Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

2 Азфыстытӕ 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Соломон Хуыцауӕй куры куырыхон зонд

1 Давиды фырт Соломон ӕрфидар ис йӕ паддзахады. Дунедарӕг ыл аудыдта, бирӕ хъомыс ын радта.

2 Соломон ӕгас Израилмӕ фӕсидти: миныхицӕуттӕ ӕмӕ сӕдӕйыхицӕуттӕм, тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕм.

3 Ӕмӕ ӕппӕт ӕмбырдимӕ ацыди Гивонмӕ, кувӕн къуыбырмӕ. Уым уыди Хуыцауы Уаз Цӕрӕн, Дунедарӕджы цагъар Моисей ӕдзӕрӕг быдыры кӕй саразын кодта, уый.

4 Хуыцауы Фидыды Чырын йӕ заманы Давид Кирйат-Иаримӕй ӕрбахаста, Йерусалимы йын цы бынат скодта, уырдӕм.

5 Фӕлӕ ӕрхуы нывондхӕссӕн, Урийы фырт, Хуры фырты фырт Бецалел кӕй сарӕзта, уый, лӕууыди Дунедарӕджы Цатыры раз. Соломон ӕмӕ, цы адӕм ӕрӕмбырд ис, уыдон иууылдӕр Дунедарӕгӕн бакуывтой.

6 Соломон, Фембӕлды Цатыры раз цы ӕрхуы нывондхӕссӕн лӕууыд, уымӕ ссыди ӕмӕ уым, Дунедарӕджы раз, ӕрхаста мин иууылсудзинаг нывонды.

7 Уыцы ӕхсӕв Хуыцау Соломонмӕ раргом ис ӕмӕ йын загъта: «Дӕ зӕрдӕ цыдӕриддӕр зӕгъы, уый Мӕ ракур».

8 Соломон загъта: «Ды Де стыр хорзӕхты аккаг скодтай мӕ фыд Давиды ӕмӕ йын йӕ паддзахы бадӕны йӕ фӕстӕ мӕн ӕрбадын кодтай.

9 Гъемӕ уӕдӕ, о Дунедарӕг Хуыцау, мӕ фыд Давидӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдтай, уый сӕххӕст уӕд. Зӕххы рыгау банымайӕн дӕр кӕмӕн нӕй, уыцы адӕмы сӕргъы мӕ сӕвӕрдтай паддзахӕй,

10 ӕмӕ Дӕ курын, куырыхон зонд ӕмӕ мын зонындзинӕдтӕ ратт, цӕмӕй ацы адӕмӕн разамынд дӕттынмӕ сарӕхсон. Науӕд кӕй бон суыдзӕн Дӕ бирӕ адӕмӕн хицауиуӕг кӕнын?»

11 Хуыцау Соломонӕн загъта: «Дӕ зӕрдӕйы фӕндон ахӕм кӕй уыди, дӕхицӕн Мӕ хъӕздыгдзинад, алы хӕзнатӕ, дӕ фыдгулты мӕлӕт ӕмӕ бирӕ цӕрӕнбон кӕй нӕ ракуырдтай, ӕрмӕстдӕр Мӕ куырыхон зонд ӕмӕ зонындзинӕдтӕ кӕй куырдтай, цӕмӕй, паддзахӕй дӕ кӕмӕн сӕвӕрдтон, Мӕ уыцы адӕмӕн уаг ӕвӕрын фӕразай,

12 уый тыххӕй дын куырыхон зонд ӕмӕ зонындзинӕдтӕ лӕвӕрд уыдзысты. Мулк, хӕзнатӕ ӕмӕ кад та дын ахӕмтӕ ратдзынӕн, ӕмӕ дӕ размӕ дӕр, стӕй дӕ фӕстӕ дӕр иу паддзахмӕ дӕр уый бӕрц никуы уыди».

13 Соломон Гивоны куывддонӕй, Фембӕлды Цатыры цурӕй, Йерусалиммӕ ӕрыздӕхт ӕмӕ Израилӕн паддзахиуӕг кӕнын райдыдта.

14 Уыдис ӕм бирӕ хӕцӕн уӕрдӕттӕ ӕмӕ бӕхтӕ. Иу мин цыппар сӕдӕ йӕм уыди хӕцӕн уӕрдӕттӕ, дыууадӕс мины та — бӕхтӕ. Дардта сӕ, хӕцӕн уӕрдӕтты ӕфтауцуатӕн кӕй сарӕзта, уыцы сахарты, сӕ иу хай та сын ныууагъта Йерусалимы.

15 Йӕ заманы ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин Йерусалимы сарӕх сты хуымӕтӕг дуртау, кедртӕ та — хохрӕбын цы сикомортӕ зайы, уыдонау.

16 Соломонӕн бӕхтӕ ластой Мысырӕй, стӕй Кувӕйӕ дӕр. Уым сӕ асламдӕрӕй ӕлхӕдтой паддзахы сӕудӕджертӕ.

17 Тохуӕрдӕттӕ дӕр ластой Мысырӕй. Иу уӕрдонӕн йӕ аргъ уыди ӕвзисты ӕхсӕзсӕдӕ шекелы, иу бӕхӕн та — сӕдӕ фӕндзай шекелы. Соломоны сӕудӕджертӕ-иу дзы уый фӕстӕ хеттаг ӕмӕ сириаг паддзӕхтӕн дӕр ауӕй кодтой.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan