Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

2 Азфыстытӕ 14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Паддзах Аса

1 Авийа куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕл Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Аса. Йӕ заманы бӕстӕ дӕс азы дӕргъы сулӕфыди хӕстӕй.

2 Аса, Дунедарӕджы цӕсты хорз ӕмӕ растыл нымад цы уыди, уыдӕттӕ кодта.

3 Уый фехӕлдта ӕцӕгӕлон хуыцӕутты нывондхӕссӕнтӕ ӕмӕ сын сӕ кувӕн къуыбыртӕ ныппырх кодта, ныссаста сын сӕ табуйаг дуртӕ ӕмӕ акалдта Ашерӕйы цӕджындзтӕ.

4 Иудейӕгтӕн бардзырд радта, цӕмӕй кад кӕной Дунедарӕгӕн, сӕ фыдӕлты Хуыцауӕн, ӕххӕст Ын кӕной Йе ’гъдау ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстытӕ.

5 Иудейы сахарты цы кувӕн къуыбыртӕ ӕмӕ хуры цыртсурӕттӕ уыди, уыдон фехалын кодта. Асайы рӕстӕджы Иудейы паддзахады сабыр рӕстӕг скодта.

6 Цалынмӕ бӕстӕ сабыр уыди, уӕдмӕ Иудейы фидаргонд сахартӕ сарӕзта. Уыцы азты йемӕ ничи хӕцыд, уымӕн ӕмӕ йын Дунедарӕг сабырдзинад балӕвар кодта.

7 Ӕмӕ иудейӕгтӕн загъта: «Саразӕм ацы сахартӕ ӕмӕ сын сӕ алыварс бырутӕ самайӕм, мӕсгуытӕ, кулдуӕрттӕ ӕмӕ ӕвдузӕнтимӕ. Ацы зӕхх нырма нӕхи у, уымӕн ӕмӕ мах ӕрцагуырдтам Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, ӕмӕ нӕ Уый дӕр алырдыгӕй сӕдас кодта». Афтӕмӕй аразын райдыдтой ӕмӕ уыдысты ӕнтыстджын.

8 Асайы ӕфсады Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй уыдис ӕртӕсӕдӕ мин хӕстоны, ӕрцытӕ ӕмӕ стыр уартытимӕ, Бениамины хӕдзарвӕндагӕй та — дыууӕсӕдӕ ӕстай мин хӕстоны, ӕрдынтӕ ӕмӕ гыццыл уартытимӕ. Иууылдӕр уыдысты хъӕбатыр хӕстонтӕ.

9 Сӕ ныхмӕ хӕстмӕ рацыд эфиопаг Зерах, йе ’фсады уыди мин мины хӕстонтӕ ӕмӕ ӕртӕсӕдӕ тохуӕрдоны. Ӕрбахӕццӕ ис Марешайы сахармӕ.

10 Аса дӕр йӕ ныхмӕ рацыди хӕстмӕ ӕмӕ йе ’фсадимӕ ӕрлӕууыди Марешайы цур, Цефатайы дӕлвӕзы.

11 Дунедарӕгмӕ, йӕ Хуыцаумӕ, скуывта: «О Дунедарӕг! Дӕу йеддӕмӕ чи баххуыс кӕндзӕн ӕдыхӕн, цӕмӕй хъомысджыны ныхмӕ фӕлӕууа! О Дунедарӕг, нӕ Хуыцау! Баххуыс нын кӕн уӕдӕ, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕ Дӕуыл дарӕм, Дӕ номы сӕраппонд рацыдыстӕм ацы стыр ӕфсады ныхмӕ. О Дунедарӕг! Ды нӕ Хуыцау дӕ! Адӕймаджы Дӕ ныхмӕ фӕлӕууын ма бауадз!»

12 Ӕмӕ Дунедарӕг Аса ӕмӕ иудейӕгтӕн уӕлахиз радта. Эфиопӕгты ныддӕрӕн кодтой, ӕмӕ уыдон лидзӕг фесты.

13 Аса сӕ йӕ адӕмимӕ суанг Герары онг фӕсырдта. Цагъды фесты эфиопӕгтӕ, иунӕг дӕр сӕ нал аирвӕзт, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ӕмӕ Йе ’фсад рацыдысты сӕ ныхмӕ. Иудейӕгтӕ ратӕлӕт кодтой ӕнӕнымӕц ӕфтиаг.

14 Герары алыварс цы сахартӕ уыди, уыдонӕн сӕ мулк хӕлӕттаг фӕкодтой ӕмӕ семӕ бирӕ ӕфтиӕгтӕ рахастой, уымӕн ӕмӕ сын Дунедарӕг сӕ цӕрджыты стыр тас бауагъта.

15 Суанг ма сын сӕ фыййӕутты цатыртӕ дӕр сафтид кодтой, лыстӕг фосы ӕнӕнымӕц дзугтӕ ӕмӕ теуатӕ ратӕлӕт кодтой. Уый фӕстӕ ӕрбаздӕхтысты Йерусалиммӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan