Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

2 Азфыстытӕ 22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Паддзах Ахазиа

1 Йерусалимы цӕрджытӕ йын йӕ бӕсты паддзахӕй сӕвӕрдтой йӕ кӕстӕр фырт Ахазиайы, уымӕн ӕмӕ йӕ хистӕр фырттӕ ӕгас нал уыдысты. Араббӕгтимӕ цы ӕфсӕддон къорд ӕрбацыд, уый иудейӕгты хӕстон асадӕнмӕ бабырста ӕмӕ сӕ ныццагъта. Афтӕмӕй Иудейӕн паддзах сси Иорамы фырт Ахазиа.

2 Йерусалимы паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз азы, ӕмӕ йӕ паддзахиуӕг ахаста иу аз. Йӕ мад Атали уыд Амрийы фырты чызг.

3 Ахазиа дӕр Ахавы мыггаджы фӕндагыл цыди, уымӕн ӕмӕ йын уынаффӕгӕнӕг уыдис йӕ мад, ӕнӕхуыцау митыл ӕй ардыдта.

4 Ахавы байзӕддӕгты фӕзмгӕйӕ, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы уыди, уыдӕттӕ кодта, уымӕн ӕмӕ йын йӕ фыды амӕлӕты фӕстӕ уынаффӕгӕнджытӕ уыдон уыдысты ӕмӕ йӕ сӕфтмӕ ӕркодтой.

5 Сӕ уынаффӕмӕ байхъусгӕйӕ, Израилы паддзах Йорамимӕ, Ахавы фыртимӕ, бабырста Галаадаг Рамотмӕ ӕмӕ Сирийы паддзах Хазаелы ныхмӕ схӕцыди. Сириӕгтӕ йӕ фӕцӕф кодтой,

6 ӕмӕ ӕрбаздӕхти Изреелмӕ, Сирийы паддзах Хазаелы ныхмӕ хӕцгӕйӕ, Рамоты сахары цы цӕфтӕ райста, уыдонӕй йӕхи сдзӕбӕх кӕнынмӕ. Ахавы фырт Йораммӕ йӕ рынчыны заман Изреелмӕ бӕрӕггӕнӕг ӕрбацыд Иудейы паддзах Ахазиа, Иорамы фырт.

7 Ӕмӕ уый Ахазиайӕн уыди йӕ адзалы бон, уымӕн ӕмӕ афтӕ сфӕнд кодта Хуыцау. Ахазиа Йораммӕ куы ’рбацыди, уӕд иумӕ Нимшийы фырт Йегуйы ныхмӕ хӕцынмӕ рацыдысты, уый та Дунедарӕг байсӕрста паддзахӕй, цӕмӕй Ахавы бинонты ныццӕгъда.

8 Ахавы бинонтӕн цы тӕрхон рахастӕуыд, уый ӕххӕстгӕнгӕйӕ, Йегу ссардта Иудейы ӕфсады хицӕутты, стӕй Ахазиайӕн йе ’фсымӕрты лӕппуты, лӕггад ын чи кодта, уыдоны, ӕмӕ сӕ амардта.

9 Уый фӕстӕ Ахазиайы агурын райдыдта ӕмӕ, Самарийы ӕмбӕхстӕй куы бадти, уӕд ахст ӕрцыди. Йегумӕ йӕ ӕрбакодтой ӕмӕ йӕ амардтой. Бавӕрыны аккаг ӕй скодтой, уымӕн ӕмӕ загътой: «Цыфӕнды куы уа, уӕддӕр Дунедарӕгӕн зӕрдиагӕй кад чи кодта, уыцы Иосафаты фырты фырт у». Ӕмӕ Ахазиайы хӕдзары, паддзахиуӕг кӕнын йӕ бон кӕмӕн суыдаид, ахӕмӕй ничиуал баззад.

10 Уымӕн ӕмӕ йын йӕ мад Атали йӕ амӕлӕты хабар куы базыдта, уӕд бавдӕлд ӕмӕ Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы паддзӕхты мыггаг бынтондӕр сыскъуыйын кодта.

11 Фӕлӕ паддзахы чызг Йошевӕ Ахазиайы чысыл лӕппу Иоасы, марынвӕнд кӕмӕн скодтой, паддзахы уыцы фыртты ’хсӕнӕй радавта, йӕ дыджызӕйы дӕр ын ракодта ӕмӕ сӕ уаты бамбӕхста. Афтӕмӕй Йошевӕ (паддзах Иорамы чызг, сауджын Йеходайы бинойнаг, Ахазиайы хо), Иоасы Аталийӕ бамбӕхста, ӕмӕ йӕ уый нӕ амардта.

12 Дунедарӕджы Кувӕндоны Иоас семӕ ӕмбӕхстӕй фӕци ӕхсӕз азы. Бӕстӕйы та уыцы заман паддзахиуӕг кодта Атали.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan