2 Азфыстытӕ 29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстПаддзах Езекиа 1 Езекиа паддзах куы сси, уӕд ыл цыди фынддӕс ӕмӕ ссӕдз азы ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта фараст ӕмӕ ссӕдз азы. Йӕ мад уыди Захариайы чызг Авийа. 2 Езекиа Дунедарӕгӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ кодта, йӕ фыдӕл Давид куыддӕриддӕр уыдис, афтӕ. 3 Йӕ паддзахиуӕджы фыццаг азӕн йӕ фыццаг мӕй Езекиа байгом кодта Дунедарӕджы Кувӕндоны кулдуар, бацалцӕг ӕй кодта. 4 Уый фӕстӕ фӕсидти сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕм, скӕсӕнӕрдыгӕй цы кӕрт уыди, уырдӕм сӕ ӕрӕмбырд кодта. 5 Загъта сын: «Ӕрбайхъусут мӕм, левиттӕ! Ссыгъдӕг кӕнут уӕхи дӕр ӕмӕ Дунедарӕджы, уӕ фыдӕлты Хуыцауы, Кувӕндон дӕр. Цыдӕриддӕр дзы ӕнӕсыгъдӕгӕй ис, уыдон иууылдӕр раппарут. 6 Нӕ фыдӕлтӕ галиу хъуыддӕгтыл бафтыдысты, Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодтой, ныууагътой Йӕ, сӕхи Йын атигъ кодтой Йӕ Цӕрӕныл, сӕ чъылдым Ӕм раздӕхтой. 7 Ноджы ма сӕхгӕдтой Кувӕндоны тыргъы дуӕрттӕ, ахуыссын кодтой цырӕгътӕ. Израилы Хуыцауы Кувӕндоны буд нӕ сыгътой ӕмӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ нӕ хастой. 8 Ӕмӕ Дунедарӕг смӕсты ис Иудей ӕмӕ Йерусалиммӕ, ныффидиссаг сӕ кодта, хӕлӕттаг ӕмӕ хынджылӕггаг сӕ скодта, уӕхӕдӕг ӕй куыд уынут, афтӕ. 9 Ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ карды амӕттаг баисты, нӕ фырттӕ, нӕ чызджытӕ ӕмӕ нӕ устыты та нын акодтой уацары. 10 Ныр ӕз сфӕнд кодтон бафидауын Дунедарӕгимӕ, Израилы Хуыцауимӕ, кӕд нӕ Йӕ масты цӕхӕртӕ иуварс аздахид. 11 Мӕ хъӕбултӕ, ӕнӕмӕт ма ут! Дунедарӕг уӕ равзӕрста, цӕмӕй Йӕ разы лӕууат, лӕггад Ын кӕнат ӕмӕ Йын хӕрздӕфгӕнӕнтӕ судзат, уый тыххӕй!» 12-14 Уӕд левиттӕ сӕ куысты уӕлхъус ӕрлӕууыдысты: Кехаты байзӕддӕгтӕй: Амасайы фырт Махат ӕмӕ Азариайы фырт Иоел; Мерарийы байзӕддӕгтӕй: Авдийы фырт Киш ӕмӕ Йехаллелелы фырт Азариа; Гершоны байзӕддӕгтӕй: Зиммайы фырт Йоах ӕмӕ Йоахы фырт Еден; Елицафаны байзӕддӕгтӕй: Шимри ӕмӕ Йеиел; Асафы байзӕддӕгтӕй: Захариа ӕмӕ Маттаниа; Хеманы байзӕддӕгтӕй; Йехиел ӕмӕ Шими; Йедутуны байзӕддӕгтӕй: Шемайа ӕмӕ Уззиел. 15 Уыдон се ’рвад-ӕфсымӕрты ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ, паддзах куыд бафӕдзӕхста, афтӕ, Дунедарӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ, фыццаджыдӕр ссыгъдӕг кодтой сӕхи, уый фӕстӕ та райдыдтой Кувӕндон сыгъдӕг кӕнын. 16 Сауджынтӕ Кувӕндонмӕ бацыдысты ӕмӕ дзы ӕнӕсыгъдӕгӕй цыдӕриддӕр ссардтой, уыдон кӕртмӕ рахастой. Уырдыгӕй та сӕ левиттӕ ахастой Кедроны тӕрфмӕ. 17 Дунедарӕджы Кувӕндон сыгъдӕг кӕнын райдыдтой фыццаг мӕйы фыццаг бон ӕмӕ йын уыцы мӕйы ӕстӕм бонмӕ рахӕццӕ сты йӕ тыргъмӕ. Кувӕндон ссыгъдӕг кӕныны куыст ма ноджыдӕр аст боны ахаста, ӕмӕ сын афтӕмӕй фыццаг мӕйы ӕхсӕрдӕсӕм бон сыгъдӕггонд фӕци. 18 Уӕд паддзах Езекиамӕ ацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Дунедарӕджы Кувӕндон иууылдӕр ссыгъдӕг кодтам: иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн йе ’ппӕт мигӕнӕнтимӕ, кувӕггаг дзулты фынг йе ’ппӕт мигӕнӕнӕнтимӕ. 19 Паддзах Ахаз йӕ паддзахиуӕджы заман, фыдракӕндтӕ аразгӕйӕ, цы дзауматӕ раппӕрста, уыдон дӕр ӕрцӕттӕ ӕмӕ ссыгъдӕг кодтам. Ныр лӕууынц Дунедарӕджы нывондхӕссӕны раз». 20 Дыккаг райсом сӕумӕцъӕхӕй Езекиа сахары хицӕуттӕм фӕдзырдта ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ ацыди. 21 Паддзахы бинонтӕ, стӕй Кувӕндон ӕмӕ ӕгас Иудейы тыххӕй тӕригъӕды нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ ӕрбакодтой авд галы, авд фыры, авд уӕрыччы ӕмӕ авд цӕуы. Ӕмӕ паддзах сауджынтӕн, Аароны байзӕддӕгтӕн, бафӕдзӕхста, цӕмӕй Дунедарӕджы нывондхӕссӕныл иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕрхӕссой. 22 Сауджынтӕ галтӕ аргӕвстой, сӕ тугӕй сын райстой ӕмӕ дзы бапырх кодтой нывондхӕссӕныл. Уый фӕстӕ аргӕвстой фырытӕ ӕмӕ уыдоны тугӕй дӕр бапырх кодтой нывондхӕссӕныл. Аргӕвстой уӕрыччытӕ ӕмӕ уыдоны тугӕй дӕр бапырх кодтой нывондхӕссӕныл. 23 Тӕригъӕды нывӕндтӕ ӕрхӕссынӕн цы цӕутӕ ӕрцӕттӕ кодтой, уыдон паддзах ӕмӕ ӕмбырды размӕ ӕрбакодтой ӕмӕ сыл уыдон сӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдтой. 24 Сауджынтӕ сӕ аргӕвстой ӕмӕ сын сӕ тугӕй нывондхӕссӕныл бапырх кодтой, цӕмӕй барст ӕрцӕуа ӕгас Израилы тӕригъӕд. Уымӕн ӕмӕ паддзах ӕгас Израилы тыххӕй бафӕдзӕхста иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ тӕригъӕды нывӕндтӕ ӕрхӕссын. 25 Езекиа левиттӕн бардзырд радта, цӕмӕй ӕмдзӕгъдгӕнӕн тӕбӕгътӕ, дыууадӕстӕнонтӕ ӕмӕ хъисфӕндыртимӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны ӕрлӕууой. Уыцы фӕтк сӕ заманы ӕрфидар кодтой паддзах Давид, йӕ зонынджын Гад ӕмӕ йӕ пехуымпар Натан, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг йӕ пехуымпартӕн афтӕ бафӕдзӕхста. 26 Левиттӕ, кӕддӕр Давид кӕй саразын кодта, ахӕм зӕлуадзӕнтимӕ лӕууыдысты, сауджынтӕ та — сӕ хӕтӕлтимӕ. 27 Езекиа иууылсудзинӕгтӕ нывондхӕссӕныл ӕрӕвӕрын кодта, ӕмӕ сыл арт куы бандзӕрстой, уӕд зарӕггӕнджытӕ Дунедарӕджы кадӕн ныззарыдысты, хӕтӕлтӕй ӕмӕ, Израилы паддзах Давид кӕй саразын кодта, ахӕм зӕлуадзӕнтӕй цагътой, афтӕмӕй. 28 Цалынмӕ иууылсудзинӕгтӕ сыгъдысты, уӕдмӕ ӕмбырды адӕм иууылдӕр куывтой, зарӕг ӕмӕ хӕтӕлты цагъд хъуыстысты. 29 Нывӕндтӕ куы басыгъдысты, уӕд паддзах ӕмӕ, йемӕ чи уыди, уыдон иууылдӕр ӕрзоныг кодтой ӕмӕ ныддӕлгом сты зӕххыл. 30 Паддзах Езекиа ӕмӕ йӕ барджынтӕ левиттӕн загътой, цӕмӕй Дунедарӕджы стауой Давид ӕмӕ зонынджын Асафы ныхӕстӕй. Ӕмӕ уыдон дӕр хъӕлдзӕгӕй ныззарыдысты Дунедарӕджы кадӕн, бакуывтой Йын ӕмӕ зӕххыл ныддӕлгом сты. 31 Езекиа ноджы загъта: «Ныр сымах уӕхи Дунедарӕгӕн снывонд кодтат. Гъемӕ уӕдӕ Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ нывӕндтӕ ӕмӕ арфӕйы хуынтӕ хӕссут». Ӕмӕ адӕм иууылдӕр нывӕндтӕ ӕмӕ арфӕйы хуынтӕ хӕссын райдыдтой, кӕй фӕндыди, уыдон та ма иууылсудзинӕгтӕ дӕр ӕрхастой. 32 Иууылсудзинаг нывӕндтӕ нымадӕй уыдысты: дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз галы, сӕдӕ фыры ӕмӕ дыууӕсӕдӕ уӕрыччы. Уыдон иууылдӕр Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхастой. 33 Иннӕ уаз нывӕндтӕ та ӕдӕппӕтӕй: ӕхсӕзсӕдӕ сӕры — стуртӕ, ӕртӕ мин сӕры та — лыстӕг фос. 34 Сауджынты нымӕц ӕгӕр гыццыл уыди, цӕмӕй иууылсудзинаг нывӕндты цӕрмттӕ иууылдӕр бастигъой, ӕмӕ сын левиттӕ ӕххуыс кодтой, цалынмӕ куыст кӕронмӕ нӕ фӕци ӕмӕ иннӕ сауджынтӕ дӕр сӕхи не ссыгъдӕг кодтой, уӕдмӕ. Уымӕн ӕмӕ левиттӕ, сауджынтӕй уӕлдай, фылдӕр бацархайдтой сӕхи ссыгъдӕг кӕныныл. 35 Иууылсудзинаг нывӕндтӕ, фидыды нывӕндты фиу ӕмӕ сӕн тынг бирӕ уыдысты. Афтӕмӕй ногӕй Дунедарӕджы Кувӕндоны уаз куыст йӕ гаччы сбадти. 36 Езекиа ӕмӕ ӕгас дзыллӕ цин кодтой, Хуыцау сӕ кӕй фӕфидар кодта, ууыл, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ конд ӕрцыдысты тынг цыбыр рӕстӕгмӕ. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia