Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

2 Азфыстытӕ 23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Паддзах Иоас

1 Ӕвдӕм аз куы ралӕууыд, уӕд сауджын Йехода фӕныфсджын ис ӕмӕ сӕдӕйыхицӕуттимӕ бадзырд сарӕзта: Йерохамы фырт Азариа, Йохананы фырт Измаел, Оведы фырт Азариа, Адайайы фырт Маасеа ӕмӕ Зихрийы фырт Елишафатимӕ.

2 Уыдон Иудейыл ӕрзылдысты ӕмӕ ӕппӕт иудейаг сахартӕй левиттӕ ӕмӕ Израилы мыггӕгты хистӕртӕм фӕсидтысты. Ӕмӕ уыдон Йерусалиммӕ куы ’рбацыдысты,

3 уӕд ӕмбырды адӕм Хуыцауы Кувӕндоны иууылдӕр паддзахы раз фидыды ард бахордтой. Йехода сын загъта: «Паддзахиуӕг хъуамӕ кӕна паддзахы фырт, Дунедарӕг Давиды байзӕддӕгтӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ.

4 Гъемӕ уӕдӕ афтӕ бакӕнут: ацы сабаты сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕн сӕ иу ӕртыццаг хай хъалагъур хӕсдзысты Кувӕндоны къӕсӕры цур,

5 иннӕ ӕртыццаг хай — паддзахы галуаны цур ӕмӕ ма иу ӕртыццаг хай — Скӕсӕйнаг кулдуары цур, иннӕ адӕм та иууылдӕр — Кувӕндоны кӕртыты.

6 Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ уӕ мачи бацӕуӕд, сауджынтӕ ӕмӕ, лӕггад сын чи кӕны, уыцы левиттӕй уӕлдай. Уыдонӕн ӕмбӕлы, уымӕн ӕмӕ сӕхи ссыгъдӕг кодтой. Иннӕ адӕм иууылдӕр ӕххӕст кӕнӕнт Дунедарӕджы фӕдзӕхст ӕмӕ лӕууӕнт ӕдде.

7 Левиттӕ-иу ӕд хӕцӕнгӕрзтӕ паддзахы алыварс ӕрлӕууӕнт. Кувӕндонмӕ чидӕриддӕр бацӕуа, уый амарын хъӕуы. Паддзах кӕдӕмфӕнды куы фӕцӕйцӕуа — йӕ разы-иу лӕуут».

8 Левиттӕ ӕмӕ ӕппӕт иудейӕгтӕ, сауджын Йехода цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдон иууылдӕр сӕххӕст кодтой. Алчидӕр дзы фӕдзырдта йӕ адӕммӕ: сабаты хъалагъур хӕссыны фӕдыл чи ӕрбацыд, стӕй, йӕ хъалагъуры рад кӕмӕн ахицӕн, уыдоны дӕр Йехода нӕ бауагъта ацӕуын.

9 Сӕдӕйыхицӕуттыл байуӕрста, паддзах Давидӕн Хуыцауы хӕдзары цы хотыхтӕ ӕфснайд уыди, уыдон: ӕрцытӕ, стыр ӕмӕ гыццыл уартытӕ.

10 Адӕмы се ’ппӕты дӕр Кувӕндоны раз, йӕ цӕгатварсӕй хуссарварсы онг, стӕй нывондхӕссӕн ӕмӕ Кувӕндоны алыварс гӕрзифтонгӕй ӕрлӕууын кодта, цӕмӕй паддзахы алырдыгӕй хъахъхъӕной.

11 Уый фӕстӕ паддзахы фырты ӕддӕмӕ ракодтой, кады худ ыл ӕркодтой ӕмӕ йын радтой паддзахиуӕджы нысӕнттӕ. Йехода ӕмӕ йӕ фырттӕ йӕ паддзахӕй байсӕрстой. Адӕм се ’ппӕт дӕр цинхъӕр систой: «Ӕгас цӕуӕд паддзах!»

12 Атали адӕмы уынӕр куы фехъуыста, стӕй паддзахӕн хъӕрӕй куыд кад кӕнынц, уый, уӕд сӕ размӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны ’рдӕм фӕраст ис.

13 Цӕуы ӕмӕ уыны: тӕккӕ бацӕуӕны, бӕрзонд ран, ног паддзах йӕ бынаты лӕууы. Йӕ разы — ӕфсады хицӕуттӕ ӕмӕ хӕтӕлтӕй цӕгъдджытӕ. Бӕстӕйы адӕм иууылдӕр цин кӕнынц ӕмӕ цӕгъдынц сӕ хӕтӕлтӕй, зарӕггӕнджытӕ та сӕ зӕлуадзӕнтимӕ кады зарджытӕ зарынц. Уӕд Атали йӕ уӕлӕдарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта ӕмӕ ныцъцъӕхахст кодта: «Сусӕгвӕнд! Сусӕгвӕнд!»

14 Йехода сӕдӕйыхицӕуттӕн бардзырд радта: «Кувӕндонӕй йӕ ӕддӕмӕ акӕнут, йӕ фӕдыл чидӕриддӕр рацӕуа, уыдоны-иу амарут». Загъта ма сын: «Дунедарӕджы Кувӕндоны йӕ ма амарут».

15 Ӕрцахстой йӕ ӕмӕ йӕ акодтой паддзахы галуаны бацӕуӕны размӕ, Бӕхты кулдуары цурмӕ, ӕмӕ йӕ уым амардтой.

16 Йехода йӕхӕдӕг дӕр фидыды ард бахордта, стӕй фидыды ард адӕм ӕмӕ паддзахӕн дӕр бахӕрын кодта — Дунедарӕджы адӕм кӕй уыдзысты.

17 Уӕд адӕм иууылдӕр Баалы кувӕндонмӕ ацыдысты ӕмӕ йӕ фехӕлдтой. Ныппырх ын кодтой йӕ нывондхӕссӕнтӕ, ныззыгуым ын кодтой йӕ гуымирытӕ; нывондхӕссӕнты цур амардтой Баалы сауджын Маттаны.

18 Уый фӕстӕ Йехода Дунедарӕджы Кувӕндоны куыстытӕ бабар кодта сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕн, кӕддӕр сын паддзах Давид цы уаг ӕрӕвӕрдта, уымӕ гӕсгӕ, — уый сын бахӕс кодта цины зарджытимӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ хӕссын, Моисейы Ӕгъдауы чиныджы куыд фыст ис, афтӕ.

19 Кувӕндоны кулдуӕртты раз сӕвӕрдта хъахъхъӕнджытӕ, цӕмӕй, истӕй тыххӕй сыгъдӕг чи нӕ разына, уый мидӕмӕ ма бацӕуа.

20 Сӕдӕйыхицӕуттӕ, уӕздӕттӕ ӕмӕ адӕмы иннӕ хицӕуттимӕ паддзахы Дунедарӕджы Кувӕндонӕй ӕддӕмӕ ракодта ӕмӕ йӕ Уӕллаг Кулдуарыл паддзахы галуанмӕ бахуыдтой. Уым ӕй паддзахы бадӕны сбадын кодтой.

21 Бӕстӕйы адӕм иууылдӕр цин кодтой. Аталийы куы амардтой, уый фӕстӕ сахары ралӕууыди сабыр заман.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan