рацаразын кодта Давиды сахары ӕддаг быру, уыимӕ йӕ ноджы бӕрзонддӕр систа. Быру цыди Гихоны тӕрфы ныгуылӕйнаг фӕрсты ӕмӕ ахӕццӕ ис Кӕфты кулдуармӕ, стӕй дарддӕр Офелы алыварс ӕрзылди. Иудейы фидаргонд сахарты Менассиа ӕфсӕддон хицӕутты сӕвӕрдта.

15 Дунедарӕджы Кувӕндонӕй ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕ ӕмӕ гуымирыйы раппарын кодта. Кувӕндон цы хохыл лӕууыд, ууыл, стӕй Йерусалимы кӕй саразын кодта, уыцы нывондхӕссӕнтӕ дӕр фехӕлдта, иууылдӕр сӕ сахары ӕддемӕ ахӕссын кодта.

16 Ногӕй сарӕзта Дунедарӕджы нывондхӕссӕн, фидыды ӕмӕ арфӕйы нывӕндтӕ йыл ӕрхаста. Иудейӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй лӕггад кӕной Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн.

17 Фӕлӕ ма уӕддӕр адӕм кувӕн къуыбыртыл нывӕндтӕ хастой, ӕцӕг Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, номыл.

18 Менассиайы иннӕ хабӕрттӕ, йӕ куывд Хуыцаумӕ ӕмӕ, Дунедарӕджы номӕй йӕм цы зонынджынтӕ сидти, уыдоны ныхӕстӕ фыст сты «Израилы паддзӕхты чиныджы».

19 «Хозайы чиныджы» фыст ӕрцыдысты Менассиайы куывд, Хуыцау ӕм Йӕ хъус куыд ӕрдардта, уый, йе ’рфӕсмоны размӕ йӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ йӕ фыдракӕндтӕ иууылдӕр, стӕй кувӕн къуыбыртӕ, Ашерӕйы цӕджындзтӕ ӕмӕ гуымирытӕ кӕмыты скодта, уыдӕттӕ.

20 Менассиа куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ галуаны кӕрты. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Амон.

21 Паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууӕ ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста дыууӕ азы.

22 Амон йӕ фыд Менассиайау Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон хъуыддӕгтӕ кодта. Кӕддӕр йӕ фыд цы гуымирытӕ сарӕзта, уыдонӕн табу кодта ӕмӕ сын нывӕндтӕ хаста.

23 Йӕ фыд Менассиайы хуызӕн, Амон не ’рфӕсмон кодта Дунедарӕджы раз, фӕлӕ ма йӕ тӕригъӕдтӕ ноджы фӕфылдӕр сты.

24 Фӕстагмӕ паддзах Амоны ныхмӕ йӕ дӕлдӕртӕ сусӕгвӕнд скодтой ӕмӕ йӕ амардтой йӕ галуаны.

25 Фӕлӕ бӕстӕйы цӕрджытӕ, Амоны ныхмӕ сусӕгвӕнды чи архайдта, уыдоны се ’ппӕты дӕр ныццагътой ӕмӕ йын йӕ бӕсты паддзахӕй расидтысты йӕ фырт Иосиайы.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan