Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

2 Азфыстытӕ 21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Паддзах Иорам

1 Иосафат амарди, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой йӕ фыдӕлты фарсмӕ, Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Иорам.

2 Уымӕн уыдис ӕхсӕз ӕфсымӕры: Азариа, Йехиел, Захариа, Азари, Михаел ӕмӕ Шефати. Уыдон се ’ппӕт дӕр уыдысты Иудейы паддзах Иосафаты фырттӕ.

3 Сӕ фыд сын бирӕ лӕвӕрттӕ ракодта: ӕвзистӕй зӕгъай, сыгъзӕринӕй, алы зынаргъ дзаумайӕ. Рауӕлдай сын кодта Иудейы фидаргонд сахартӕй дӕр, фӕлӕ йӕ паддзахы бадӕн радта Иорамӕн, уымӕн ӕмӕ уый уыди йӕ фыццаг зӕнӕг.

4 Иорам йӕ фыды бӕсты паддзах куы сси ӕмӕ йӕ бынаты куы ’рфидар ис, уӕд йе ’фсымӕрты се ’ппӕты дӕр амарын кодта, ноджы ма Израилы барджынтӕй кӕйдӕрты.

5 Паддзах куы сси, уӕд Иорамыл цыди ӕртын дыууӕ азы, ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта аст азы.

6 Йе ’наккаг митӕй фӕзмыдта Израилы паддзӕхты, Ахавы бинонты, уымӕн ӕмӕ йӕ бинойнаг уыдис Ахавы чызг. Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы уыди, уыдӕттӕ кодта.

7 Фӕлӕ Дунедарӕджы Давиды мыггаг фесафын нӕ фӕндыд, кӕддӕр Давидимӕ кӕй сарӕзта, уыцы фидыды сӕраппонд. Уый Давидӕн зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ байзӕддӕгтӕн сӕ зынг мыггагмӕ кӕй нӕ ахуысдзӕн, уымӕй.

8 Иорамы заман Едомы цӕрджытӕ Иудейы ныхмӕ сыстадысты ӕмӕ сӕхӕдӕг сӕхицӕн паддзах равзӕрстой.

9 Иуахӕмы Иорам йе ’ппӕт ӕфсады хицӕуттӕ ӕмӕ йӕ тохуӕрдӕттимӕ сӕ ныхмӕ хӕцынмӕ рацыд. Едомӕгтӕ сыл ӕрхъула кодтой, фӕлӕ адон ӕхсӕвы семӕ схӕцыдысты ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кодтой.

10 Ӕмӕ уӕдӕй нырмӕ Едомы цӕрджытӕ Иудейы дӕлбар нал сты. Уыцы заман Ливнӕйы сахар дӕр Иорамы хицаудзинады ныхмӕ сыстади, уымӕн ӕмӕ Иорам ферох кодта Дунедарӕджы, йӕ фыдӕлты Хуыцауы.

11 Суанг ма Иудейы хӕхтыл кувӕн къуыбыртӕ дӕр сарӕзта, Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты ӕнӕуаг митыл бафтыдта, раст фӕндагӕй сӕ аздӕхта.

12 Уыцы заман ӕм пехуымпар Илийа ӕрбарвыста ахӕм фыстӕг: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, дӕ фыдӕл Давиды Хуыцау: ды нӕ бафӕзмыдтай дӕ хъуыддӕгтӕй дӕ фыд Иосафаты, стӕй дӕ фыды фыд Асайы, Иудейы паддзахы.

13 Уый нӕ, фӕлӕ ацыдтӕ израилаг паддзӕхты фӕндӕгтыл, Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты ӕнӕуаг митыл бафтыдтай, Ахавы хӕдзарвӕндаджы бафӕзмыдтай. Ды амардтай дӕ хӕрз ӕфсымӕрты, дӕуӕй хуыздӕр чи уыди, уыдоны.

14 Уый тыххӕй дын Дунедарӕг дӕ адӕм, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ устыты, стӕй де ’ппӕт исбон дӕр Йӕ азары хай бакӕндзӕн.

15 Дӕхиуыл та дын сау низ бафтаудзӕн, ӕмӕ дын уыцы низ дӕ хуылф хӕрдзӕни, цалынмӕ дӕ хуылфыдзаумӕттӕ ӕддӕмӕ ракӕлой, уӕдмӕ».

16 Дунедарӕг Иорамы ныхмӕ сыстын кодта филистимӕгтӕ ӕмӕ араббӕгты, эфиопӕгтӕм хӕстӕг чи царди, уыдоны.

17 Уыдон Иудеймӕ ӕрбабырстой ӕмӕ йӕ бацахстой, паддзахы галуан ныххӕлӕттаг кодтой. Йӕ фырттӕ ӕмӕ йын йӕ устыты акодтой уацары. Йӕ фырттӕй йын, йӕ кӕстӕр фырт Ахазиайӕ фӕстӕмӕ, уым никӕйуал ныууагътой.

18 Уый фӕстӕ Дунедарӕг Иорамӕн йӕ хуылфыдзаумӕттыл, хос кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм низ бафтыдта.

19 Бонӕй-бонмӕ фыддӕр кодта, ӕмӕ йыл афтӕмӕй дыууӕ азы куы рацыд, уӕд иуахӕмы йӕ хуылфыдзаумӕттӕ ӕддӕмӕ ракалдысты, ӕмӕ бирӕ хъизӕмӕртты фӕстӕ йӕ уд систа. Адӕм-иу ын йӕ фыдӕлты кадӕн сӕ амӕлӕты фӕстӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ басыгътой, фӕлӕ уый ахӕм кады аккаг не скодтой.

20 Иорам паддзах куы сси, уӕд ыл цыди ӕртын дыууӕ азы ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта аст азы. Куы амарди, уӕд ыл ничи фӕхъыг кодта. Бавӕрдтой йӕ Давиды сахары, ӕрмӕст, паддзӕхтӕ кӕм ныгӕд уыдысты, уыцы зӕппӕдзты нӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan