Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

2 Азфыстытӕ 27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Паддзах Йотам

1 Йотам паддзах куы сси, уӕд ыл цыди фондз ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта ӕхсӕрдӕс азы. Йӕ мад Йеруша уыди Цадокы чызг.

2 Йотам Дунедарӕгӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ кодта, йӕ фыд Озиа куыддӕриддӕр уыдис, афтӕ. Ӕрмӕст уыйау Кувӕндонмӕ нӕ бацыд. Адӕм та раздӕрау ӕнӕуаг митӕ кодтой.

3 Йотам сарӕзта Дунедарӕджы Кувӕндоны Уӕллаг кулдуар. Офелы къуыбырыл, сахары сисы раз, бирӕ куыстытӕ бакодта.

4 Иудейы хӕхбӕсты дӕр сахартӕ сарӕзта, хъӕдты та — фидӕрттӕ ӕмӕ мӕсгуытӕ.

5 Йотам аммонӕгты паддзахы ныхмӕ схӕцыд ӕмӕ йыл фӕуӕлахиз. Уыцы аз ын аммонӕгтӕ бафыстой хъалон: ӕвзисты сӕдӕ таланты, дӕс мин коры мӕнӕу, стӕй иу уый бӕрц та — хъӕбӕрхор. Ахӕм хъалон ын бафыстой дыккаг ӕмӕ ӕртыккаг аз дӕр.

6 Йотам ахӕм хъомысджын уымӕн сси, ӕмӕ йӕ фӕндӕгтӕ Дунедарӕджы, йӕ Хуыцауы раз, уыдысты раст.

7 Йотамы иннӕ хъуыддӕгтӕ, йе ’ппӕт хӕстон хабӕрттӕ ӕмӕ йӕ царды уаджы ӕгъдау фыст ӕрцыдысты «Израил ӕмӕ Иудейы паддзӕхты чиныджы».

8 Паддзах сси фондз ӕмӕ ссӕдзаздзыдӕй ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта ӕхсӕрдӕс азы.

9 Йотам куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы, Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Ахаз.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan