2 Азфыстытӕ 15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Хуыцауы Уд ӕртыхсти Одеды фырт Азариайыл, 2 ӕмӕ уый Асайы размӕ рацыд ӕмӕ йын загъта: «Аса, стӕй Иудӕ ӕмӕ Бениамины адӕм, ӕрбайхъусут-ма уе ’ппӕт дӕр! Дунедарӕг уыдзӕни уемӕ, цалынмӕ уӕхӕдӕг Йемӕ уат, уӕдмӕ. Куы Йӕ агурат, уӕд уӕм раргом уыдзӕн. Фӕлӕ Йӕ куы ныууадзат, уӕд уыл Уый дӕр Йӕхи атигъ кӕндзӕн. 3 Израилы адӕмӕн бирӕ рӕстӕджы дӕргъы нӕдӕр ӕцӕг Хуыцау уыди, нӕдӕр сауджын-зондамонӕг, нӕдӕр Ӕгъдау. 4 Фӕлӕ уынгӕджы сахат Дунедарӕгмӕ, Израилы Хуыцаумӕ, се ’ргом куы раздӕхтой ӕмӕ Йӕ куы бацагуырдтой, уӕд сӕм Йӕхи раргом кодта. 5 Уыцы заманты балцы цӕуын тӕссаг уыд, ӕппӕт бӕстӕты адӕмтӕ стыр тасы бацыдысты. 6 Адӕмтӕ цагътой кӕрӕдзи, иу сахар иннӕйы ныхмӕ сыстади, сызнӕт сты, уымӕн ӕмӕ сыл Хуыцау алы фыдбылызтӕ ӕрцӕуын кодта. 7 Фӕлӕ сымах фидар лӕуут ӕмӕ уӕ ныфс ма асӕттӕд, уымӕн ӕмӕ уӕ хъуыддӕгты ныхмӕ хӕрзиуӕг райсдзыстут». 8 Аса ацы рагуац куы фехъуыста Азариайӕ, пехуымпар Одеды фыртӕй, уӕд фӕныфсджын ис ӕмӕ, Иудӕ ӕмӕ Бениамины байзӕддӕгты зӕххытыл, стӕй, Ефремы хӕхбӕсты цы сахартӕ бацахста, уыдоны мидӕг цыдӕриддӕр ӕлгъагӕй уыди, уыдон аппарын кодта. Дунедарӕджы Кувӕндоны тыргъы раз цы нывондхӕссӕн уыди, уый дӕр ногӕй рацарӕзта. 9 Уый фӕстӕ ӕрӕмбырд кодта Иудӕ ӕмӕ Бениамины адӕмы, стӕй ма, сӕ зӕххытӕм сын Ефрем, Менассиа ӕмӕ Симеоны адӕмӕй чи ӕрбалыгъди, уыдоны. Израилы адӕмӕй йӕм бирӕтӕ ӕрбалыгъдысты, уымӕн ӕмӕ федтой, Дунедарӕг, йӕ Хуыцау, йемӕ кӕй ис, уый. 10 Асайӕн йӕ паддзахиуӕджы фынддӕсӕм аз, ӕртыккаг мӕйы, иууылдӕр ӕрӕмбырд сты Йерусалимы. 11 Уымӕй размӕ цы ӕфтиаг райстой, уымӕй семӕ ӕрбаластой авдсӕдӕ стуры ӕмӕ авд мин фысы ӕмӕ сӕ Дунедарӕгӕн нывондӕн ӕрхастой. 12 Афтӕмӕй Дунедарӕгимӕ, сӕ фыдӕлты Хуыцауимӕ, фидыд сарӕзтой ӕмӕ дзырд радтой, сӕ уд, сӕ зӕрдӕ кӕй хъардзысты кад Ын кӕныныл, 13 Дунедарӕгыл, Израилы Хуыцауыл, йӕхи чи атигъ кӕна, уый та-иу мӕлӕтмӕ кӕй ратдзысты, ӕрыгон уа ӕви зӕронд, нӕлгоймаг ӕви сылгоймаг, уый та уӕлдай нӕ уыдзӕн. 14 Ӕмӕ хъӕрӕй расомы кодтой Дунедарӕджы раз, цинхъӕр самадтой, хӕтӕлтӕй Йын цагътой ӕмӕ сыкъауадындзтӕй уасыдысты. 15 Иудейӕгтӕ иууылдӕр цин кодтой сӕ ардбахӕрдыл, уымӕн ӕмӕ сомы ракодтой зӕрдиагӕй. Ӕппӕт зӕрдӕйӕ Дунедарӕджы ӕрцагуырдтой, ӕмӕ сӕм Уый раргом ис. Дунедарӕг сӕ алырдыгӕй сӕдас кодта. 16 Аса йӕ фыды мад Маахайӕн йӕ паддзахы кад айста, Ашерӕйы кадӕн цы ӕлгъаг цӕджындз саразын кодта, уый тыххӕй. Цӕджындз акъуырдта, ныззыгуым ӕй кодта ӕмӕ йӕ Кедроны дӕлвӕзы басыгъта. 17 Кӕд Израилы зӕххыл кувӕн къуыбыртӕ нӕ аивта, уӕддӕр цӕрӕнбонты тынг ӕнувыд уыди Дунедарӕгыл. 18 Уый бахаста Дунедарӕджы хӕдзармӕ, йӕ фыд ӕмӕ йӕхӕдӕг Дунедарӕгӕн кӕй снывонд кодтой, уыцы лӕвӕрттӕ: ӕвзист, сыгъзӕрин ӕмӕ алы дзауматӕ. 19 Асайӕн йӕ паддзахиуӕджы ӕртын фӕндзӕм азмӕ бӕстӕйы хӕст нӕ уыди. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia