2 Азфыстытӕ 19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Ныр иудейаг паддзах Иосафат та сӕрӕгасӕй раздӕхти Йерусалиммӕ, йӕ галуанмӕ. 2 Зонынджын Йегу, Хананийы фырт, фӕндагыл йӕ размӕ рацыд ӕмӕ йын бауайдзӕф кодта: «Ау, дӕуӕн ӕмбӕлдис ӕнӕхуыцауӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ, Дунедарӕг ӕнӕуынон кӕмӕн у, уыдонимӕ лымӕн кӕнын? Уый тыххӕй дӕ Дунедарӕджы азар баййафдзӕн. 3 Ӕниу, хорзӕй дӕр цыдӕртӕ сарӕзтай, уымӕн ӕмӕ Иудейы зӕххыл Ашерӕйы цӕджындзтӕ акалдтай, Дунедарӕджы агуырдтай зӕрдиагӕй». 4 Иосафат царди Йерусалимы, фӕлӕ та иуахӕмы ӕрзылди бӕстӕйыл, Беер-Шевӕйӕ Ефремы хӕхбӕсты онг. Адӕмы се ’ппӕты дӕр Дунедарӕгмӕ, сӕ фыдӕлты Хуыцаумӕ, здӕхта. 5 Иудейы алы фидаргонд сахары дӕр сӕвӕрдта тӕрхоны лӕгтӕ. 6 Бафӕдзӕхста сын: «Тӕрхон куы кӕнат, уӕд-иу, цы кусут, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнут, уымӕн ӕмӕ сымах тӕрхон кӕнут адӕймаджы номӕй нӕ, фӕлӕ Дунедарӕджы номӕй. Тӕрхон куы хӕссат, уӕд Дунедарӕг кӕддӕриддӕр уыдзӕни уемӕ. 7 Дунедарӕгӕн аргъуыц кӕнут, хъавгӕйӕ архайут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, раст тӕрхон никуы халы, никӕй хъулон кӕны ӕмӕ гӕртӕмттӕ нӕ исы». 8 Иосафат Йерусалиммӕ куы ’рбаздӕхти, уӕд уым дӕр левиттӕ, сауджынтӕ ӕмӕ Израилы мыггӕгты хистӕртӕй баурӕдта тӕрхоны лӕгтӕ, цӕмӕй Дунедарӕджы номӕй адӕмӕн тӕрхон кӕной ӕмӕ-иу сын сӕ хъаст ӕвзарой. 9 Бафӕдзӕхста сын: «Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнут, аргъуыцгӕнгӕйӕ, цӕсгомджынӕй ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ. 10 Уе ’фсымӕртӕй, иннӕ сахарты чи цӕры, уыдонӕй уӕм исчи йӕ хъаст куы ’рбахӕсса, уӕд-иу сӕ рагацау бахизут тӕригъӕдӕй — сӕ хъаст тугныккалд кӕнӕ Ӕгъдауы фӕрстытимӕ баст уа, йӕ фӕдзӕхстытӕ, йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕви йӕ амындтытимӕ, — цӕмӕй уын уӕхи дӕр ӕмӕ уе ’фсымӕрты дӕр Дунедарӕг Йӕ азары хай ма бакӕна. Афтӕ куы кӕнат, уӕд тӕригъӕды нӕ бацӕудзыстут. 11 Дунедарӕгимӕ цы хъуыддаг баст уа, уыдонӕй алкӕцыйы дӕр уӕ сӕргъы уыдзӕни хистӕр сауджын Амариа, паддзахы алы хъуыддаджы та — Измаелы фырт Зевадиа, Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы хистӕр. Левиттӕ та уын ӕххуыс кӕндзысты. Ныфсхаст ут, ӕмӕ уын Дунедарӕг уӕ алы хорз хъуыддаджы дӕр ахъазгӕнӕг уӕд». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia