2 Азфыстытӕ 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстСоломон аразы Кувӕндон 1 Соломон сфӕнд кодта Дунедарӕджы номыл Кувӕндон саразын, йӕхицӕн та — паддзахы галуан. 2 Ӕвдай мин лӕджы снысан кодта уӕргътӕ хӕссынӕн, ӕстай мины та — дуркъахӕнты дуртӕ фадынӕн. Сӕ сӕргъы сын сӕвӕрдта ӕртӕ мин ӕхсӕзсӕдӕ цӕстдарӕджы. 3 Соломон Тиры паддзах Хираммӕ минӕвӕрттӕ арвыста ахӕм курдиатимӕ: «Мӕ фыд Давид йӕхицӕн галуан куы арӕзта, уӕд ын хорз баххуыс кодтай, ӕрбарвыстай йын кедр бӕлӕсты хъӕдӕрмӕг. 4 Ныр ӕз та Дунедарӕджы, Мӕ Хуыцауы, кадӕн аразын Кувӕндон, цӕмӕй Йӕ разы буд судзон ӕмӕ Дунедарӕджы раз ӕдзухдӕр афойнадыл ӕвӕрон кувӕггаг дзултӕ; цӕмӕй Йын сабӕттӕ, мӕйногтӕ ӕмӕ иннӕ бӕрӕгбӕтты рӕстӕг райсомӕй дӕр ӕмӕ изӕрӕй дӕр хӕссон иууылсудзинаг нывӕндтӕ, Израилы адӕмӕн мыггагмӕ куыд бафӕдзӕхстӕуыд, афтӕ. 5 Цы Кувӕндон аразын, уый стыр уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау дӕр стыр у — ӕппӕт хуыцӕуттӕй стырдӕр. 6 Кӕй бон суыдзӕн Уымӕн Кувӕндон саразын, уӕларв ӕмӕ Йыл уӕлдунетӕ дӕр куы не ’ххӕссынц, уӕд? Стӕй ӕз дӕр чи дӕн, цӕмӕй Уымӕн Кувӕндон саразон? Кӕд Ын ӕрмӕст Йӕ разы хӕрздӕфгӕнӕнтӕ судзынӕн исты саразон. 7 Уӕдӕ мын ӕрбарвит, сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнагимӕ кусынмӕ чи арӕхсы, сӕнт сырх, сырх-сырхид ӕмӕ ӕрвхуыз хъуымӕцтӕ уафын, стӕй нывӕфтауӕджы куыст чи зоны, ахӕм ӕрмдӕсныйы. Иудей ӕмӕ мын Йерусалимы цы ӕрмдӕснытӕ ис, уыдонимӕ мын кусӕд. Уыцы ӕрмдӕсныты кӕддӕр мӕ фыд Давид равзӕрста. 8 Ливанӕй мын ӕрбарвит кедртӕ, кипаристӕ ӕмӕ зынаргъ хъӕдӕрмӕг алмуг. Дӕ кусджытӕ ливайнаг бӕлӕстӕ калынмӕ хорз арӕхсынц, уый зонын, ӕмӕ сӕм мӕ кусджытӕ дӕр фӕкӕсдзысты, 9 цӕмӕй мын бирӕ хъӕдӕрмӕг ӕрцӕттӕ кӕной. Уымӕн ӕмӕ, ӕз цы Кувӕндон аразын, уый хъуамӕ уа стыр ӕмӕ ӕвӕджиауы рӕсугъд. 10 Дӕ хъӕддзаутӕн дын ӕз ратдзынӕн ссӕдз мин коры мӕнӕу, иу уый бӕрц та — хъӕбӕрхор, стӕй ссӕдз мин баты сӕн ӕмӕ иу уый бӕрц та — оливӕйы сой». 11 Тиры паддзах Хирам Соломонмӕ ӕрбарвыста фыстӕг: «Дунедарӕг Йӕ адӕмы кӕй уарзы, уый тыххӕй дӕ равзӕрста уыдонӕн паддзахӕй. 12 Арфӕгонд у Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, арв ӕмӕ зӕхх Чи сфӕлдыста, паддзах Давидӕн ахӕм куырыхон фырты Чи радта, арфуынӕг зондӕй хайджын чи у, Дунедарӕгӕн Кувӕндон, йӕхицӕн та паддзахы галуан саразын чи сфӕнд кодта!» 13 Хирам дарддӕр фыста: «Ӕз ӕрвитын куырыхон ӕмӕ бирӕзонаг адӕймаджы, Хурам-Авиайы. 14 Йӕ мад рацыди Даны мыггагӕй, йӕ фыд та у Тиры сахайраг. Хурам-Авиа арӕхсы сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы, ӕфсӕйнаг, дур ӕмӕ хъӕдӕрмӕгимӕ кусынмӕ, сӕнт сырх, сырх-сырхид ӕмӕ ӕрвхуыз тӕбынӕй, стӕй лыстӕг гӕнӕй уафынмӕ. Нывӕфтауынмӕ дӕр, стӕй йын цыдӕриддӕр бабар кӕной, уыцы куыстытӕй алцӕмӕ дӕр арӕхсы. Де ’рмдӕснытӕ ӕмӕ мӕ хицауы, паддзах Давиды, ӕрмдӕснытимӕ кусдзӕни. 15 Мӕнӕу, хъӕбӕрхор, сой ӕмӕ сӕны кой скодтай, ӕмӕ-иу уыдон та дӕхи кусджытӕн рарвит. 16 Мах дын Ливаны бӕлӕстӕй хъӕдӕрмӕгӕн акалдзыстӕм, цас дӕ бахъӕуа, уыйас ӕмӕ дын сӕ тъиуибӕстытӕй денджызыл Яффомӕ бахӕццӕ кӕндзыстӕм. Ды та-иу сӕ уырдыгӕй Йерусалиммӕ алас». 17 Соломон банымайын кодта, Израилы зӕххыл чи царди, уыцы ӕрцӕуӕггӕгты, уымӕй размӕ Давид куыд бакодта, афтӕ. Соломоны сфыстмӕ гӕсгӕ сӕ нымӕц уыди сӕдӕ фӕндзай ӕртӕ мин ӕхсӕз сӕдӕ. 18 Уыдонӕй Соломон ӕвдай мин лӕджы бафтыдта ӕргъӕмттӕ хӕссыныл, ӕстай мины — къӕдзӕхты дуртӕ фадыныл, ӕртӕ мин ӕхсӕзсӕдӕ лӕджы та сын сӕвӕрдта цӕстдарджытӕй, цӕмӕй сӕ куыстмӕ разӕнгард кӕной. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia