2 Азфыстытӕ 16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Асайы паддзахиуӕджы ӕртын ӕхсӕзӕм аз Израилы паддзах Бааса Иудейы ныхмӕ хӕстмӕ рацыди. Рамайы сахарӕй фидар аразын райдыдта, цӕмӕй Иудейы паддзах Асайы зӕхмӕ бацӕуӕн дӕр мауал уа, уырдыгӕй та — ӕддӕмӕ рацӕуӕн. 2 Уӕд Аса Дунедарӕджы Кувӕндон ӕмӕ йӕ галуаны хӕзнадӕттӕй райста ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин ӕмӕ сӕ Сирийы паддзах Бен-Хададӕн Дамаскмӕ арвыста. Бафӕдзӕхста йын афтӕ зӕгъын: 3 «Мӕн фӕнды демӕ цӕдис скӕнын, нӕ фыдӕлты ’хсӕн куыд уыдис, афтӕ. Лӕварӕн дын ӕрвитын ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин. Израилы паддзах Баасаимӕ дӕ цӕдис фехал, цӕмӕй мӕ арӕнтӕй йӕхи айса». 4 Бен-Хадад сразы ис паддзах Асайы фӕндоныл, ӕмӕ Израилы сахарты ныхмӕ йе ’фсады хицӕутты арвыста. Уыдон бацахстой Ийон, Дан ӕмӕ Авел-Маим, стӕй, Неффалимы хӕдзарвӕндаджы ӕфтауцуӕттӕ цы сахарты уыдысты, уыдон. 5 Бааса уыцы хабар куы фехъуыста, уӕд Рамайы фидар аразыны куыст ныууагъта. 6 Паддзах Аса ӕрӕмбырд кодта ӕппӕт иудейӕгты ӕмӕ, дурӕй, хъӕдӕй, Бааса фидар аразынӕн цыдӕриддӕр ӕрмӕг ӕрцӕттӕ кодта, уыдон Рамайы сахарӕй рахӕссын кодта, Гевӕ ӕмӕ Мицпайы фидӕрттӕ дзы сарӕзта. 7 Уыцы заман зонынджын Ханани иудейаг паддзах Асамӕ ӕрбацыд ӕмӕ йын бауайдзӕф кодта: «Ды ныфсджын уыдтӕ Сирийы паддзахӕй. Дунедарӕгыл, дӕ Хуыцауыл, дӕ зӕрдӕ нӕ дардтай, ӕмӕ уый тыххӕй Сирийы паддзахы ӕфсад аирвӕзти дӕ къухӕй. 8 Эфиопӕгтӕ ӕмӕ ливиӕгтӕ сӕ тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ сӕ бӕхӕфсадимӕ адонӕй бирӕ фылдӕр нӕ уыдысты, ӕви? Фӕлӕ дын сӕ Дунедарӕг дӕ къухмӕ радта, уымӕн ӕмӕ дӕ зӕрдӕ дардтай Ууыл. 9 Дунедарӕджы цӕстытӕ ӕгас зӕххыл дӕр ӕххӕссынц, иузӕрдион Ыл чи у, уыдонӕн ӕххуыс кӕны. Фӕлӕ ды ацы хатт тынг ӕнӕрхъуыды ми бакодтай, ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕ зӕххыл ӕдзухдӕр уыдзӕни хӕст». 10 Аса зонынджынмӕ смӕсты ис, фыр мӕстӕй ма йӕ ахӕстоны дӕр сбадын кодта. Уыцы заман адӕмӕй иуӕй-иуты дӕр ӕнӕхъуаджы карз бафхӕрдта. 11 Асайы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр, райдианӕй кӕронмӕ, фыст ӕрцыдысты «Иудей ӕмӕ Израилы паддзӕхты чиныджы». 12 Йӕ паддзахиуӕджы ӕртын фарӕстӕм аз йӕ къӕхтӕ риссын байдыдтой, ӕмӕ фӕстагмӕ низ йе ’ппӕт буарыл дӕр ахӕлиу. Ӕмӕ рынчынӕй дӕр ӕрцагуырдта Дунедарӕджы нӕ, фӕлӕ хосгӕнджыты. 13 Аса амарди йӕ паддзахиуӕджы цыппор фыццӕгӕм аз ӕмӕ йӕ фыдӕлтимӕ баиу ис. 14 Йӕхицӕн Давиды сахары цы зӕппадз ӕрцӕттӕ кодта, уым ӕй бавӕрдтой. Йӕ хуыссӕнуат ын алыхуызон хӕрздӕфгӕнӕнтӕй байдзаг кодтой. Йӕ ныгӕнӕн бон ын йӕ номыл басыгътой тынг бирӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia