2 Азфыстытӕ 11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Роховам Йерусалиммӕ куы ’рбахӕццӕ ис, уӕд Иудӕ ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндӕгтӕй ӕрӕмбырд кодта сӕдӕ ӕстай мин ӕвзаргӕ хӕстоны, цӕмӕй Израилы ныхмӕ схӕцой ӕмӕ Роховамӕн йӕ паддзахад фӕстӕмӕ йӕ къухы бакӕной. 2 Дунедарӕг Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Шемайайӕн загъта: 3 «Соломоны фырт Роховамӕн, Иудейы паддзахӕн, стӕй, Иудӕ ӕмӕ Бениамины зӕххытыл чи цӕры, уыцы израилӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр зӕгъ: 4 „Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: уе ’фсымӕрты ныхмӕ ма схӕцут! Алчидӕр уӕ йӕ хӕдзармӕ аздӕхӕд, уымӕн ӕмӕ алцыдӕр ӕрцыд Мӕ фӕндонӕй!“» Адӕм Дунедарӕджы ныхасмӕ байхъуыстой ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхтысты, Йоровамы ныхмӕ нал схӕцыдысты. 5 Паддзах Роховам царди Йерусалимы. Иудейы сахарты алыварс сарӕзта бырутӕ. 6 Уый рацарӕзта Вифлеем, Етам, Текоа, 7 Бет-Цур, Сохо, Адуллам, 8 Гат, Мареша, Зиф, 9 Адораим, Лахиш, Азека, 10 Цора, Айалон ӕмӕ Хеврон. Ацы сахартӕ уыдысты Иудӕ ӕмӕ Бениамины зӕххытыл. 11 Сахартӕ бырутӕй куы сӕхгӕдта, уӕд сын хицӕуттӕ сӕвӕрдта. Алы сахары дӕр сарӕзта ӕфтауцуӕттӕ: хойраг, сой ӕмӕ сӕнӕн. 12 Алы сахар дӕр сифтонг кодта уартытӕ ӕмӕ ӕрцытӕй, хорз сӕ сфидар кодта. Афтӕмӕй Иудӕ ӕмӕ Бениамины зӕххытӕ баззадысты йӕ дӕлбар. 13 Израилы зӕххыл сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕй чидӕриддӕр уыди, уыдон алы рӕттӕй Роховаммӕ ӕрӕмбырд сты. 14 Левиттӕ ныууагътой сӕ фосы хизӕнуӕттӕ, сӕ исбон ӕмӕ ӕрцыдысты Иудеймӕ, Йерусалиммӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ Йоровам ӕмӕ йӕ фырттӕ Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын нал уагътой. 15 Роховам йӕхицӕн саужынтӕ равзӕрста, цӕмӕй кувӕн къуыбыртыл лӕггад кӕной, табу кӕной цӕутӕ ӕмӕ уӕнгуыты гуымирытӕн — йӕхӕдӕг кӕй саразын кодта, уыдонӕн. 16 Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕй уӕлдай Израилы хӕдзарвӕндӕгты ’хсӕн Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, зӕрдиагӕй лӕггад кӕнын чи сфӕнд кодта, уыдон дӕр Йерусалиммӕ цыдысты ӕмӕ уым Дунедарӕгӕн, сӕ фыдӕлты Хуыцауӕн, хастой нывӕндтӕ. 17 Уыдон стыр ахъаз фесты Иудейы паддзахад сфидар кӕнынӕн. Сӕ фӕрцы Соломоны фырт Роховам ӕртӕ азы паддзахиуӕг кодта, уымӕн ӕмӕ уыцы ӕртӕ азы дӕргъы адӕм цыдысты Давид ӕмӕ Соломоны фӕндагыл. 18 Роховам ракуырдта Махалаты. Йӕ фыд — Давиды фырт Йеримот, йӕ мад та — Йессейы фырт Елиавы чызг Авихаил. 19 Ӕмӕ йын уый ныййардта фырттӕ: Йеуш, Шемариа ӕмӕ Загамы. 20 Уый фӕстӕ Роховам ракуырдта Авессаломы чызг Маахайы, ӕмӕ йын уый ныййардта Авийа, Аттай, Зиза ӕмӕ Шеломиты. 21 Роховамӕн ӕдӕппӕтӕй уыдис ӕстдӕс усы ӕмӕ ӕхсай номылусы, ӕмӕ йын уыдонӕй райгуырди дыууын аст фырты ӕмӕ ӕхсай чызджы. Фӕлӕ йӕ устытӕй Авессаломы чызг Маахайы бӕрц никӕй уарзта. 22 Ӕмӕ Роховам Маахайы лӕппу Авийайы йӕ иннӕ фырттӕн скодта хицау, йӕ фӕстӕ йӕ паддзахы бынат уымӕн куыд баззайа, афтӕ. 23 Паддзах Роховам зондджын ми бакодта: йӕ фыртты се ’ппӕты дӕр арвыста Иудӕ ӕмӕ Бениамины зӕххыты алы рӕттӕм, бырутӕй ӕхгӕд сахартӕм. Алкӕмӕн дӕр дзы парахатӕй радта фӕсауӕрц ӕмӕ сын бирӕ устытӕ ӕрхаста. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia