1 Тимофеймӕ 5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстАдӕмы раз хӕстӕ 1 Зӕронд лӕгмӕ тызмӕгӕй ма дзур, фӕлӕ йын амон, цыма дӕ фыдӕн амоныс, афтӕ. Кӕстӕртимӕ дзур, дӕхи ’фсымӕртимӕ дзурӕгау; 2 ацӕргӕ сылгоймӕгтимӕ — цыма дӕ мадимӕ дзурыс, афтӕ; дӕхицӕй кӕстӕр сылгоймӕгтимӕ — дӕхи хотимӕ дзурӕгау, хиуылхӕцгӕ ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ. 3 Ӕххуыс кӕн, иунӕгӕй чи баззад, уыцы идӕдз сылгоймӕгтӕн. 4 Фӕлӕ кӕд идӕдзӕн ис сывӕллӕттӕ кӕнӕ цоты цот, уӕд уыдон фыццаг сахуыр уӕнт хи хӕдзары сӕ уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдисыныл ӕмӕ ныййарджытӕн сӕ хорз хорзӕй фидыныл — уый Хуыцауӕн фӕндон у. 5 Иунӕгӕй чи баззади, уыцы идӕдз ус йӕ зӕрдӕ дары ӕрмӕст Хуыцауыл, ӕхсӕвӕй-бонӕй кувы ӕмӕ куры. 6 Ирхӕфсӕнтӕ уарзаг идӕдз ус та удӕгасӕй мард у. 7 Амон сын ӕппӕт уыдӕттӕ, цӕмӕй сӕ цард уа ӕнӕфау. 8 Хионтыл, уӕлдайдӕр та йӕ бинонтыл чи нӕ тыхсы, уый ныууагъта уырнындзинад ӕмӕ ӕнӕуырнӕгӕй фыддӕр у. 9 Идӕдзты номхыгъдмӕ бахӕссӕн ис, ӕппынкъаддӕр ӕртиссӕдз азы кӕуыл цӕуы ӕмӕ иу мой кӕмӕн уыд, ахӕм сылгоймӕгты. 10 Алчидӕр сӕ хъуамӕ зындгонд уа йӕ хорз хъуыддӕгтӕй: схъомыл кодта сывӕллӕттӕ, бӕлццӕттӕн уыд фысым, сыгъдӕджытӕн ӕхсадта сӕ къӕхтӕ, ӕххуыс кодта иннӕтӕн сӕ зынты — алы хорз хъуыддагмӕ дӕр у ӕмхиц. 11 Ӕрыгон идӕдз сылгоймӕгты та номхыгъдмӕ ма хӕсс, уымӕн ӕмӕ, сӕ монцтӕ Чырыстийӕ уӕлдӕр куы сӕвӕрынц, уӕд сӕ бафӕнды моймӕ фӕцӕуын. 12 Афтӕмӕй свӕййынц азымджын, уымӕн ӕмӕ фӕсайынц, раздӕр кӕй радтой, сӕ уыцы дзырд. 13 Уыимӕ ма фӕцалх вӕййынц ӕвдӕлон цардыл ӕмӕ хӕдзари-хӕдзар зилыныл; свӕййынц канд ӕвдӕлон нӕ, фӕлӕ дзӕгъӕлдзых, сӕхи тъыссынц кӕйдӕр хъуыддӕгты, фӕдзурынц, цы не ’мбӕлы, уыдӕттӕ. 14 Уымӕ гӕсгӕ мӕн фӕнды, цӕмӕй ӕрыгон идӕдз устытӕ цӕуой моймӕ, арой сывӕллӕттӕ, уынаффӕ кӕной сӕ хӕдзӕрттӕн ӕмӕ ныхмӕлӕууӕгӕн мацы фадат дӕттой фауынӕн. 15 Уымӕн ӕмӕ иуӕй-иутӕ ныридӕгӕн адзӕгъӕл сты сайтаны фӕдыл. 16 Кӕд уырнӕг сылгоймагӕн ис хӕстӕг идӕдз устытӕ, уӕд сӕм кӕсӕд йӕхӕдӕг ӕмӕ аргъуаны ма тыхсын кӕнӕд, цӕмӕй аргъуан ӕххуыс кӕна иунӕгӕй баззайӕг идӕдз устытӕн. 17 Нывыл разамынд цы аргъуаны хистӕртӕ дӕттынц, уыдонӕн фылдӕр аргъ кӕнын хъӕуы, Хуыцауы ныхас амоныныл ӕмӕ ахуыр кӕныныл чи кусы, уӕлдайдӕр уыдонӕн. 18 Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Найгӕнӕг галӕн йӕ дзых ма бӕтт» ӕмӕ: «Алы кусӕг дӕр мызды аккаг у». 19 Аргъуаны хистӕрыл цы хъаст ӕрбацӕуа, уымӕ ма байхъус, дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны куынӕ уа, уӕд. 20 Тӕригъӕды ӕфтыд чи у, уыдонӕн уайдзӕф кӕн ӕппӕт аргъуаны раз, цӕмӕй тӕрсой иннӕтӕ дӕр. 21 Хуыцауы, Йесо Чырыстийы ӕмӕ ӕвзӕрст зӕдты раз дӕуӕн фидарӕй фӕдзӕхсын уыцы амындтытӕ ӕххӕст кӕнын; уыимӕ макӕй хъулон кӕн, алкӕмӕ дӕр кӕс иухуызон цӕстӕй. 22 Искӕуыл къух ӕрӕвӕрынмӕ ма батагъд кӕн, цӕмӕй ма схайджын уай кӕйдӕр тӕригъӕдӕй; дӕхи бахиз фӕчъизийӕ. 23 Нырӕй фӕстӕмӕ нуаз ӕрмӕст дон нӕ, фӕлӕ иу чысыл сӕн дӕр, дӕ ахсӕн кӕй риссы ӕмӕ арӕх рынчын кӕй вӕййыс, уый тыххӕй. Ахӕм сусӕгдзинад нӕй, чи нӕ раргом уа 24 Иуӕй-иутӕн сӕ тӕригъӕдтӕ тӕрхоны агъоммӕ дӕр бӕлвырд сты, иннӕтӕн та фӕстӕдӕр раргом вӕййынц. 25 Афтӕ бӕлвырд сты хорз хъуыддӕгтӕ дӕр, фӕлӕ, кӕд бӕлвырд не сты, уӕд дӕр нӕ басусӕг уыдзысты. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia