Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

2 Азфыстытӕ 10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Паддзах Роховам нӕ байхъуыста зонды уынаффӕмӕ

1 Роховам ацыди Шехеммӕ, уымӕн ӕмӕ уым ӕрӕмбырд сты ӕппӕт израилӕгтӕ, цӕмӕй йӕ паддзахӕй сӕвӕрой.

2-3 Уыцы хабар Наваты фырт Йоровам, кӕддӕр паддзах Соломонӕй Мысырмӕ чи алыгъд, уый куы фехъуыста, уӕд Мысырӕй ӕрбаздӕхти, арвыстой йӕм. Йоровам ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Роховамӕн загътой:

4 «Кӕддӕр нӕ дӕ фыд йӕ уӕззау ӕфсондзы бын ныцъцъист кодта, фӕлӕ нын ныр ды не ’фсондз фӕрогдӕр кӕн, ӕмӕ дын мах лӕггад кӕндзыстӕм».

5 Уый сын дзуапп радта: «Ӕртӕ боны фӕстӕ-иу мӕм ногӕй ӕрбацӕут». Адӕм куы ацыдысты,

6 уӕд паддзах Роховам, йӕ фыд Соломоны заман чи лӕггад кодта, уыцы хистӕрты бафарста: «Цы мын бауынаффӕ кӕндзыстут? Цы дзуапп раттон ацы адӕмӕн?»

7 Уыдон ын загътой: «Ацы адӕммӕ хӕлар цӕстӕй куы ракӕсай, сӕ зӕрдӕ сын куы балхӕнай ӕмӕ семӕ фӕлмӕн ныхас куы кӕнай, уӕд дын цӕрӕнбонты лӕггад кӕндзысты».

8 Фӕлӕ Роховам хистӕрты уынаффӕ ницӕмӕ ӕрдардта ӕмӕ бафарста йе ’мгӕртты, кӕимӕ сырӕзт ӕмӕ йын ныр лӕггад чи кодта, уыдоны:

9 «Цы мын бауынаффӕ кӕндзыстут? Ацы адӕмӕн цы зӕгъон? Уыдон мӕ курынц, цӕмӕй сын, мӕ фыд сыл цы ’фсондз сӕвӕрдта, уый фӕрогдӕр кӕнон».

10 Йе ’мгӕрттӕ йын дзуапп радтой: «Афтӕ дын чи зӕгъы, дӕ фыд ныл цы уӕззау ӕфсондз сӕвӕрдта, уый нын фӕрогдӕр кӕн, зӕгъгӕ, уыцы адӕмӕн ахӕм дзуапп ратт: „Мӕ кӕстӕр ӕнгуылдз мӕ фыды агъдӕй ставддӕр у.

11 Ӕмӕ уын кӕд мӕ фыды ӕфсондз уӕззау уыди, уӕд уын ӕй ӕз та ноджы уӕззаудӕр скӕндзынӕн. Мӕ фыд уӕ ӕфхӕрдта хуымӕтӕг ехсытӕй, ӕз та — сындзджын ехсытӕй“».

12 Ӕртыккаг бон Йоровам ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕ ӕрбацыдысты паддзах Роховаммӕ, куыд сын загъта, афтӕ.

13 Ӕмӕ сын паддзах радта карз дзуапп. Хистӕрты уынаффӕ ницӕмӕ ӕрдардта, фӕлӕ йе ’мгӕртты уынаффӕмӕ байхъуыста ӕмӕ адӕмӕн загъта:

14 «Мӕ фыд уыл сӕвӕрдта уӕззау ӕфсондз, ӕз та уын ӕй ноджы фӕуӕззаудӕр кӕндзынӕн. Мӕ фыд уӕ хуымӕтӕг ехсытӕй ӕфхӕрдта, ӕз та — сындзджын ехсытӕй».

15 Паддзах нӕ байхъуыста адӕммӕ, уымӕн ӕмӕ уый уыди Дунедарӕджы фӕндон. Хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, Дунедарӕг силомаг пехуымпар Ахийайы дзыхӕй Наваты фырт Йоровамӕн цы ныхас загъта, уый.

16 Израилы адӕм, паддзах сын сӕ курдиат ницӕмӕ дары, уый куы федтой, уӕд ын загътой: «Чи нын у ныр Давид? Цыфӕнды фӕуӕд Йессейы фырт! Уӕ хӕдзӕрттыл ныххӕлиу ут, Израил! Дӕхӕдӕг кӕс дӕ мыггагмӕ, Давид!» Уыйадыл Израилы адӕм сӕ хӕдзӕрттӕм аздӕхтысты.

17 Ӕрмӕстдӕр, Иудейы сахарты цы израилӕгтӕ царди, уыдонӕн баззади паддзахӕй Роховам.

18 Паддзах Роховам йӕ хъалонисӕг ӕмӕ бегарайы кусджыты хицау Адорамы хъалон исынмӕ куы арвыста, уӕд ыл израилӕгтӕ дуртӕй ралӕууыдысты, ӕмӕ амарди. Паддзах Роховам йӕхӕдӕг та уайтӕккӕ уӕрдонмӕ багӕпп ласта ӕмӕ Йерусалиммӕ алыгъди.

19 Уӕдӕй абоны онг Израил фӕхицӕн ис Давиды хӕдзарвӕндагӕй.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan