2 Азфыстытӕ 17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстПаддзах Иосафат 1 Асайы амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Иосафат ӕмӕ Израилы ныхмӕ йӕ тыхтӕ ӕрӕмбырд кодта. 2 Иудейы фидаргонд сахартӕм йе ’фсӕдтӕ барвыста, стӕй ӕгас Иудейы зӕххыл ӕмӕ, йӕ фыд Аса Ефремы зӕххыл цы сахартӕ бацахста, уыдоны дӕр йе ’фсӕдтон къордтӕ равӕрдта. 3 Дунедарӕг аудыдта Иосафатыл, уымӕн ӕмӕ уый алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта, йӕ фыдӕл Давид йӕ паддзахиуӕджы райдиан цы хъуыддӕгтӕ кодта, уыдон: Баалтӕн нӕ куывта, 4 фӕлӕ ӕрцагуырдта йӕ фыдӕлты Хуыцауы ӕмӕ Йын ӕххӕст кодта Йӕ фӕдзӕхстытӕ. Израилӕгты хъуыддӕгтӕ нӕ фӕзмыдта. 5 Ӕмӕ йын Дунедарӕг йӕ паддзахдзинад ӕрфидар кодта. Иудейӕгтӕ йын иууылдӕр хастой лӕвӕрттӕ, ӕмӕ Иосафат сси тынг хъӕздыг ӕмӕ номдзыд паддзах. 6 Ӕппӕт зӕрдӕйӕ архайдта Дунедарӕджы фӕндон ӕххӕст кӕныныл. Иудейы зӕххыл мӕнгхуыцӕуттӕн арӕзт кувӕн къуыбыртӕ фехӕлдта ӕмӕ акалдта Ашерӕйы цӕджындзтӕ. 7 Йӕ паддзахиуӕджы ӕртыккӕгӕм аз Иосафат йӕ барджынтӕ Бен-Хаил, Овади, Захариа, Нетанел ӕмӕ Михайы арвыста Иудейы алы сахартӕм, адӕмы ахуыр кӕнынмӕ. 8 Семӕ сын левиттӕй арвыста Шемайа, Нетаниа, Зевадиа, Асаел, Шемирамот, Йонатан, Адониа, Товийа ӕмӕ Тов-Адониайы, ноджы ма сауджынты, Елишама ӕмӕ Йорамы. 9 Уыдон семӕ ахастой Дунедарӕджы Ӕгъдауы чиныг, ӕппӕт иудейаг сахартыл ӕрзылдысты ӕмӕ адӕмы ахуыр кодтой. 10 Иудейы алыварс цы паддзахӕдтӕ уыди, уыдоныл Дунедарӕджы раз тас бахӕцыд, ӕмӕ сӕ ныфс нӕ хастой Иосафаты ныхмӕ схӕцынмӕ. 11 Филистимӕгтӕй чидӕртӕ Иосафатӕн хастой лӕвӕрттӕ, хъалоны охыл — ӕвзист. Араббӕгтӕ йын ӕрбатардтой лыстӕг фосы дзугтӕ: авд мин ӕмӕ авдсӕдӕ фыры, стӕй авд мин ӕмӕ авдсӕдӕ цӕуы. 12 Иосафатӕн йӕ хъомыс фылдӕрӕй-фылдӕр кодта. Иудейы зӕххыл сарӕзта фидӕрттӕ, стӕй сахартӕ ӕфтауцуатӕн. 13 Иудейы сахарты йын бирӕ мулк уыди, Йерусалимы та ӕрбынат кодтой йӕ хуыздӕр хӕстонтӕ. 14 Мӕнӕ сӕ номхыгъд сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ. Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй — миныхицӕуттӕ: ӕфсады хицау Адна ӕмӕ йемӕ ӕртӕсӕдӕ мин ӕхсарджын хӕстоны; 15 уый дӕлбар — ӕфсады хицау Йоханан ӕмӕ йемӕ дыууӕсӕдӕ ӕстай мин лӕджы; 16 уый дӕлбар — ӕфсады хицау Амасиа, Зихрийы фырт, Дунедарӕгӕн бархийӕ лӕггадгӕнӕг, йемӕ — дыууӕсӕдӕ мин ӕхсарджын хӕстоны. 17 Миныхицӕуттӕ Бениамины хӕдзарвӕндагӕй: ӕхсарджын хӕстон Елйада ӕмӕ йемӕ дыууӕсӕдӕ мин лӕджы — ӕрдынтӕ ӕмӕ уартытӕй ифтонг; 18 уый дӕлбар — ӕфсады хицау Йозавад ӕмӕ йемӕ сӕдӕ ӕстай мин гӕрзифтонг хӕстоны. 19 Адон иууылдӕр лӕггад кодтой паддзахӕн, ӕгас Иудейы фидаргонд сахарты цы ’фсӕдтӕ ӕрӕвӕрдта, уыдонӕй уӕлдай. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia