2 Азфыстытӕ 12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстМысыры паддзах Шишак ӕрбабырста Иудеймӕ 1 Роховам хъомысджын паддзах куы сси ӕмӕ йӕ паддзахы бадӕны куы ’рфидар ис, уӕд Дунедарӕджы Ӕгъдауыл йӕ зӕрдӕ сивта, ӕмӕ йемӕ ӕппӕт Израил дӕр. 2 Роховамӕн йӕ паддзахдзинады фӕндзӕм аз Мысыры паддзах Шишак ӕрбабырста Йерусалиммӕ, уымӕн ӕмӕ израилӕгтӕ Дунедарӕгыл иузӕрдион нал уыдысты. 3 Шишакы ӕфсады уыдис иу мин ӕмӕ дыууӕсӕдӕ хӕцӕн уӕрдоны ӕмӕ ӕртиссӕдз мин бӕхджыны, ноджы ма ӕнӕнымӕц адӕм Мысырӕй, Ливи, Сукки ӕмӕ Кушӕй. 4 Уый бацахста Иудейы фидӕрттӕ ӕмӕ ӕрбахӕццӕ ис Йерусалиммӕ. 5 Уӕд пехуымпар Шемайа бацыди Роховаммӕ ӕмӕ Иудейы уӕздӕттӕм, Шишакы тӕссӕй Йерусалимы чи ӕрӕмбырд ис, уыдонмӕ, ӕмӕ сын загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: „Сымах Мӕ ныууагътат, ӕмӕ уӕ Ӕз дӕр ныууадздзынӕн, Шишакы къухтӕм уӕ ратдзынӕн“». 6 Уӕд Израилы уӕздӕттӕ ӕмӕ паддзах сӕрныллӕгӕй загътой: «Раст у Дунедарӕг!» 7 Дунедарӕг, фӕсмон сӕм ӕрцыди, уый куы федта, уӕд пехуымпар Шемайайӕн загъта: «Кӕд сӕ азымыл басастысты, уӕд сӕ нал ныццӕгъддзынӕн, рӕхджы сӕ фервӕзын кӕндзынӕн. Йерусалимыл Мӕ маст нӕ ныккалдзынӕн, Шишакы амӕттаг ӕй нӕ бакӕндзынӕн. 8 Фӕлӕ йӕ дӕлбар уыдзысты, цӕмӕй зоной: Мӕнӕн ӕви ӕндӕр адӕмты паддзӕхтӕн лӕггад кӕнын хуыздӕр у». 9 Мысыры паддзах Шишак Йерусалиммӕ ӕрбацыд ӕмӕ, Дунедарӕджы Кувӕндон ӕмӕ паддзахы галуаны хӕзнадӕтты цыдӕриддӕр уыди, уыдон рахаста. Соломон цы сыгъзӕрин уартытӕ скодта, уыдон дӕр райста. 10 Паддзах Роховам сын сӕ бӕсты сарӕзта ӕрхуы уартытӕ ӕмӕ сӕ, паддзахы галуанмӕ бацӕуӕны цы хъахъхъӕнджытӕ лӕууыд, уыдонмӕ радта. 11 Ӕмӕ-иу паддзах Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ куы фӕцӕйцыди, уӕд-иу йӕ хъахъхъӕнджытӕ уыцы уартытимӕ йемӕ рацыдысты, стӕй-иу сӕ фӕстӕмӕ хъахъхъӕнджыты уатмӕ бахастой. 12 Роховам йӕ азымыл куы басаст, уӕд дзы Дунедарӕг аздӕхта Йӕ маст ӕмӕ йӕ нал бабын кодта. Стӕй Иудейы хорзӕй дӕр исты уыди. 13 Роховам йӕ паддзахы бадӕны ӕрфидар ис ӕмӕ дарддӕр паддзахиуӕг кодта Йерусалимы. Паддзах куы сси, уӕд ыл цыдис иу ӕмӕ дыууиссӕдз азы. Дунедарӕг Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгты ’хсӕн Йӕ номыл кӕй равзӕрста, уыцы сахар Йерусалимы Роховам паддзахиуӕг фӕкодта ӕвддӕс азы. Йӕ мад Наама уыдис аммонаг чызг. 14 Паддзах Роховам ӕвзӕр митӕ кодта, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы фӕндон ӕххӕст кӕныныл нӕ архайдта. 15 Роховамы хъуыддӕгтӕ райдианӕй кӕронмӕ фыст ӕрцыдысты пехуымпар Шемайа ӕмӕ зонынджын Иддойы азфыстыты, йӕ хӕдзарвӕндаджы хабӕртты чиныджы. Цӕрӕнбонты Роховам хӕцыди Йоровамимӕ. 16 Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕл Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Авийа. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia