Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

2 Азфыстытӕ 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Соломон аразы Дунедарӕджы Кувӕндон

1 Соломон Дунедарӕджы Кувӕндон аразын райдыдта Йерусалимы, Мориайы хохыл, кӕддӕр Дунедарӕг йӕ фыд Давидмӕ кӕм раргом ис, уым, йевусаг Орнаны мусуатыл. Орнан йевусӕгтӕй уыди.

2 Аразын та йӕ райдыдта йӕ паддзахиуӕджы цыппӕрӕм аз, дыккаг мӕйӕн йӕ дыккаг бон.

3 Соломон Хуыцауы Кувӕндонӕн скодта ахӕм бындур: йӕ дӕргъ — ӕртиссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх — ссӕдз ӕлмӕрины.

4 Кувӕндоны тыргъӕн йӕ уӕрх уыди ссӕдз ӕлмӕрины, агъуыстӕн йӕхи уӕрхмӕ гӕсгӕ, йӕ бӕрзӕнд та — ӕртиссӕдз ӕлмӕрины. Йӕ мидӕггаг къултӕ йын Соломон састӕрдта сыгъдӕг сыгъзӕринӕй.

5 Кувӕндоны сӕйраг агъуысты къултӕ мидӕгӕй састӕрдта кипарисы фӕйнӕджытӕй, уыдон та — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй ӕмӕ сӕ сфӕлыста пальмӕтӕ ӕмӕ рӕхысты нывӕфтыдтӕй.

6 Ноджы ма йӕ саив кодта зынаргъ дуртӕ ӕмӕ Парваимӕй ласт сыгъзӕринӕй.

7 Кувӕндоны агъуыст, хъайванӕй, асинӕй, къулӕй, дуарӕй, састӕрдта сыгъзӕринӕй. Къултыл скӕнын кодта херувимты нывӕфтыдтӕ.

8 Уый фӕстӕ сарӕзта Рухсмонуат. Йӕ уӕрх уыди ссӕдз ӕлмӕрины, Кувӕндоны уӕрхмӕ гӕсгӕ, йӕ дӕргъ дӕр — ссӕдз ӕлмӕрины. Йӕ састӕрынӕн бахардз кодта сыгъдӕг сыгъзӕрины ӕхсӕзсӕдӕ таланты.

9 Сыгъзӕрин зӕгӕлтӕн сӕ уӕз уыди фӕндзай шекелы. Уӕллаг уӕттӕ дӕр иууылдӕр састӕрдта сыгъзӕринӕй.

10 Рухсмонуаты мидӕг хъӕдӕрмӕгӕй сарӕзта дыууӕ базыртыгъд херувимы ӕмӕ сӕ састӕрдта сыгъзӕринӕй.

11 Сӕ базырты дӕргъ иумӕйагӕй — ссӕдз ӕлмӕрины. Сӕ иуӕн йӕ иу базыры дӕргъ уыди фондз ӕлмӕрины ӕмӕ ӕндзӕвыд агъуысты иу къулыл, йӕ иннӕ базыр дӕр — фондз ӕлмӕрины ӕмӕ ӕндзӕвыд иннӕ херувимы базырыл.

12 Дыккаг херувимӕн дӕр йӕ иу базыры дӕргъ уыди фондз ӕлмӕрины ӕмӕ ӕндзӕвыд Кувӕндоны къулыл, йӕ иннӕ базыр дӕр — фондз ӕлмӕрины ӕмӕ ӕндзӕвыд иннӕ херувимы базырыл.

13 Афтӕмӕй, дыууӕ базыртыгъд херувимӕн иу къулӕй иннӕйы онг сӕ иумӕйаг дӕргъ уыди ссӕдз ӕлмӕрины. Лӕууыдысты сӕ къӕхтыл, ӕмӕ се ’ргом арӕзт уыди Кувӕндоны сӕйраг агъуысты ’рдӕм.

14 Рухсмонуатӕн Соломон бауафын кодта мидӕмбӕрзӕн, ӕрвхуыз, сӕнт сырх ӕмӕ сырх-сырхид ӕндӕхтӕй, стӕй лыстӕг гӕнӕй. Сфӕлыстой йӕ херувимты нывӕфтыдтӕй.

15 Кувӕндоны раззаг фарс Соломон сарӕзта дыууӕ цӕджындзы, сӕ алкӕцыйы бӕрзӕнд дӕр — дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины. Сӕ цъуппытыл ӕрсадзынӕн та — фӕйнӕ ӕфтуаны, алкӕмӕн дӕр дзы йӕ бӕрзӕнд — фондз ӕлмӕрины.

16 Ноджы сарӕзта, Кувӕндоны агъуысты цы рӕхыстӕ уыди, уыдоны халдихтӕ ӕмӕ сӕ ӕфтуантыл бафидар кодта. Скодта ма гранат фӕткъуыйы нывӕфтыдтӕ ӕмӕ сӕ ныффидар кодта рӕхыстыл.

17 Цӕджындзтӕ сӕвӕрдта Кувӕндоны раз: сӕ иу — рахизӕрдыгӕй, иннӕ та — галиуӕрдыгӕй. Ӕмӕ рахиз цӕджындзӕн Соломон радта ном Йахин, галиуӕн та — Боаз.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan