1 Тимофеймӕ 6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстЦагъартӕ ӕмӕ хицӕуттӕ 1 Цагъайрады ӕфсондзы бын чи ис, уыцы цагъартӕ хъуамӕ алы ӕгъдауӕй дӕр нымайой сӕ хицӕутты, Хуыцауы номмӕ ӕмӕ нӕ ахуырадмӕ фау ӕрхӕссӕн куыд нӕ уа, афтӕ. 2 Уырнӕг хицӕуттӕ кӕмӕн ис, уыдон сӕм ницыйы цӕстӕй ма кӕсӕнт, се ’фсымӕртӕ кӕй сты, уый тыххӕй. Уый нӕ, фӕлӕ сын хъуамӕ кусой ноджы ӕнувыддӕрӕй, уымӕн ӕмӕ, кӕмӕн лӕггад кӕнынц, уыдон уырнджытӕ ӕмӕ уарзон ӕфсымӕртӕ сты. Ууыл ахуыр кӕнын ӕмӕ уыцы зондыл аразын ӕмбӕлы уырнджыты, гъе! Мӕнгахуырад 3 Ӕндӕр ахуырад чи амоны, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы раст ныхӕстыл ӕмӕ ӕцӕг уырнындзинадӕй рацӕугӕ ахуырадыл чи нӕ хӕцы, 4 уый йӕхицӕй хъал у, афтӕмӕй та ницы зоны, ӕнӕхъуаджы дзӕнгӕда ӕмӕ быцӕу ныхас кӕныны низ ыл бахӕцыд. Ахӕм быцӕутӕ расайынц хӕлӕг, хъаугъатӕ, фыдгой, гуырысхойы ӕфтауӕг хъуыдытӕ, 5 ӕнӕбанцайгӕ хъӕлӕбатӕ. Ӕмхиц сӕм чи у, уыдонӕн сӕ зонд ныззыгъуыммӕ ис, ныууагътой ӕцӕгад, сты ахӕм хъуыдыйыл хӕст, цыма уырнындзинад ӕфтиаг райсынӕн у. [Ахӕмтӕм ӕмгӕрон ма цу.] Ӕцӕг хӕзна 6 Уырнындзинад хъӕздыг кӕны, цы йӕм ис, уый фагыл чи нымайы, уыцы адӕймаджы. 7 Уымӕн ӕмӕ мах дунемӕ ницы ӕрхастам, ӕмӕ дзы нӕ бон ницы ахӕссын бауыдзӕн. 8 Фӕлӕ нын хойраг ӕмӕ дарӕс куы уа, уӕд уый фагыл хъуамӕ нымайӕм. 9 Бирӕ мулкмӕ чи бӕллы, уыдон та бахауынц къӕппӕджы, фӕлварӕнты, ӕмӕ фӕвӕййынц, бӕллӕх ӕмӕ бынсӕфтмӕ чи ӕркӕны, бирӕ ахӕм ӕнӕзонд ӕмӕ фыдбылызы мондӕгты амӕттаг. 10 Уымӕн ӕмӕ ӕппӕт фыдбылызтӕн сӕ уидаг у ӕхцамӕ бӕллын. Ӕхцамӕ бӕлгӕйӕ, иуӕй-иутӕ фӕхауӕггаг сты уырнындзинады фӕндагӕй ӕмӕ сӕхиуыл хъизӕмӕрттӕ бафтыдтой. Монон хӕст фыддзинады тыхтимӕ 11 Ды та, Хуыцауы сконд адӕймаг, дӕхи бахиз ӕппӕт уыдӕттӕй. Тырн рӕстадмӕ, Хуыцауӕн фӕндиаг цардмӕ, уырнынадмӕ, уарзтмӕ, фӕразон ӕмӕ сӕрныллӕг уӕвынмӕ. 12 Ӕнувыдӕй тох кӕн уырнындзинадыл, фидар хӕц мыггагмӕйы цардыл. Уыцы цардмӕ дӕ ӕрхуындӕуыд, ӕмӕ йӕ сӕраппонд дӕ уырнындзинады тыххӕй ӕргомӕй загътай бирӕ ӕвдисӕнты раз. 13 Алкӕмӕн дӕр цард Чи дӕтты, уыцы Хуыцауы раз, стӕй Понтий Пилатӕн ӕцӕгады тыххӕй ӕргомӕй Чи загъта, уыцы Йесо Чырыстийы раз дын фӕдзӕхсын: 14 ӕппӕт амындтытӕ ӕнувыдӕй ӕмӕ ӕнӕфауӕй ӕххӕст кӕн суанг нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы ӕрцыдмӕ. 15 Уыцы ӕрцыд уыдзӕн йӕ рӕстӕджы, тӕхудиаг ӕмӕ иунӕг Дунедарӕджы, паддзӕхты Паддзахы ӕмӕ бардарджыты Бардарӕджы фӕндонмӕ гӕсгӕ. 16 Уый у, бацӕуӕн кӕдӕм нӕй, ахӕм рухсы Чи цӕры, адӕмӕй Кӕй ничи федта ӕмӕ фенӕн Кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцау. Ӕнӕмӕлгӕ ӕрмӕст Уый у. Йӕ кад ӕмӕ Йӕ паддзахад — ӕнустӕм! Аммен. 17 Ацы царды бонджын чи у, уыдонӕн бацамон, цӕмӕй сӕхиуыл ма фервӕссой ӕмӕ ныфсджын уой, зӕрдӕ дарӕн цы мулкыл нӕй, уымӕй нӕ, фӕлӕ нын зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн алцыдӕр парахатӕй Чи дӕтты, уыцы Хуыцауӕй. 18 Уыдон аразӕнт хорз хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ уыцы хорз хъуыддӕгтӕ уӕнт сӕ хъӕздыгдзинад; уадз ӕмӕ уой рӕдау ӕмӕ зӕрдӕхӕлар; 19 ӕмбырд кӕной, фидӕнӕн ӕнӕфӕцудгӕ бындур чи у, уыцы хӕзна, цӕмӕй райсой ӕцӕг цард. 20 О Тимофей, цы дын бабар чындӕуыд, уый бахъахъхъӕн. Ӕнӕгъдау дзӕгъӕлдзырдӕй ӕмӕ ӕнӕзонд быцӕутӕй дӕхи хиз. 21 Иуӕй-иутӕ дзурынц, цыма сӕм ис уыцы «зонынад», афтӕмӕй та уырнындзинады фӕндагӕй адзӕгъӕл сты. Хуыцауы хорзӕх уӕ уӕд! Аммен. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia