Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

2 Азфыстытӕ 13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Паддзах Авийа

1 Йоровамӕн йӕ паддзахиуӕджы ӕстдӕсӕм аз Иудейы паддзах сси Авийа.

2 Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста ӕртӕ азы. Йӕ мады ном хуынди Михайа; уый уыди Уриелы чызг, Гевӕйы сахарӕй. Авийа ӕмӕ Йоровамы ’хсӕн хӕст райдыдта.

3 Авийайы ӕфсады уыди цыппарсӕдӕ мин лӕджы — ӕвзаргӕ хӕстонтӕ, ӕхсарджынтӕ, Йоровамы ӕфсады та — астсӕдӕ мины, ӕвзаргӕ хӕстонтӕ, сахъгуырдтӕ.

4 Авийа ссыди Цемараимы хохы сӕрмӕ (уый ис Ефремы хӕхбӕсты), ӕмӕ уырдыгӕй ныхъхъӕр кодта: — Йоровам ӕмӕ ӕгас Израил, ӕрбайхъусут-ма!

5 Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, мыггагмӕйы фидыдмӕ гӕсгӕ, Израилы паддзахад Давид ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн кӕй радта, уый нӕ зонут, ӕви?

6 Фӕлӕ Наваты фырт Йоровам, Давиды фырт Соломоны лӕггадгӕнӕг, йӕ хицауы ныхмӕ сыстади.

7 Йӕ алыварс ӕнаккаг ӕмӕ ницӕйаг адӕм ӕрӕмбырд сты, сӕ хъарутӕ баиу кодтой ӕмӕ сыстадысты Роховамы, Соломоны фырты, ныхмӕ. Роховам та уӕд нырма ӕрыгон ӕмӕ ӕнӕныфс уыди, ӕмӕ сын ныхкъуырд раттын йӕ бон нӕ баци.

8 Ӕмӕ ныр сымах сфӕнд кодтат Дунедарӕджы паддзахады, Давиды байзӕддӕгтӕн лӕвӕрд чи у, уый ныхмӕ фӕлӕууын. Сымах ӕнӕнымӕц стут, ӕмӕ уӕм ис сыгъзӕрин уӕнгуытӕ, Йоровам уын хуыцӕуттӕ кӕмӕй сарӕзта, уыдон!

9 Сымах атардтат Дунедарӕджы сауджынты, Аароны байзӕддӕгты, стӕй левитты, ӕмӕ уӕхицӕн сӕвӕрдтат, иннӕ адӕмтӕм цы сауджынтӕ ис, ахӕмты. Сауджын суӕвыны охыл уӕм нывонд ӕрхӕссынмӕ иу уӕныг ӕмӕ авд фыримӕ чидӕриддӕр ӕрбацӕуы, уымӕй уайсахат мӕнг хуыцӕутты сауджын ацаразут.

10 Махӕн та нӕ Хуыцау у Дунедарӕг, нӕхи Йыл нӕ атигъ кодтам. Махмӕ Йын лӕггад кӕнынц сауджынтӕ, Аароны байзӕддӕгтӕ, ӕмӕ сын левиттӕ ӕххуыс кӕнынц.

11 Ӕрвылрайсом ӕмӕ ӕрвылизӕр Ын хӕссынц иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ судзынц хӕрздӕфгӕнӕнтӕ; сыгъдӕг фынгыл рӕнхъытӕй равӕрынц кувӕггаг дзултӕ. Ӕрвылизӕр сыгъзӕрин цырагъдарӕнӕн йӕ цырӕгътӕ ссудзынц. Мах ӕххӕст кӕнӕм Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, уагӕвӕрдтӕ, сымах та Йыл уӕхи атигъ кодтат.

12 Махӕн нӕ раздзог Хуыцау у. Йӕ сауджынтӕ хӕтӕлтӕй ныууасыдысты — уӕ фыдбылызӕн тохы хъӕр хъуысы! Израилӕгтӕ, ма хӕцут Дунедарӕгимӕ, уӕ фыдӕлты Хуыцауимӕ! Ницы уын дзы рауайдзӕн!

13 Йоровам иудейӕгтӕн сӕ фӕсчъылдыммӕ йе ’фсады иу къорд барвыста, йӕхӕдӕг та сӕ ныхмӕ лӕууыд.

14 Ӕмӕ иудейӕгтӕ, разӕй дӕр ӕмӕ фӕсте дӕр сӕ ныхмӕ кӕй ӕрбабырсынц, уый куы федтой, уӕд Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтой. Сауджынтӕ хӕтӕлтӕй ныууасыдысты,

15 иудейӕгтӕ та иууылдӕр иумӕ тохы хъӕр ныккодтой. Ӕмӕ, иудейӕгтӕ куы ныхъхъӕр кодтой, уӕд Дунедарӕг Авийа ӕмӕ иудейӕгтӕн сӕ цӕстыты раз Йоровам ӕмӕ ӕппӕт израилӕгты ныддӕрӕн кодта.

16 Израилӕгтӕ лидзӕг фесты, фӕлӕ сӕ Хуыцау иудейӕгты къухтӕм радта.

17 Авийа йе ’фсадимӕ израилӕгтӕй бирӕты фӕцагъта, Израилы адӕмӕй тохы быдыры фӕмард ис фондзсӕдӕ мин ӕвзаргӕ хӕстоны.

18 Афтӕмӕй израилӕгтӕ саст ӕрцыдысты, иудейӕгтӕ сыл фӕуӕлахиз сты, уымӕн ӕмӕ сӕ зӕрдӕ дардтой Дунедарӕгыл, сӕ фыдӕлты Хуыцауыл.

19 Авийа та дарддӕр сырдта Йоровамы. Бацахста йын йӕ сахартӕ: Вефил, Йешана ӕмӕ Ефрон сӕ алыварс хъӕутимӕ.

20 Авийайы заман Йоровам раздӕрау хъомысджын нал сси. Ӕппынфӕстаг Дунедарӕджы фӕндӕй амарди.

21 Авийайӕн та йӕ хъомыс рӕзыди. Уый ракуырдта цыппӕрдӕс усы, ӕмӕ йын райгуырди дыууӕ ӕмӕ ссӕдз фырты, стӕй ӕхсӕрдӕс чызджы.

22 Авийайӕн йӕ иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй, стӕй йӕ ныхӕстӕ бакӕсӕн ис пехуымпар Иддойы фыст таурӕгъы.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan