Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

2 Азфыстытӕ 18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Иосафат уыди бонджын ӕмӕ номдзыд паддзах. Ахавимӕ хӕстӕгдзинад бакодта

2 ӕмӕ йӕм цалдӕр азы фӕстӕ Самаримӕ уазӕгуаты ацыди. Ахав ӕй хорз федта йӕ адӕмимӕ, бирӕ фыстӕ ӕмӕ стуртӕ сын аргӕвста; Иосафаты ардауын райдыдта, цӕмӕй йемӕ Галаадаг Рамоты ныхмӕ схӕца.

3 Израилы паддзах Ахав бафарста Иудейы паддзах Иосафаты: «Ацӕудзынӕ мемӕ Галаадаг Рамоты ныхмӕ хӕцынмӕ?» Уый йын дзуапп радта: «Ды кӕдӕм цӕуай, ӕз дӕр — уырдӕм. Мӕ адӕм дӕ адӕмы фӕдыл ацӕудзысты, цӕуын демӕ хӕстмӕ».

4 Иосафат ма Израилы паддзахӕн ноджы загъта: «Раздӕр уал Дунедарӕджы бафӕрс».

5 Израилы паддзах фӕсидти цыппарсӕдӕ пехуымпармӕ ӕмӕ сӕ бафарста: «Галаадаг Рамоты ныхмӕ хӕцынмӕ ацӕуӕм ӕви нӕ?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Ацу. Дунедарӕг дын ӕй дӕ къухмӕ ратдзӕн».

6 Фӕлӕ Иосафат бафарста: «Дунедарӕджы пехуымпартӕй ма ам исчи ис, кӕй бафӕрсӕм, ахӕм?»

7 Израилы паддзах Иосафатӕн дзуапп радта: «Ис ма иу лӕг, Дунедарӕджы нын чи бафӕрсид, ахӕм, фӕлӕ дзы ме сӕфт уынын, уымӕн ӕмӕ мын хӕрзмӕ пехуымпариуӕг никуы фӕкӕны, ӕрмӕстдӕр мӕ фыдбылызмӕ. Уый Имлайы фырт Миха у». Иосафат ын загъта: «Паддзахыл ахӕм ныхӕстӕ нӕ фидауынц».

8 Уӕд Израилы паддзах йӕ галуаны кусджытӕй иумӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Тагъддӕр мын Имлайы фырт Михайы ардӕм ӕрбакӕн!»

9 Израилы паддзах ӕмӕ Иудейы паддзах Иосафат сӕ къӕлӕтджынты, сӕ паддзахы дарӕсты, бадтысты Самарийы кулдуары раз, мусы цур, ӕмӕ пехуымпартӕ иууылдӕр пехуымпариуӕг кодтой сӕ разы.

10 Сӕ иу, Кенаанайы фырт Цедекиа, йӕ сӕрыл ӕрсагъта ӕфсӕн сыкъатӕ ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: ацы сыкъатӕй сириӕгты цӕвдзынӕ, цалынмӕ бындзагъд фӕуой, уӕдмӕ».

11 Иннӕ пехуымпартӕ дӕр се ’ппӕт дӕр фӕзмыдтой Цедекиайы, пехуымпариуӕг кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Ацу Галаадаг Рамоты ныхмӕ хӕцынмӕ, фӕуӕлахиз уыдзынӕ! Дунедарӕг ӕй паддзахы къухтӕм ратдзӕн».

12 Уыцы заман, паддзах кӕй арвыста, уый дӕр Михамӕ бахӕццӕ ӕмӕ йын загъта: «Пехуымпартӕ се ’ппӕт дӕр ӕмдзыхӕй хӕрзмӕ пехуымпариуӕг кӕнынц паддзахӕн. Хорз уаид, ды дӕр сӕ куы бафӕзмис ӕмӕ хорзӕй исты куы зӕгъис».

13 Миха загъта: «Дунедарӕгӕй ард хӕрын, ӕрмӕстдӕр мын мӕ Хуыцау цы зӕгъа, уый дзурдзынӕн».

14 Паддзахмӕ куы бацыди, уӕд ӕй уый бафарста: «Миха! Галаадаг Рамоты ныхмӕ хӕцынмӕ ацӕуӕм ӕви нӕ?» Уый йын дзуапп ын радта: «Ацӕут, ӕнтыстджын уыдзыстут, уӕ къухтӕм ӕрцӕудзысты лӕвӕрд».

15 Паддзах ын загъта: «Цал хатты дӕм хъуамӕ хатон: Дунедарӕджы номы сӕраппонд мын рӕстдзинад йеддӕмӕ мацы дзур!»

16 Миха йын дзуапп радта: «Ӕз федтон: Израилы ӕфсад ӕнӕфыййау фысты дзугау ныххӕлиу сты хӕхтыл. Ӕмӕ Дунедарӕг загъта: „Хицау сын нӕй, ӕмӕ ма цалынмӕ сӕрӕгас сты, уӕдмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм аздӕхӕнт фарнимӕ“».

17 Израилы паддзах загъта Иосафатӕн: «Нӕ дын дзырдтон, хӕрзмӕ мын пехуымпариуӕг никуы фӕкӕны, ӕрмӕстдӕр мӕ фыдбылызмӕ, зӕгъгӕ?»

18 Миха йӕ ныхас дарддӕр кодта: «Ӕрбайхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ! Ӕз федтон Дунедарӕджы, Йӕ паддзахы бадӕны бадгӕ. Йӕ уӕларвон ӕфсад иууылдӕр Йӕ рахизфарс ӕмӕ Йӕ галиуфарс лӕууыдысты.

19 Дунедарӕг сӕ бафарста: „Чи уӕ самидин кӕндзӕн Израилы паддзах Ахавы, цӕмӕй Галаадаг Рамотмӕ бабырса ӕмӕ уым йӕ мӕлӕт ссара?“ Ӕмӕ дзы иу кодта иу ныхас, иннӕ та ӕндӕр.

20 Уӕд Дунедарӕджы раз иу мон ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: „Ӕз ӕй самидин кӕндзынӕн“. Дунедарӕг ӕй бафарста: „Куыд?“

21 Уый Йын дзуапп радта: „Ӕз йе ’ппӕт пехуымпарты дзыхы фӕливӕг мон фестдзынӕн“. Ӕмӕ йын уӕд Дунедарӕг загъта: „О, бантысдзӕн дын, самидин ӕй кӕндзынӕ. Ацу ӕмӕ афтӕ бакӕн“.

22 Афтӕмӕй ныр пехуымпарты дзыхӕй уыцы фӕливӕг мон дзуры Дунедарӕджы фӕндонӕй, уымӕн ӕмӕ дӕуӕн фыдбылыз саразын у Дунедарӕджы фӕнд».

23 Уӕд Кенаанайы фырт Цедекиа Михайы цурмӕ бацыди, йе ’хсӕрфарс ын ныдздзӕхст ласта ӕмӕ загъта: «Уый та куыд? Ома Дунедарӕджы Уд мӕныл Йӕхи атигъ кодта ӕмӕ дӕ дзыхӕй дзурын райдыдта?»

24 Миха йын дзуапп радта: «Ахӕм бон ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ ’ппӕты рӕбинагдӕр уаты къуымы ӕмбӕхсдзынӕ, цӕмӕй дӕ мачи ссара».

25 Израилы паддзах бардзырд радта: «Райсут Михайы ӕмӕ йӕ акӕнут сахары хицау Амонмӕ, стӕй мӕ фырт Йоасмӕ.

26 Зӕгъут-иу сын: „Афтӕ зӕгъы паддзах: ахӕстоны йӕ сбадын кӕнут, мамӕлайы къӕбӕр ӕмӕ йын дон йеддӕмӕ мацы дӕттут, цалынмӕ сӕрӕгасӕй фӕстӕмӕ не ’рбаздӕхон, уӕдмӕ“».

27 Миха йын загъта: «Дзӕбӕхӕй куы ’рбаздӕхай, уӕд Дунедарӕг нӕ дзырдта мӕ дзыхӕй». Ӕмӕ ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Уый алчидӕр фехъусӕд!»

28 Израилы паддзах ӕмӕ Иудейы паддзах Иосафат иумӕ ацыдысты галаадаг сахар Рамоты ныхмӕ хӕцынмӕ.

29-30 Фӕндагыл Израилы паддзах Иосафатӕн загъта: «Ӕз мӕ паддзахы дарӕс раивдзынӕн, ӕмӕ хӕцын райдайдзынӕн, ды та-иу дӕ паддзахы дарӕс уадз дӕ уӕлӕ». Афтӕмӕй Израилы паддзах раивта йӕ дарӕс ӕмӕ тохы бацыди. Ныр Сирийы паддзах та йӕ тохуӕрдӕтты хицӕуттӕн бафӕдзӕхста: «Израилы паддзахӕн йе ’фсады хицӕуттӕй дӕр ӕмӕ хуымӕтӕг хӕстонтӕй дӕр макӕимӕ хӕцут, ӕрмӕстдӕр — йӕхи ныхмӕ!»

31 Тохуӕрдӕтты хицӕуттӕ Иосафаты куы ауыдтой, уӕд ӕй Израилы паддзах фӕхуыдтой ӕмӕ йӕ алыварс ӕртыхстысты, цӕмӕй йемӕ схӕцой. Иосафат ныхъхъӕр кодта, ӕмӕ йӕ Дунедарӕг фервӕзын кодта, Хуыцау ын сӕ йӕ цурӕй иуварс аздӕхта.

32 Тохуӕрдӕтты хицӕуттӕ йӕ ныууагътой, уымӕн ӕмӕ федтой, Израилы паддзах кӕй нӕу, уый.

33 Сирийы ’фсадӕй иу хӕстон ӕнӕнхъӕлӕджы йӕ фат суагъта ӕмӕ йын Израилы паддзахыл суади, згъӕрхӕдонӕн йе згъӕрсыфты ’хсӕнты бахызти. Ӕмӕ паддзах йӕ бӕхтӕрӕгӕн загъта: «Алас мӕ ардыгӕй! Фӕцӕф дӕн».

34 Хӕст уыцы бон йӕ тӕккӕ тӕмӕны бацыд. Ӕмӕ Израилы паддзах, сириӕгтӕ йӕ куыд уыной, афтӕ йӕ уӕрдоны уырдыг фӕлӕууыди изӕрмӕ. Хурныгуылды фӕстӕ амарди.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan